Алы адæмы царды дæр вæййы ахæм тæлмытæ, ахæм заман, адæм се ‘хсæнæй сæхæдæг куы раразмæ кæнынц, йæ фыдæлтæн аккаг гоймаг чи у, адæймаджы æппæт æвæрццаг миниуджытæй æххæст чи вæййы, ахæм номдзыды.

Æз ныртæккæ зæгъын стыр курдиаты хицау Хетæгкаты Къостайы тыххæй. Уымæн йæ миддунейы æрбынат кодтой Æндидзæн дуджы адæмы хуыздæр миниуджытæ. Къоста уыд ирон адæмы Леонардо да Винчи. Цавæр æгæрон уарзтæй хъуамæ уарзай дæ адæмы, цæмæй зæронд Ирыстоны уавæрты басгуыхай æмæ уай поэт, прозаик, драматург, театры архайæг, нывгæнæг, публицист æмæ æхсæнадон архайæг дæр!

Хетæгкаты Къоста йæ дзыллæйæн æцæг фырт уыд, уый æргом кодта йæ адæмы хъуыды æмæ сагъæс, йе сфæлдыстад æппæтæй дæр уыд национ. Фæлæ куыд фыссæг, куыд поэт, уый, куыд æй уынæм, афтæмæй нæ сырæзтаид, ивгъуыд æмæ йын æнусы дыккаг хайы революцийы демократиимæ, Уæрæсейы адæмы хуыздæртимæ идейон æмæ сфæлдыстадон бастдзинад куынæ уыдаид, уæд…

Мах, уырыссаг фысджытæ, сæрыстыр стæм, Къоста кæй рæзт Чернышевский, Добролюбов æмæ Некрасовы идейæтæм гæсгæ… Махæн зынаргъ канд Къостайы ном нæу, фæлæ хорз хъуыды кæнæм æмæ мысæм культурæ, литературæ æмæ аивады фадыджы кусджыты. Уыдонæн сæ лæггад Райгуырæн бæстæйæн се ‘ппæтæн дæр у æгæрон. Кæд сæ исчи рæдыд, уæддæр нын се сфæлдыстад зынаргъ у. Зæгъдзынæн зынгæ ирон драматург Брытъиаты Елбыздыхъойы тыххæй. Мах хъуамæ хъахъхъæнæм æмæ æмбæлон аргъ кæнæм, ныртæккæ удæгас чи у, уыдонæн дæр, уымæн æмæ уыцы фысджытæ сты æвдисæнтæ ирон литературæйы ивгъуыд рæстæгæн. Уыдон баиумæ кодтой ивгъуыд рæстæг нырыккон афонимæ, се сфæлдыстадон куыст райдыдтой зæронд дуджы æмæ ныртæккæ нымад сты æцæг адæмон фысджытыл, æз зæгъын Коцойты Арсен, Нигер æмæ бирæ æндæртæй…

Нырыккон ирон литературæйæн стыр æнтыстытæ ис поэзийы, ныфсджынæй хизы размæ драматургийы æмæ прозæйы хъуыддаг. Ракæндзынæн Цæгат Ирыстоны фысджытæ Плиты Грис, Епхиты Тæтæри, Боциты Барон, Мамсыраты Темырболаты кой, Хуссар Ирæй – Плиты Харитон, Саулохты Мухтар, Хъæцмæзты Илья æмæ æндæрты кой. Мах ныртæккæ цы литературæ аразæм, уый у æппæтварсонæй дæр национ: нацийæн йе ‘взаг æмæ литературæйы та ирдæй æвдыст цæуы адæмы национ уаг. Уымæн сты адæмæн зынаргъ сæ национ бæрæгбонтæ, лæмбынæг сæм сæ хъус уымæн дары алы дзыллæ дæр. Уый тыххæй алы ирон колхозон, алы кусæг дæр афтæ арф, афтæ хъазуатонæй æмæ зæрдиагæй иста хайад Къостайы бæрæгбоны. Афтæхуыйнæг «чысылнымæц» ирон адæмы поэт Къостайы ном æвæрд æрцæудзæн æппæт дунейы бæрзонддæр нæмтты æмрæнхъ. Ирон адæм хъуамæ сæрбæрзонд уой, уымæн сæ бирæхуызон культурæйы хæзнадоны хъаздзысты, Къоста цы нывтæ снывæзта царды, уыдонæн сæ хуызджын ахорæнтæ æмæ хуызтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.