Алы адæм дæр стыр ныфсытæ февæры йæ фæсивæдæй. Уымæн æмæ цард ивы, æнусон ницы ис, алы рæстæгæн дæр ис йæхи æууæлтæ.

Хистæрты ивынц кæстæртæ… Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фыдæлты зæххыл куыд абоны онг, афтæ нырæй фæстæмæ дæр гуырдзæнис чызджытæ æмæ лæппутæ. Уый царды закъон у. Гъе, фæлæ сæйраг у уыдонæн царды хорз уавæртæ саразын, раст фæндагыл сæ бафтауын.

Ирон фæсивæд се ‘гъдау, сæ уагахастæй алы хатт дæр цæвиттойнаг уыдысты. Фынгмæ-иу цыдысты æрмæстдæр хистæртæн балæггад кæнынмæ, минасы фынджы фарсмæ бадгæ дæр нæ кодтой. Тырныдтой сæ адæмæн æрмæстдæр исты хорздзинад саразынмæ. Хæххон цæргæстау уæнгрог уыдысты алцæмæй дæр. Æфсарм æмæ сын намыс æвзæрдзинад саразыны бар нæ лæвæрдтой. Хистæртæ кæстæрты расыгæй нæ, фæлæ-иу сæ нозтджынæй дæр никуы федтой. Кæстæр-иу кæд банозтджын, уæддæр йæхи хистæрæн нæ уынын кодта, цалынмæ-иу йæ нозт ацыдис, уæдмæ. Не ‘фсарм æмæ адæймагон миниуджытæ ма хъуамæ сафæм. Уымæн æмæ кæстæртæ махмæ фæкæсынц, цæвиттон махæй фæисынц. Мах, хистæртæ, алцы дæр сбарæм алырдæм æмæ уый фæстæ саразæм, цы нæ фæнды, уый.

Ирон фæсивæд, нæ адæм, куыд царды, афтæ цæвиттойнаг уыдысты хæсты æмæ æндæр зындзинæдтыл уæлахиз кæныны хъуыддаджы дæр. Æмæ абоны фæсивæдмæ уыцы стыр патриотондзинад кæй ис, сæ туджы райгуырæн къуыммæ уарзондзинад кæй ис, ууыл махæй, æвæццæгæн,  дызæрдыг ничи кæны. Кæд сын иуæй-иутæ цыдæр хъуыддæгты сæ кад дæлæмæ кæнынц, уæддæр. Царды ис хорз æмæ æвзæр. Хорздзинадмæ бирæ къахдзæфтæ саразын хъæуы, уырдæм фæндагыл хъавгæ цæуын хъæуы æмæ уый нæ фæсивæды зондахасты кæй ис, уый дызæрдыггаг нæу. Æвзæрдзинад иуран лæугæйæ дæр саразæн ис. Арæх фехъусæн ис, кæстæры хъомыл кæнын ныййарджытæй ахуыргæнджытыл фылдæр баст у, зæгъгæ. Ныййарæг æмæ ахуыргæнæгæн хъуамæ уа иу хъуыды, арæх æмбæлой кæрæдзийыл æмæ дзурой кæстæры хуыздæр миниуджытыл, йæ хъомыл кæныны фарстатыл. Ахуыргæнинагмæ æппæрццагæй цы ис хæдзары, уый зонынц ныййарджытæ æмæ скъолайы та – ахуыргæнæг. Цухдзинæдтæ аиуварс кæныны зæрдиагæй хъуамæ бакусой ныййарæг æмæ ахуыргæнæг, цалынмæ йæ зондахасты зыгъуыммæ хъуыдытæ нæ ныффидар сты, уæдмæ. Бирæ ныййарджытæ бæрзонд хъæлæсæй хъæр кæнын райдайынц ахуыргæнæгыл, ды хæсджын дæ, ома, цæмæй мын мæ сывæллоны хъомыл кæнай, зонд ын амонай.

Мæн зæгъын фæнды æрмæстдæр уый, æмæ фæсивæдæн раст фæндаг бацамонын алы æмбаргæ адæймаг, алы ныййарæг, алы ахуыргæнæджы хæс дæр у.

ДЖИОТЫ Фатимæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.