Æнтысгæ куыстæн йæ сæйрагдæр рахæцæн у, кусджыты ‘хсæн куысты дисциплинæ куыд æвæрд вæййы, уый. Æмæ ахæм куысты фæтк та бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у Цхинвалы хуыйæн фабрикæ «БТК-4»-ы æмæ уымæ гæсгæ бонæй бонмæ сæ къухты æфты зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ. Куыстуаты разамонæджы хатæнмæ бацæуыны размæ, кæрты баййæфтон егъау уæзласæн машинæ, уырдыгæй цалдæр нæлгоймаджы цырд хастой æфтауцдонмæ хъуымацы тыхтæттæ. Уæдмæ мыл фембæлд кадрты хайады хистæр Тедеты Зоя æмæ мæ бахуыдта фабрикæйы генералон директор Коцты Хъазбег æмæ кондады хайады хистæр Громвольд Иннайы цурмæ. Уым бæстон базонгæ дæн фабрикæ æмæ йæ кусджыты архайдимæ.

Абоны онг фабрикæйы æдæппæт фæллой кæны 500 адæймагæй фылдæр, уырдæм хауынц куыд хуыйджытæ, афтæ организацийы иннæ персонал дæр. Æрмæст сæм дарæс бахуыйыны хæстæ чи æххæст кæны, ахæм кусджытæ, нормæмæ гæсгæ хъуамæ уой 410 адæймаджы æмæ уый æххæст у. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ сæм æд куырдиатимæ чи æрбацæуы, уыдон райсынц ахуыргæнинæгтæй, фидгæ та сын фыццаг мæй кæнынц 10 мин сомы, стæй цы бакусой, уый дæр. Фабрикæйы куысты уавæртæй нæй рахъастгæнæн, кусы дзы хæрæндон æмæ дзы алы адæймаг дæр басихор кæны лæвар. Уымæй дарддæр ма сæм ис 4 маршрутон автобусы, уыдон сæ райсом куыстмæ æрбаласынц куыд горæтæй, афтæ ма хъæутæй дæр, фæскуыст та сæ фæхæццæ кæнынц сæ хæдзæрттæм. Фæлæ нæм ис ахæм кусджытæ,- зæгъы Коцы фырт,- кæцытæ сæхи фæндонмæ гæсгæ æрбацæуынц бынтон раджы, фæскуыст дæр æрлæууынц æмæ фæкусынц изæрдалынгтæм. Уымæ гæсгæ уыдонæн сæ куыстмызд дæр вæййы фылдæр. Кусджытæ райгонд сты сæ мыздæй, астæуккаг нымадæй райсынц 30 мин сомы онг, фылдæр рæстæг чи бакусы, уыдонæн та схизы 40-50 мин сомы онг, ома куыд бакусой, афтæ рауайы сæ æфтиаг дæр. Ис нæм 7 бригадæйы æмæ алы бригадæйы та ис 50-60 кусæджы, фæлæ иууыл фылдæр та ис, 80 кусæджы кæм фæллой кæны, уыцы бригадæйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыд, абон нæм чи фæллой кæны, уыдон бацæттæ кæнын, фæлæ уый коллективæн бафтыд йæ къухты, систы бæрзондквалификациджын кусджытæ æмæ уымæй бузныг стæм нæхицæй. Ацы хъуыддагмæ йæ уæзгæ хайбавæрд бахаста кадрты хайады хистæр Тедеты Зоя æмæ йын зæгъæм бузныг.

Куыстуат раззагдæрты рæнхъы кæй слæууыд, иу æнтыст иннæйы фæдыл йæ къухты кæй æфты, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ сæм Уæрæсейæ бæрæггæнæг чи æрцæуы, уыдон тынг райгондæй кæй баззайынц коллективы æнтыстæй. Зæгъæм, æрæджы дæр та сæм Питерæй уыд йæ хъуыддаджы дæсны. Уый базонгæ кусджыты архайдимæ, федта сын сæ размæцыд æмæ сæ баззад иттæг райгондæй. Æхсызгон у, фабрикæйы сылгоймæгты æмрæнхъ кæй фæллой кæнынц нæлгоймаг хуыйджытæ дæр. Уыдон райдианы цъус уыдысты, фæлæ ныр та сæ нымæц схæццæ 50 онг. Раст у, ардæм æрбацæугæйæ, нæ зыдтой хуыйæджы сусæгдзинæдтæ, фæлæ сæ нæ фæтыхсын кодтам, сæ фæлтæрддзинад сын амыдтой фæлтæрд кусджытæ æмæ ныр кусынц æдæрсгæйæ, æххæст кæнынц алыгъуызон операцитæ æмæ сæ куыстмæ та нæй фау æрхæссæн. Уыдон дæр разы сты сæ куыстмыздтæй. Мæ программæйы ис, – дарддæр дзуры Коцы фырт, – цæмæй æрбахонон, сахъатджын адæймæгтæй махмæ кусын кæй фæнды, уыдоны. Дарддæр дæр, куыстуаты разамынд цæттæ у уыдон куыстæй сифтонг кæнынмæ. Кæд райдианы фабрикæмæ кусынмæ цыдысты хистæр кары адæм, уæд ныр афтæ нал у, фылдæр нæм æд куырдиæттимæ æрбацæуынц кæстæр кары адæм. Уый йедтæмæ офисон кусджытæ дæр сты, 30 азы онг кæуыл цæуы, ахæм æвзонг чызджытæ.

Коцы фырты ныхæстæм гæсгæ, разамынд дарддæр дæр кусдзæн, цæмæй хъомыл кæной æвзонг кадртæ, уымæн æмæ уыдон сты нæ сомбон, хистæр кары кусджыты чи раива, ахæмтæ æмæ сæм здахдзысты фылдæр хъусдард. Цæмæй тæвды ма тыхсой, уой æдыхст, уый тыххæй цехтæ сты райдзаст, кусынц дзы вентиляци æмæ кондиционертæ. Бæгъиаты заводæй кусджытæн ласынц суары дон æмæ дзы пайда кæнынц тæвд бонты. Кусджытæ алы мæй дæр  иууылдæр райсынц премитæ 100 проценты онг, æмæ раззагон кусджытæ та ноджы фылдæр. Куыстмызды æмвæзад сæм у тынг хорз. Бæрнон адæй-мæгтæн куы фæзæгъын уый тыххæй, уæд тынг фæдис кæнынц, уымæн æмæ ахæм мыздтæ Уæрæсейы дæр нæй.

Фабрикæ куы байгом, ууыл 1 августы æххæст кæны цыппар азы æмæ йæ алы хатт дæр банысан кæнынц цытджын æгъдауæй. Зæгъæм, ивгъуыд аз фабрикæйы байгомыл æртæ азы сæххæст, уыцы нымæц махмæ, ирæттæм у символикон. Уæд кусджытæй 104 адæймагæн радтой премитæ, уый та нысан кæны æппæт кусджыты иу фæндзæм хай. Уæд сын преми бафыстой æрдæг милуан сомы. Афтæ ма сын сæ зæрдæтæ барухс кæнынц Ног азы æрбалæуды дæр æмæ Сылгоймæгты Дунеон бон – 8-æм марты бæрæгбоны. Цæвиттон, 2014 азы сылгоймæгтæн иууылдæр премитæ радтой фæйнæ 500 сомы.

Куыстуаты æнæкъуылымпы куыст бирæбæрцæй баст у хуыйæн машинæты дырыс куыстыл. Цæмæй уыдон бахъуыды рæстæджы куыстæввонг уой, ууыл та зæрдиагæй бацархайынц механиктæ. Сæйраг механик, йæ фондз æнгуылдзау, базыдта йæ дæсныйад, уый у тынг арæхстджын къухты хицау, рæхсы цыфæнды куыстмæ дæр. Фæлæ уæддæр ахæм егъау коллективыл нæ аххæссыдаид, æмæ уымæ гæсгæ йæ дæсныйадыл сахуыр кодта 5 æвзонг нæлгоймаджы.

– Нæ дарддæры хæсты тыххæй уый зæгъинаг дæн, æмæ мæ фæнды, цæмæй ноджы фæфылдæр уа куысты гуырахст, кусджыты нымæц, – зæгъы Коцты Хъазбег. Уыцы фарстмæ кæсæм республикæйы разамынды æмвæзадыл. Уый тыххæй ныхас уыд раздæры Президент Тыбылты Леонид æмæ ныры Президент Бибылты Анатолиимæ дæр. Радзырдтон ын, нæхирдыгæй фарс мах цæттæ кæй стæм, республикæйы цыфæнды бынаты дæр куыстуат бакæнын, цыран сæ куыст æххæст кæниккой нырма уал 50 адæймаджы.

Рахызтæн фабрикæйы дыккаг уæладзыгæй кæртмæ. Куыд агъуысты мидæг, афтæ æддейæ дæр у сабыр, нæ дзы хъуысы уæлдай хъæлæба. Фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ дзы куыст не ‘хсиды. Алчи дæр , разамонæгæй райдайгæйæ рæнхъон кусæджы онг кусынц, архайынц, сæ разы цы ахсджиаг хæстæ ис, уыдон æххæст кæныныл. Уый фæстиуæгæн фабрикæ ис раззагдæрты рæнхъы æмæ дзы мах дæр буц æмæ сæрыстыр уымæн стæм.

Хуыбиаты Н.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.