Уæрæсе абон ис уæззау уавæры. Ирыстон дæр хуыздæр  уавæры нæй, уымæн æмæ нæ абон, нæ сомбон  махæн дæр  Уæрæсеимæ баст у æмæ нæ  бон цы у, нæ уавæртæ куыд сты, уымæ гæсгæ сæм мах дæр не ‘ххуысы  къух кæм бахъæуы, уым  фæдаргъ кæнæм.

Фæлæ абон Ирыстонмæ æнхъæлмæ кæсы ахсджиаг политикон цау – цалдæр боны фæстæ  нæм уагъд æрцæудзысты  президентон æвзæрстытæ. Уый тыххæй нæ адæм  хъуамæ абон иумæ æрбаиу уой, размæ кæсой æрвонг зондæй, цæмæй нæ абонæй нæ сом уа хуыздæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд ацæуой ацы æвзæрстытæ, уый махæн нæхицæй кæнгæ у, ацы фарста йæхæдæг йæхи нæ алыг кæндзæн. Хъæлæс радтын хъæуы, цы кандидаттæ раразмæгонд æрцыдысты, уыдонæй аккагдæрæн, йæ адæймагон миниуджытæ йын хынцгæйæ. Хъуамæ йыл æууæндой адæм, рох дзы ма уой бæрзонд  профессионалон зонындзинæдтимæ, лæгдзинадимæ, æууæнкдзинадимæ Ирыстонæн разамынд кæныны, демократон принциптæ. Уымæн у ахсджиаг фарста, чи хъуамæ слæууа Ирыстоны, йæ адæмы сæргъ, уый. Нæ фидæны Президент цахæм хъуамæ уа, уый тыххæй алы адæймагæн дæр йæхи цæстæнгас ис, фæлæ ам хынцын хъæуы, адæмы раз йæ лæггæдтæ цас сты, йæхи цæмæй равдыста, уыдæттæ. Ӕвзæрстыты рæстæг нæм куы ‘рлæууы, уæд бирæты æрфæнды Президенты къæлæтджыныл æрбадын, æмæ сæ алчи дæр фæзæгъы, знаггад нын чи хæссы, уыцы схъæл ныхас: “Æмæ ды та мæнæй, гъе та уæртæ уымæй цæмæй хуыздæр дæ?”. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу, фынджы фарсмæ кувæг куынæ æвзарæм, мыййаг. Ӕмæ фынджы сæр  дæр лæгау-лæджы æрбадын кæнынц, æгъдау дæттын хъæуы уым дæр.

Афтæ нæ зæгъын, æмæ нæм нæй зондджын, æгъдауджын, ныфсхаст лæппутæ, фæлæ, хъыгагæн, Президенты къæлæтджын иу йедтæмæ нæу. Фидаугæ дзы алчи  не скæндзæн, кæй зæгъын æй, хъæуы.  Сфидаудзæн дзы, уæлдæр загъд æмæ æндæр хорз миниуджытæй æххæст чи уа, ахæм. Уыимæ ма нырма ахæм нæ райгуырд, ирон адæмæн се ‘ппæтæн адджын чи уа, се ‘ппæтæн уарзон чи уа, се ‘ппæт домæнтæ сын чи сæххæст кæна.

Ныртæккæ нæм Президенты бынатмæ ис фондз кандидаты, иумæ дæр сæ ницы фау æрхæссæн ис. Иууылдæр кусынц мæнмæ гæсгæ Ирыстоны хæрзæбонæн, фæлæ симды куы бацæуай, уæд хъуамæ симын зонай. Цалдæр боны фæстæ нæм уыдзæн, Ирыстоны цы хъысмæтскъуыддзаггæнæн рæстæг æрбалæудзæн, уый, фæлæ сæ алкæмæн йæ бон суыдзæн ахæм стыр уаргъ сæ уæхсчытыл сæвæ-рын æмæ йæ фондз азы дæргъы ирон адæмы хæрзæбонæн фæхæссын ?

Ирыстоны ныртæккæйы Президент Бибылты Анатоли уыцы стыр уаргъ фондз азы дæргъы хæссы адæмы хæрзæбонæн, йæ бон куыд у, афтæ архайы, кусы, лæггад кæны.  Хистæр кары сылгоймаг Хъуылымбегты Валяйы ныхæстæ уын хæссын уæ размæ:

– Нæ паддзахады сæргълæуджытæй Бибылты Анатолийæ фылдæр ничи бакуыста адæмы хæрзæбонæн. Ӕрмæст-иу нæ æрымысыдысты æвзæрстыты рæстæджы. Горæты, хъæутыл зилгæйæ-иу нын цы ныфсытæ æвæрдтой, уыдон-иу уый фæстæ уалдзыгон митау атадысты.

Бибылты Анатоли ма Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады сæргълæууæ-гæй куы куыста, уæддæр хъуыстон, æххуысагур æм кæй цыдысты æмæ йæ бон цас уыд, уымæй-иу сæ фарсмæ кæй балæууыд. Нæ республикæйы сæргъ куы ‘рлæууыд, уæдæй нырмæ та нæ адæмы царды уавæртæ бирæ фæхуыздæр сты. Йе ‘рлæудæй абоны онг архайы, кусы, фыдæбон кæны. Мызд æмæ пенситæ фæфылдæр сты. Ӕвæгæсæг адæмæн æххуыс кæны, цæуынхъом, уæнгтæй сахъат чи у,  уыдонæн алы уавæртæ аразы. Уæдæ фæндæгты уавæр дæр бирæ фæхуыздæр. Горæты фæсвæд уынгтæ, афтæ ма хъæуты ‘рдæм фæндæгтæ дæр  цалцæг цæуынц. Адæймаджы царды сæйраг дон у æмæ донхъуаг дæр нал стæм. Ацы фарст æнтысгæйæ скъуыддзаг цæуы хъæуты дæр. Ирыстон рæзы, рæзы дзы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ дæр æмæ бирæтæ се ‘взонг цард аразын райдайынц  рæсугъд, райдзаст фатерты. Уæдæ хур дæр алкæуыл не  ̀ххæссы, алкæй нæ батавы. Нырма проблемæтæ дæр бирæ ис æмæ куыд фæзæгъынц, Мæскуы иу бон нæ сырæзт. Ирыстонæн хорзæй цы сарæзта, уыдоныл бирæ дзурæн ис, фæлæ уал цыбыртæй афтæ сты мæ хъуыдытæ нæ Президент Бибылты Анатолийы тыххæй. Хуыцау ын ахæм арфæ ракæнæт, æмæ дарддæр дæр фæрнæй цы куса, цы архайа æмæ зæрдæбынæй цы лæггад кæна  йæ адæмæн.

Алчи дæр æй тынг хорз зоны æмæ æмбары ныртæккæйы уæззау уавæр. Ирыстонæн йæ политикон, йæ экономикон уавæр æнгом баст кæй сты Уæрæсеимæ. Президент куы равзарæм, уæддæр нæ дарддæры цард æнгом баст уыдзæн Уæрæсеимæ. Уымæ гæсгæ равзарын хъæуы  зондджын, стыр адæймагдзинад кæмæ уа, йæ къухтæ, йæ зæрдæ сыгъдæг кæмæн уой, Ирыстоны номæй йæ хъуыдытæ рæгъмæ рахæссынхъом чи уа, æмæ, фыццаджыдæр, йæ адæмы хъысмæтыл чи хъуыды кæна, ахæмы. Уымæн æмæ нæ абоны уæззау политикон уавæры  нæ цæрын хъæуы. Уый ууыл дзурæг у, æмæ  бæстæйы сæргълæууæг чи суа, уый хъуамæ архайа, алы фадæттæ дæр агура, цæмæй йæ Ирыстоны цæрæг адæмы царды æмвæзад бонæй-бонмæ хуыздæрæй хуыздæр кæна.

ÆЛБОРТЫ Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.