2016 азы Цхинвалы мыхуыры рацыд, чиныг иттӕг ахадгӕ номимӕ «Сослан Цӕразон. Алгъуызы кадӕг». Ацы чиныджы саразӕг у зынгӕ ирон фыссӕг ӕмӕ литературӕзонӕг Хъазиты Мелитон, Ирыстоны Фысджыты Цӕдисы ӕмсӕрдар. Чиныджы мыхуыры рацӕуыны зонӕнты фыст ис, Алгъуызы кадӕг цӕуы Бестауты Гиуӕргийы тӕлмацгондӕй «Алгъуызы кадӕг, Ирыстон, 1962 аз, Цхинвал». Бӕлвырд куыд у, афтӕмӕй ирон литературӕйы фылдӕр хӕст уыдысты ахӕм хъуыдыйыл, ома гуырдзиаг ӕвзагыл фыст «Алгъузиани», зӕгъгӕ, уыцы сӕргондимӕ ирон Алгъуызы кадӕджы автор у зынгӕ ирон рухстауӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Ӕгъуызаты Иуане. Уый райгуырди Хуссар Ирыстоны Леуахигомы Залдайы хъӕуы Гӕбӕраты сыхы.

Ӕмӕ ам ӕнӕмӕнгӕй ӕвзӕры фарст, цавӕр рӕстаг зонӕтӕм гӕсгӕ рафӕлгъуыдта, цы чиныджы кой кӕнӕм, уый саразӕг, ныр та уацмысы авторыл Сослан Цӕразоны нымайгӕйӕ? Хъазиты Мелитон мын йӕ чиныг, куы балӕвар кодта, ӕцӕг, куыд вӕййы, афтӕ йыл зӕрдылдарӕн фыст нӕ уыд, афтӕмӕй, уӕд ӕз цымыдисимӕ базонгӕ дӕн уыимӕ, ӕмӕ ногӕй афӕлгӕсыдтӕн поэмӕ «Алгъузиани»-йыл ирон ӕвзагмӕ Бестауты Геиуӕргийы тӕлмацӕй. Поэмӕйы оригиналы бӕлвырд бынӕттӕ йӕ ирон тӕлмацимӕ кӕрӕдзийыл хуымӕтӕджы абарсты фӕстӕ цӕстуынгӕйӕ фӕбӕрӕг, «Алгъузиани» Сослан Цӕразоны фыст у, уый фӕдыл чиныг саразӕджы хатдзӕгӕн йӕ бындур амад кӕй у гуымиры фактологион рӕдыдыл. Ацы рӕдыд уый мидӕг ис, ӕмӕ 1897 азы М. Джанашвили кӕй рауагъта, поэмӕйы уыцы оригинал ӕмӕ йӕ уырыссаг тӕлмацы – иуӕрдыгӕй, ӕмӕ Бестауты Гиуӕргийы ирон тӕлмац иннӕ рдыгӕй – лӕууынц кӕрдзи ныхмӕ. Поэмӕйы оригиналы ацы фразӕйы дзырдӕуы: «Уый ныффыста йӕ фыццаггуырд фырт (Бӕгъатыры), Сослан та фӕсайдта (ацдуна) иннӕ таурӕгъгӕнджыты (мткменели)», Джанашвилимӕ – «таурӕгъгӕнджытӕ». Чиныгаразӕг цӕуыл ӕнцой кӕны, Бестауты Гиуӕргийы уыцы ирон тӕлмацы ацы фразӕ у бынтон ӕндӕргъуызон: «Афтӕ сӕ Сослан фӕфыста – сахъБӕгъатыры бындар». Цы фразӕйы кой кӕнӕм, уый гуырдзийаг оригиналӕн цӕхгӕр йӕ ныхмӕ кӕй лӕууы, уый бамбарынӕн гуырдзиаг ӕвзаджы стыр дӕсны уӕвын нӕ хъӕуы. Номхуындӕй дзургӕйӕ та, ацы тӕлмацӕн мӕнг халдихӕй дарддӕр ницы схонӕн ис, кӕд ацы хъуыддаг зонгӕ-зонын арӕзт ӕрцыд, ӕви исты ӕнахуыр ӕнӕзонындзинады аххосӕй, уӕддӕр.

Хъӕуы банысан кӕнын уый дӕр, ӕмӕ Бестауты Гиуӕрги йӕ тӕлмацы фӕсныхасы фыссы, зӕгъгӕ, бӕрӕг нӕу, Алгъуызы кадӕджы автор чи у, уый.

Ӕгъуызаты Иуане кӕй у йӕ автор, ууыл йе ‘нӕразыдзинад ӕвдисгӕйӕ, уый фидарӕй зӕгъы, раиртасджыты иннӕ хай (номгай сӕ кӕд нӕ амоны, уӕддӕр) хъуыды у афтӕ, зӕгъгӕ, уый хъуамӕ уыдадид, йӕ ном Сослан кӕмӕн хуындаид, Ӕгъуызаты Иуанейы размӕ цӕрӕг ахӕм ирон адӕймаг. Уыимӕ иумӕ ацы ном хӕссӕджы Бестауты Гиуӕрги Сослан Цӕразонимӕ нӕ бӕтты. Уый тыххӕй ӕвдисӕн у, «Алгузиани»-йы стиль характерон кӕйу XVIII-XIX, нӕ, фӕлӕ XIV-XVIӕнусты гуырдзиаг ӕвзагӕн. Уымӕ гӕсгӕ «Алгъузиани»-йы автор Сослан Цӕразон кӕй у, уый поэмӕйы ирон ӕвзагмӕ ратӕлмацгӕнӕджы хъуыды нӕу, фӕлӕ Хъазиты Мелитонӕн йӕхи сӕрмагонд хъуыды, ӕмӕ цӕмӕндӕр уый тыххӕй ницы зӕгъы.

Афтӕмӕй Хъазиты Мелитон канд рӕдыд тӕлмацыл нӕ баууӕндыд, мӕнг халдихы аргъ кӕмӕн ис, ууыл, фӕлӕ ма ноджы ацыд дарддӕр, бынтондӕр зӕрдаивӕй поэмӕйы автор Сослан Цӕразоны рахонгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ йын ӕз нӕ иинӕ фембӕлды рӕстæджы ме ‘мбарындзинӕдтӕ раргом кодтон ирон ӕзагмӕ поэмӕйы бӕлвырд бынаты рӕдыд тӕлмацы ӕмӕ йӕ авторы тыххӕй. Иставӕр бӕлвырд дзуапп нӕ райстон ӕз мӕ фиппаинæгты фӕдыл, ӕмӕ уӕд ӕз бацымыдис кодтон, зӕгъын, поэмӕйы оригиналӕй йӕм иу скъуыддзаг уӕддӕр нӕй, ома, поэмӕйы авторы тыххӕй фразӕ тӕлмацгӕнгӕйӕ Бестауты Гиуӕрги кӕмӕй пайда кодта, уымӕй. Ахӕм скъуыддзаг ӕцӕгӕйдӕр разынди, ӕмӕ мӕ бӕрны лӕвӕрд ӕрцыд.

Ирон ӕвзагыл оргигиналы ӕмӕ йӕ тӕлмацы ацы скъуыддзаг ахста дыууӕ фарсы. Гуырдзиаг тексты фыст ис: «Эс стцера пирмшо, мис дземан, Сослан адцунда схва мткмелни». Тӕлмацӕй: «Уый ныффыста йӕ фыццаггуырд (Бӕгъатыр), Сослан та фӕсайдта иннӕ кадӕгггӕнджыты». Ацы фразӕйы ирон тӕлмац: «Афтӕ сӕ Сослан фӕфыста-сахъ Бӕгъатыры бындар». Уырыссагау: «Так написал это Сослан – потомокславного Багъатара». Гуырдзиаг ӕмӕуырыссаг ӕвзӕгтыстыр дӕсны уӕвын дзы нӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕнцонтӕй бамбарай, цы фразӕйы кой кӕнӕм, уый 1962 азы рауагъды ирон тӕлмацимӕ ӕмхуызон кӕйу. Ууыл дзырдтам уӕлдӕр. Се ‘хсӕн ис уыцы хицӕндзинад, ӕмӕ гуырдзийаг фото – халдихы дзырд «вервповет»ы бӕсты (мах не ссардтам) поэмӕйы оригиналы фыст ис дзырд «павокет», кӕд ын дзырд схонӕн ис, уӕд, уымӕн ӕмӕ уый мурдӕр ницы нысан кӕны. Ацы казусы агурӕнтӕ мӕ ӕркодтой Ш. Курдадзейы куыстмӕ (йӕ рӕстӕджы уыд нӕ пединституты гуырдзиаг ӕвзагæмӕ литератуӕйы кафедрӕйы гӕс). 1988 азы уый Цхинвалы рауагъта ӕмбырдгонд «Иуане Иалгъузидзе («Ӕмдзӕвгӕтӕ, поэма Алгъузиани ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ»). Ацы ӕмбырдгондмӕ чи бацыд, поэмӕйы уыцы текст у 1885 азы Н.Гамрекъелийы рауагъд поэмӕйы халдих. Растдӕруыцы рауагъды ӕмбӕлыуыцы фыдбоны «павокет», уӕвгӕ та дзы хъуамӕ уыдаид «вервповет».

Ахӕм амалӕй, ацы факт нал дӕтты дызӕрдыджы фадат, Бестауты Гиуӕрги поэмӕ ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгӕнгӕйӕ кӕй пайда кодта ацы рауагъдӕй. Хӕдӕгай, йӕхӕдӕг Н. Гамрекъели банысан кодта, зӕгъгӕ, поэмӕ оригиналӕй кӕй нӕ цӕуы мыхуыргонд, уый тыххӕй дзы уӕвӕн ис «зыгъуыммӕгонд дзырдтӕн» (101 ф.). Ахӕм дзырдты нымӕцы ис, ӕнӕмæнгӕй, уӕлдӕр цы зыгъуыммӕгонд дзырды кой кодтам, уый дӕр. Фӕлӕ поэмӕйы рагон хайы автор чи у, уыимӕ баст ахсджиагдӕр фразӕйы кой куы кӕнӕм, уӕд уый дыууӕ ран дӕр ӕмхуызон у. Н. Гамрекъелимӕ: «Уый ныффыста йӕ фыццаггуырд фырт. Сослан та фӕсайдта иннӕ кадӕггӕнджыты». М. Джанашвилимӕ: «Уый ныффыста йӕ фыццаггуырд фырт, Сослан та фӕсайдта иннӕ кадӕггӕнджыты». Ацы фразӕты кӕрӕдзийыл абаргӕйӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй уыдон хицӕн кӕнынц ӕрмӕст тӕпп, кӕнӕ къӕдзыгӕй, ӕмӕ уымӕн та ницы цӕхгӕр нысаниуӕг ис. Афтӕмӕй, Бестауты Гиуӕрги, йӕ ирон тӕлмацы оригиналы автор чи у,фразӕйы хъуыды кӕй фӕивта ӕмӕ йын бынтондӕр ӕндӕр мидис кӕй радта, уый ницы гъуызы у баст ӕмӕ йӕ ратӕдзӕн, дыууӕ рауагъды дӕр цы фразӕйы кой кӕнӕм, уымӕй нӕу. Ӕмӕ уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕвзӕры фарст – сӕйраг тексты хъуыды афтӕ цӕхгӕр фӕивынӕн цы уыд йӕ аххосаг, кӕд ӕмӕ, мах ӕй куыд зонӕм, афтӕмӕй автор тынг хорз зыдта гуырдзиаг ӕвзаг дӕр, уӕд? Барӕй афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды иуварс аппаргӕйӕ – уымӕн ӕмӕ уый рӕстдзинадӕй дард у – хъӕуы, ӕвӕццӕгӕн, бынтон зӕххон аххосӕгтыл ӕрӕнцайын. Ӕмӕ ахӕм аххосаг, цыма, разынди.

Уӕлдӕр банысангонд куыд ӕрцыд, афтӕмӕй, поэмӕ «Алгъузиани» ирон ӕвзагмӕ ивгӕйӕ, Бестауты Гиуӕрги пайда кодта Н.Гамрекъели 1885 азы кӕй рауагъта, уыцы оригиналӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый,Н.Гамрекъелийы фыст ацы рауагъдӕн йӕ бацӕуӕн ӕнӕ бакӕсгӕ нӕ фӕуыдаид. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, раст ацы бацӕуӕны, цы рӕдыд тӕлмац ӕвзарӕм, уый фӕдыл иучысыл ӕмбарынгӕнинӕгтӕ уӕддӕр ис. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ гуырдзиаг поэтикон литературӕйы поэмӕ «Алгъуызиани» – йӕн стыр аргъ гӕнгӕйӕ, ма уый, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, рухсмӕ хӕссы, ӕргом чинӕ у, Ирыстоны паддзахады уыцы истори. Уымӕ гӕсгӕ, Н. Гамрекъели загъта ахӕм хъуыды, ома поэмӕ «ус – паддзах Тамарӕйы дыккаг лӕг Сослан Дауытӕн йӕхи фыст у, ныффыста йӕ успаддзахы разыдзинады дзуапп ӕй райсыны сӕр куы бахъуыди, уӕд: ацы поэмӕйы фӕрцы уый равдыста уымӕн йӕ уырнынад, йӕ равзӕрд ӕмӕ йӕ ахуырдзинад».

Поэмӕйы фыццаг рауадзӕг ӕнӕ уынгӕ нӕ уыдаид, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «Алгъузиани»-йы автор чи у, уый тыххӕй йӕ хатдзӕгтӕ фидаргонд кӕй нӕ цӕуынц поэмӕйӕн йӕхи зонӕнтӕй, фӕлӕ ма ноджы сты йӕ ныхмӕвӕрд дӕр. Ӕндӕр зонӕнтӕ та йӕм нӕ уыд, ӕмӕ сын уӕвӕн дӕр нӕ уыд, ӕмæ уый та нысан кӕны, йӕ хатдзӕгтӕ ӕнӕбындур кӕй сты. Фӕлӕ уӕддӕр, растдӕр «Алгъузиани»-йы авторы тыххӕй Гамрекъелиийы хъуыды, сси йӕ бындур, Бестауты Гиуӕрги авторы Сослан кӕй рахуыдта, уымӕн.Уый дӕр номхӕссӕн Бӕгъатыры цӕуӕтӕй, ӕрмӕст Сослан Цӕразон нӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ай ӕбӕлвырд хъуыды у, фӕлӕ цы фразӕ ӕвзарӕм, уый афтӕ хурӕнбӕрӕгӕй сзыгъуыммӕ кӕнынӕн уымӕй бӕлвырддӕр аххосӕгтӕ уӕвгӕ дӕр нӕй.

Ацы фарсты фӕдыл уӕлдӕр цы загъдӕуыд, уыдон сты Бестауты Гиуӕрги поэмӕйы ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кӕнынӕн растдӕр Н.Гамрекъелийы фыццаг рауагъд текстӕй кӕй спайда кодта, уый фӕстиуджытӕ, ӕмӕ уый та разынди Ш.Курдадзейӕн цы ӕмбырдгонды кой кодтам, уый мидӕг. Ӕмӕ ацы ран ӕнӕ бафиппайгӕ нӕй иу бӕлвырд хъуыддагӕн. Ацы ӕмбырдгондмӕ ӕгасæйдӕр бацыд, поэмӕйы 1962-ӕм азы Бестауты Гиуӕргийы ирон тӕлмац дӕр, ӕмӕ уый сӕрмагондӕй нысангонд ӕрцыд йӕ саразӕджы ‘рдыгӕй. Растдӕр ацы рауагъдмӕ бахауд уыцы ӕнӕхайыры фразӕ: «Афтӕ сӕ Сосланфӕфыста…». Н.Гамрекъелийы рауагъд гуырдзиаг оригиналы та, уый фӕстӕ М.Джанашвилийы рауагъды куыд уыд, афтӕ уыцыиу фразӕ, уӕлдӕр куыд банысан кодтам, афтӕмӕй, фыст у бынтон ӕндӕръуызон: «Уый фыста йӕ фыццаггуырд фырт (Бӕгъатыры). Сослан та фӕсайдта иннӕ кадӕггӕнджыты» (103-ӕм ф.).

Рецензенттӕ (Г.Д.Тогошвили, Цыбырты Л.А.), ӕмӕ ӕмбырдгонды редактор (Цхуырбаты М.Б.), уыдон се ‘ппӕтдӕр, чи къаддӕр, чи та фылдӕр, хорз зыдтой дыууӕ ӕвзаг дӕр, фӕлӕ уӕддӕр, уыдон цӕмӕндӕр сӕ хъус не рдардтой, цалдӕр историон миф ӕмӕмӕнг халдихӕн фадат чи радта, уыцы хурӕнбӕрӕг ныхмӕдзыдмӕ. Уыдонӕй иу у, дзырд дӕр ыл нӕй, «Алгъузиани»-йы авторыл Сосланы Дауыт кӕй банымадта, Г амрекелийы уыцы хъуыды. Дыккаг ахӕм миф та у Бестауты Гиуӕрги ацы фразӕ ӕвзаргӕйӕ рӕдыдӕй кӕй ратӕлмац кодта, уый. Кӕд уый ӕцӕг «рӕдыд» у, барӕй арӕзт нӕу, уӕд. Уыцы дыууӕ рӕдыды дӕр ныр сиу кодта ӕмӕ сӕ ӕмбаст скодта Хъазиты Мелитон, Сослан Цӕразоны номыл поэмӕйы рауадзгӕйӕ. Афтӕ арӕзт ӕрцыд, ӕппындӕр дызӕрдыг чинӕ ӕвзӕрын кодта, ӕмӕисторион миф схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы мӕнг халдих.

Фӕлӕ кӕд ӕмӕ Ш.Курдадзейы куысты цы ис, уымӕн бамбарӕн ис ацы ран йӕ автор чи у, уый дызӕрдыггаг дӕр кӕй нӕу, уый фӕрцы, уӕд Бестауты Гиуӕргийы тӕлмацӕй та афтӕ зӕгъӕн нӕй, Хъазиты Мелитон Сослан Цӕразоны авторады фӕдыл цы хъуыды размӕ кӕны, ууыл куынал дзурӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ ацыран ӕнӕмӕнг ӕвзӕры фарст: кӕд Хъазиты Мелитонӕн гуырдзиаг ӕвзаг зоныны хъуыддаджы исты зындзинӕдтӕ уыдис, уӕд ӕй цы хъыгдардта Байаты Гаппойы рауагьд М.Джанашвилийы уырыссаг тӕлмацтӕй спайда кӕнынӕн. Уыдон амынд сты,йӕ чиныг аразгӕйӕ цы литературӕйӕ спайда кодта, уыдоны номхыгъды. Уымӕн ис иунӕг дзуапп — бынтондӕр ӕй ницы хъыгдардта! Уымӕй дарддӕр ма, мӕ ныфс бахӕсдзынӕн уый фидарӕй зӕгъынмӕ, ӕмӕ Хъазиты Мелитон ма зыдтаид, «Алгъуызы кадӕг» нӕ зынгӕ ӕхсӕнадон архайӕг Хӕныкъаты Никӕ фыццаг кӕй ратӕлмац кодта, уый гӕнӕн нӕй. Цы фразӕ ӕвзарӕм, уым Хӕныкъаты Никӕйы тӕлмацы фыст ис: «Йӕ (Бӕгъатыры) хистӕр фырт афтӕ фыста, Сослан та ӕндӕрты сардыдта». Кӕд Никӕ раст нӕ ратӕлмац кодта «адцуна- фӕсайдта», уӕддӕр уый нӕ ивы цы фразӕ ӕвзарӕм, уый иумӕйаг мидис.

Ацы строфайӕн йӕ мидис та у бӕстон бӕлвырд – «Алгъузиани»-йы рагондӕр хай у Бӕгъатыры хистӕр (фыццаггуырд) фырты фыст. Сослан та, Сослан Дауытыл нымад чи у, уый, поэмӕйы ныффыссынмӕницы бар дары!

Фӕлӕ ацы проблемӕйы, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕппӕты диссагдӕр у, уыимӕ баст ӕппӕт фарстытӕн, сӕйраджыдӕр та «Алгъузиани»-йы автор чи у, уый тыххӕй дзуаппытӕ кӕй сты поэмӕйӕн йӕхи мидӕг, науӕд та амонынц фӕндаг уый бамбарынмӕ ӕмӕ йӕ райхалынмӕ. Афтӕ зыны, цыма, ацы фарстытыл кусӕг иртасджытӕй бирӕтӕ бынтондӕр нӕ бакастытсты текст оригиналы, науӕд та дзы бӕстон нӕ аныгъуылдысты. Гуырдзиаг ӕвзаг зонын ӕнӕмӕнг кӕй у, ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзаг куы зонай, уӕддӕр, ууыл дӕр нал дзурӕм.

Фыццаг ахӕм фарст хауы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕты ахсджиагдӕр ӕмӕ быцӕуагдӕр фарстмӕ, поэмӕйы автор чи у, бӕлвырддӕр та йӕ мыггаг кӕмӕй уыд, уый базонынимӕ. Ацы фарстӕн дзуапп ис, автор ӕцӕгӕйдӕр цы мыггагӕй у, кӕнӕ йӕхи цы мыггагыл нымайы, уый фӕдыл йӕ таурӕгъы. Фӕлӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, фаг уыдзӕни нӕхимӕ ахӕм фарст раттын: Сослан Дауыты, Гуырдзыстоны кадджын паддзахы, Цӕразонты номдзыд мыггагӕй равзӕргӕйы, цӕмӕн хъуыди ӕндӕр мыггагӕн кад кӕныны сӕр, кӕд ын хӕстӕг уыдысты, уӕддӕр? Уӕд ӕмбӕрстгонд уыдзӕн, уыцы хъуыды ӕнӕраны кӕй у. Ӕмӕ диссаг нӕу, поэмӕйы мидис уыцы хъууыддаг кӕй фидар кӕны. Ӕмӕ уӕд ӕз ног ӕмӕ ногӕй лӕмбынӕг ныккӕсын Бестауты Гиуӕргийы тӕлмацмӕ, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуӕг кӕй райста, уымӕ «Афтӕ сӕ Сослан фӕфыста», ӕмӕ уӕд мӕнӕн мӕ хъустыл рефрены хуызы айзӕлы: «Афтӕ раст фӕцӕрӕд, цас раст сӕ Сослан фӕфыста!». Афтӕмӕй та «Алгъузиани»-йы поэмӕйӕн йӕхи мидӕг ис ӕнӕдывӕлдах дзуапп, ӕцӕгӕй поэмӕйы автор чи у, уыцы фарстӕн. Иннӕрдыгӕй та, уыцы ран ис, Сосланы ном хӕссӕг историон гоймаг чи у, уый, афтӕ ма иннӕ кадӕггӕнӕджы кӕй «фӕсайдта», йӕ уыцы азымы мидис ӕмӕ нысаниуӕг раргом кӕныны дӕгъӕл. Диссаг дӕр уый у, ӕмӕ йӕ ӕз цы зонын, уымӕй «Алгъузиани»-йы иртасджытӕй ацы факттӕм ничи йӕ хъус ӕрдардта. Ӕвӕццӕгӕн уыцы иртасджытӕ иттӕг лӕмбынӕг нӕ ныккастысты поэмӕйы мидисмӕ, ӕмӕ уым та ӕнӕдызӕрдыгӕй дзырдӕуы йӕ автор чи у, ууыл. Уыцы балӕуды ирд цӕвиттон у Бестауты Гиуӕрги йӕ тӕлмацы фӕсныхасы афтӕ кӕй дзуры, «поэмӕйы тексты автор йӕхи Сослан хоны» (Сослан хоны йӕхи кадӕджы автор). Дызӕрдыггаг нӕу, «Алгъузиани»-йы автор у, поэмӕйы сӕйраг хъайтар Алгъуызы таурӕгъ кӕй номӕй чындӕуы, уыцы адӕймаг. Уыимӕ автор йӕ ном нӕ дзуры, фӕлӕ, цыма, барӕй ныхас ӕрӕппары, овсты (ирӕтты) паддзах Бӕгъатыры уагыл дзурӕг поэмӕйы рагондӕр хай кӕй у паддзахӕн йӕхи фыццаггуырды фыст (гуырдз. «пирмшо»). Фыццаггуырды ном поэмӕйы автор нӕ дзуры, фӕлӕ йӕ хъайтары коймӕ куы рахизы, уӕд автор аразы иттӕг цӕстуынгӕ хатдзӕг. Йӕ равзӕрд Иессейы, Давиды, бирӕ фӕлтӕрты куырыхон Соломоны, «стыр ӕмӕ цӕстӕвӕрӕн» гоймӕгтимӕ бӕтгӕйӕ, уый фыссы: «Фӕстаг таурӕгътӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй мах (хауӕм) уыдон номдзыд мыггагмӕ (Банысан ӕй кодтам мах – Г.Ю.), афтӕмӕй мах рацыдыстӕм сӕ фыццаг фӕлтӕры фырттӕй». (15-ӕм строфа). Аццы ныхӕстӕй бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй поэмӕйы автор ӕнӕдывӕндӕй ӕмӕ бӕлвырдӕй зӕгъы йӕ мыггаг «Давиды» мыггаджы бӕласы къабаз кӕй у.

Йӕ таурӕгъ дарддӕр кӕнгӕйӕ, автор фыссы, Бӕрзонд Хуыцау ахӕм амалӕй «мах хӕдзарвӕндаг сбӕрзонд кӕныны фӕнд куы скодта, цӕмӕй йыл макӕйы хъама уа тыхгӕнӕг», уӕд иу стыр паддзах «бердзейнаг Август Цезарь»-ӕй рацыдысты диссаджы фырттӕ, йӕхийау хъӕбатыртӕ. «Уыдонӕй иу хуынди Алгъуызон, Хуыцауы фӕндӕй куырыхон хъӕбатыр» (17-ӕм фарс). Афтӕмӕй поэмӕйы фӕрстыл фыццаг хатт фӕзыны сӕйраг хъайтары ном, куы йӕ мыггаджы ном Алгъуызонимӕ, куы та йӕ хисӕрмагонд ном Алгъуызимӕ. Фылдӕр хатт поэмӕйы фӕзыны йӕ мыггаджы ном.

Адӕймаджы хъусдард йӕхимӕ здахы уый дӕр, ӕмӕ поэмӕйы арӕх чи фӕзыны, уыцы ирон мыггаджы ном Алгъуызонмӕ, гуырдзиаг ӕвзагӕн традицион куыд у, афтӕ кӕрон -и ӕфтыд нӕ цӕуы. Ацы хабармӕ ма бафтау поэмӕйы сӕйраг хъайтар мыггаджы номӕй кӕй хуындӕуы, ӕмӕ уыдон сты ирд бӕлвырдгӕнӕн, поэмӕйы автор ын йӕ сӕйраг хъайтары кӕй ӕвдисы Ӕгъуызаты мыггаджы сӕйраг эпоним ӕмӕмыггаджы фыдӕлы хуызы. Уый уыд астӕуккаг ӕнусты Астӕуккаг Ирыстоны уӕздан мыггӕгтӕй иу, ӕмӕ сӕ дӕлбар уыдысты хохрагъӕй хуссарырдӕм зӕххытӕ.

Ацы контексты ма поэмӕйы автор бынтондӕр ӕнӕдывӕнд ӕмӕ биноныгӕй хъусын кӕны йӕхӕдӕг дӕр уыцы мыггагӕй кӕй у, уый тыххӕй (15-ӕм строфа). Ацы факт цӕмӕндӕр ничи бафиппайдта, фӕлӕ уый, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, йӕхигъӕдӕй скъуыддзаг кӕны, «Алгъузиани»-йы автор чи у, уый фӕдыл хъаугъатӕ. Авторы номыл куы дзурӕм, уӕд уый та, хъыгаагӕн, поэмӕйы мидисы рафӕлгъуыд не ‘рцыди. Ацы фарст аскъуыддзаг кӕныны амӕлттӕй иу у, мӕнмӕ куыд кӕсы, уымӕй, уацмысы стилистикон ӕмӕ йӕ мидӕг уӕвӕг ономастиконӕрмӕджы, фыццаджыдӕрта этникон нӕмтты анализ. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл ахӕм иртасӕн куыст, раттид йӕ ныффыссыны ӕцӕгдзинадмӕ цасдӕрбӕрцӕй хӕстӕг хронологи сбӕлвырд кӕныны фадат.

Уӕлдӕр нысангонд куыд уыди, афтӕмӕй поэмӕйы мидис дӕтты хорз фадат, «Сосланы» фӕсном чи ӕмбӕхсы, ӕмӕ иннӕ кадӕггӕнджыты «сайд» цӕй мидӕг ис, уый базонынӕн.

Поэмӕйы цы нӕмттыл ӕмбӕлӕм, Сидӕмон ӕмӕ Куырттагон, Алгъуызы ӕфсымӕртӕ, Алгъуызы фырт Цъӕхил, Сохъуыр ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ хорз зындгонд сты ирон адӕмы рагӕнусон гениалогион ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ фольклорон зонӕнӕтӕм гӕсгӕ. Номхӕссӕн Ос-Бӕгъатырӕй ирӕтты равзӕрды тыххӕй XIX ӕнусы фыст ӕппӕты зындгонддӕр таурӕгъмӕ гӕсгӕ, ацы таурӕгъ хауы ирӕттӕм иумӕйагӕй нӕ, фӕлӕ Ирыстоны астӕуккаг хайы – Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Туалгомы цӕрджытӕм.

«Кавказаг хохӕгты ӕгъдӕутты» официалонӕй хынцыд чи ӕрцыд, таурӕгъы уыцы сӕйраг варианттӕм гӕсгӕ, растдӕр Ос-Бӕгъатыры фырттӕй равзӕрдысты Цӕразонты, Сидӕмонты, Кусӕгонты ӕмӕ Алгъуызонты уӕздан хӕдзарвӕндӕгтӕ. Иуӕй-иу рӕтты мыхуыры хицӕн мыггаджы хуызы чи ӕмбӕлы, Цъӕхилты уыцы хӕдзарвӕндаг ӕцӕгӕйдӕру Цӕразонтӕй иу къабаз. Уымӕн ӕвдисӕн сты куыд фольклоры зонӕнтӕ (ирон ӕмӕ гуырдзийаг), афтӕ фыст ӕрмӕджытӕ дӕр.

Адӕймаджы хъусдард йӕхимӕ здахы ацы уӕздан мыггӕгтӕ пырх цы территорийыл уыдысты, уый, ӕмӕ дзурӕг у ацы структурӕйы рагондзинадыл. Кӕд Сидӕмонтӕ ӕмӕ Кусӕгонтӕ иугъуызон парахат уыдысты цӕгаты дӕр ӕмӕ хуссары дӕр, уӕд Цӕразонтӕ та раззагондӕр уыдысты цӕгаты, Алгъуызонтӕ (Ӕлгъуызтӕ) та хуссары, ӕниуацы хӕдзарвӕндӕгты хицӕн мыггӕгтӕ цардысты хохрагъы дыууӕ фарс дӕр. Ирыстоны астӕуккаг хайы нырыккон мыггӕгты фылдӕр хай кӕмӕй равзӕрд, уыцы хӕдзарвӕндӕгты цӕрӕнбынӕтты структурӕ, ӕмӕ уыдонимӕ баст социалон функцитӕ сты, скифтӕн характерон чи уыд, ӕхсӕнады уыцы ӕртӕфункцион дихдзинады хуызӕг. Уый ма разынди нарты кадджыты нарты ӕртӕ хӕдзарвӕндаджы хуызы ома Ӕртӕ Нарты.

 

Цӕсты хауы, поэмӕйы ӕвдыст Номхӕссӕн Ос-Бӕгъатыры фыртты нӕмтты ӕхсӕн Ирыстоны астӕуккаг хайы раззагондӕр хӕдзарвӕндӕгты фыдӕлтӕ Цӕразоны мыггаг кӕй нӕй. Уый уыди иууыл егьаудӕр феодалон мыггӕгтӕй иу, ӕмӕ уимӕ баст у, сӕрмагондӕй, Дауыт Сосланы равзӕрд. Уый ноджы цӕстуынгӕдӕру уымӕн, ӕмӕ поэмӕйы райдианы уыдон кой чындӕуы, ӕцӕг Сарагонтӕ Цӕразонты бӕсты, поэмӕйы зын Тчархил (иронау Цъӕхил) Алгъуызы фырты хуызы (241-ӕм фарс). Maxма йӕ банысан кодтам, Вахушти кӕй ӕрӕмбыырд кодта ӕмӕ йӕ чиныг «Описание осетин»-мӕ чи бацыд, уыцы раззагон ирон мыггӕгты ӕхсӕн Цӕразонты бӕсты зыны Тчархилани, ома Цъӕхилтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнӕхъуаджы арӕзт не ‘рцыди. Вахушти Багратиони, Давид Сослан багратионтӕй равзӕрди, зӕгъгӕ, тынг хорз зыдта, Сослан Цӕразон кӕй уыд, афтӕ ма Цъӕхилонтӕ Цӕразонтӕ кӕй уыдысты, уый дӕр. Куы зӕгъӕм, уӕд уый тынг хорз ӕвдыст у куыд ирон, афтӕ гуырдзийаг фольклоры дӕр (Гуырдзиаджы: «Мах уыдыстӕм фараст ӕфсымӕры Чарджонидзе- Чъархилани…», ирон: «Цъӕхил ӕмӕ Цӕразон иу уыдысты ӕд цӕуӕт»). УУыл дзурӕг у Цӕгат Ирыстоны Къасарайы комы Цӕразонты кувӕндон Мыкалгабыр, ӕмӕ хуыйнгӕ дӕр афтӕ кӕны «Цӕразнты Мыкалгабыр», кӕ нӕ Цъӕхилты Мыкалгабыр. Цъӕхилонтӕ Цӕразонтӕм цы ахает дарынц, уый, ӕвӕццӕгӕн бает у иумӕйаг ӕртӕфункционалон струтктурӕимӕ баст ‘ кӕй сты, уыимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн ӕххӕст кодтой хӕстон функцитӕ. Ацы зонӕнты фӕрцы бӕрӕг у, Вахушти, фыст ӕрмӕджыты Сосланы равзӕрды Цӕразонты кой скуынӕг кӕнынмӕ тырнгӕйӕ, Цӕразонты мыггаг фӕивы Чъархилианийӕ, ирон Цъӕхилонтӕ сты Цӕразонты къабаз. Раст афтӕ «Алгузинани»-йы авторӕн дӕр, бӕлвырд, йӕ равзӕрд Багратидтимӕ баст кӕй у, уый не ‘мбӕхста, афтӕмӕй, йӕ фӕндон уыди поэмӕйы архайджыты номхыгъды Цӕразонты кой цмӕй уӕвгӕдӕр ма уыдаид. Бӕлвырд, уый фӕстиуӕгӕн фӕзынди поэмӕйы Цъӕхил (гуырдз. Чъархил), ӕцӕгӕй та Цӕразонтӕй уыди, фӕлӕ йӕ рахуындӕуыд Алгъуызы фырт, ӕмӕ уый тыххӕй бар ӕнӕбары нымад ӕрцыд Ӕлгъуызонтыл.

Фӕлӕ поэмӕйы автор цыфӕнды архайдта Ос-Бӕгъатыримӕ Цӕрӕзонты хӕстӕгдзинад бамбӕхсыныл, уӕддӕр ын нӕ бантысти объективон аххосгты тыххӕй. Ууыл дзурӕг у поэмӕйы Сидӕмонтӕ, Ӕлгъуызонтӕ, Кусӕгонты ӕмрӕнхъ Цъӕхилыл дӕр дзырд кӕй цӕуы. Уый кӕд Ӕлгъуызы фырт рахуындӕуыди, уӕддӕр ӕцӕгӕй та у Цӕразонты- Цъӕхилонты байзӕддагӕй. Иуцасдӕр бӕрцӕй ацы хъуыддагыл дзурӕг у поэмӕйы, «иннӕ кадӕггӕнджыты фӕсайдта», зӕгъгӕ, «Сослан»-ы кой кӕм ис, уый дӕр. Бӕлвырд у, автор кӕй тырны «паддзӕхты» хӕдзарвӕндагыл ӕрмӕст Ӕлгъуызонты банымайынмӕ, ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм Цӕразонтӕ мацы бар дарой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ис гӕнӕн, иннӕ кадӕггӕнджыты «фӕсайдта», зӕгъгӕ, дзурӕг кӕй у, чи ис, ӕндӕр ахӕм кадджытыл, цыран паддзӕхты хӕдзарвӕндагыл нымад сты фыццаджыдӕр Цӕразонтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, иннӕ кадӕггӕндыты «фӕсайдта», зӕгъгӕ, уыцы азым хӕссӕг «Сослан»-ы фӕстӕ лӕууы Дауыт Сослан Цӕразон.

Ӕцӕгӕй зӕгъгӕйӕ та, нӕдӕр Цӕразонтӕ, ӕмӕ уӕлдайдӕр та Ӕлгъуызонтӕ, нӕ уыдысты гуырдзиаг Багратидтимӕ хиуӕттӕ. Ацы фарсты фӕдыл фыст ӕрмӕджытӕ куыд ӕвдисынц, фыццаджыдӕр гуырдзиаг, уымӕ гӕсгӕ, Дауыт Сослан багратидтӕм бар кӕй дары, уыцы хъуыды райгуырд ӕрмӕстдӕр йа мӕлӕты фӕстӕ, ома XIII ӕнусы райдианы, Сосланӕмӕ Тамарӕйы ноты цот куы паддзахиуӕг кодтой, уыцы заман. Уыдон уыдысты Улу Давид, Лаша Гергийы фырт, ӕмӕ Давид Нарин, Русуданы фырт. Раст уыцы дуджы равзӕрди СосланӕмӕТамары фырт Лаша Георги багратидтӕй кӕй равзӕрд, уыцы хъуыды. Уыцы хъуыды ӕрфидар кӕнын хъуыди уымӕн, цӕмӕй Скӕсӕн ӕмӕ Ныгуылӕн Гуырдзыстоны Улу Давид ӕмӕДавид Нарины паддзахиуӕгад бахъахъӕд ӕрцыдаид, бӕлвырд ныхмӕдзыдтыл кӕй ӕмбӕлд, уый тыххӕй.

Дауыт Сослнан багратидтӕй равзӕргӕ кӕй у, уый тыххӕй та йӕ биографи саразӕг у Вахушти Багратиони. Уый ис, «Описание царства Грузинского», зӕгъгӕ, йӕ уыцы куысты сконды. Арӕзт ӕй фӕци 1745 азы г. Мӕскуыйы. Французаг ахуыргонд Мери Бросса дӕр ацы версийӕ спайда кодта, ӕмӕ йӕ бахаста XX ӕнусы Французаг ӕвзагыл кӕй ныффыста, уыцы «Картлис цховреба»-мӕ дӕр, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ ном дардыл айхъуысти. Уымӕ гӕсгӕ, Вахушти Багратиони Дауыт Сосланӕн багратидтӕй цы равзӕрд ӕрымысыд, уый у поэмӕйы ныффыссынмӕ ӕввахс рӕстӕг амоныны фӕрӕз. Бӕлвырд у, ӕмӕ Вахушти Багратиони, Багратидтӕй Дауыт Сосланы равзӕрды тыххӕй хъуыды ӕрымысӕджы мӕнг кад йӕхи чи бакодта, уый йӕ куыст фӕци 1750-ӕм азы. Уымӕй бӕрӕг у, «Алгузиани» та хъуамӕ фыст ӕрцыдаид XVIII ӕнусы фӕуды, кӕнӕ XIX райдианы. Ууыл дзурӕг у, поэмӕйы ахӕм этникон нӕмттӕ кӕй фӕзыны, куыд цӕцӕйнӕгтӕ, хъалмыхъӕгтӕ, влахтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уыдонӕн сӕ этнонимтӕ гуырдзыстоны азфыссынадмӕ ӕрбахӕццӕ сты астӕуккаг ӕнусты фӕуды. Уӕды онг фӕзынынц кӕнӕ ӕндӕр нӕмттимӕ, куыд зихтӕ (византийаг «зихтӕ») ӕмӕ кашагтӕ (ирон «кӕсӕг») адыгӕгтӕм ахӕсгӕйӕ, дурзуктӕ вайнахтӕм ахӕсгӕйӕ, науӕд та не ‘мбӕлынц бынтондӕр (хъалмыхъӕгтӕ, влахтӕ ӕмӕ а.д.).

Уымӕ ма ӕмбӕлы бафтауын, поэмӕйы автор, уӕлдӕр куыд банысан кодтам, афтӕмӕй, бынтон бӕлвырдӕй йӕхи кӕй хоны Алгъуызонты хӕдзарвндагӕй, ома Ӕгъуызатӕй. Ацы фактӕн фӕрсаг ӕвдисӕн у, «Алгузиани»-йы автор кӕй дзырдта дзауаг, ома ш-гӕнаг ирон ӕвзагыл. Ууыл дзурӕг у, тексты Чъархил, зӕгъгӕ, фыст кӕй цӕуы, иронау кӕд Цъӕхил фыстӕуы, уӕддӕр. Литературӕйы раздӕр нысангонд куыд цыди (Гугкаты Дз.А.), афтӕмӕй ӕппӕт ирон текстты дӕр И. Иалгъузидзе дзырдта дзауаг ш- гӕнаг ӕвзагыл. Ӕппӕт ацы факттӕ ӕвдисӕн лӕууынц традицион куыд у, афтӕмӕй поэмӕйы автор Иуане Иалгъузадзе (Гӕбӕраты) кӕй у, уый пайдайӕн. Афтӕмӕй, ацы уацы ӕрхаст ӕрмӕг бӕлвырдӕй ӕвдисы, Дауыт Сосланы поэмӕйы авторыл банымайыныл бафӕлвӕрдӕн йӕ бындур кӕй у гуымиры фактологион рӕдыдыл амад. Ацы рӕдыд ис уый мидӕг, ӕмӕ поэмӕйы рагондӕр хайы авторыл дзырд кӕм цӕуы, гуырдзийаг оригиналы уыцы скъуыддзагӕн ирон тӕлмацы лӕвӕрд ӕрцыдис бынтондӕр ныхмӕвӕрд мидис. Уый арӕзт ӕрцыд ӕвӕццӕгӕн, поэмӕйы ацы бынат раст ӕмбӕрст кӕй не ‘рцыди, науӕд та зонгӕ зонын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр «Алгузиани»-йы ацы хайы ирон тӕлмац фадат дӕтты, цӕмӕй йын схонӕн уа мӕнг халдих, раст афтӕ уыимӕ баст хатдзӕгтӕн дӕр.

«Алгузиани»-йы автор чи уыди, уый кой куы кӕнӕм, уӕд поэмӕйӕн йӕхи мидис дызӕрдыджы фадат нал дӕтты, уымӕн йӕ автор кӕй у Ӕгъуызаты хӕдзарвӕндаджы, уырдыгӕй иу мыггаг, Гӕбӕраты мыггаджы минӕвар. Ацы фарсты фӕдыл ма цы чысыл дызӕрдыджы муртӕ зайы адӕймаджы зӕрдӕйы, уый иуӕрдыгӕй, у поэмӕйы тексты авторы ном кӕй нӕ цӕуы ӕвдыст, уыимӕ, иннӕрдыгӕй та Иуане Иалгъузиде 1820-ӕм азы йӕхи тыххӕй цы биограффи ныффыста, уым «Алгъузиани»-йы тыххӕй кӕй ницы зӕгъы, уыимӕ баст. Ныфс ма нӕ уыдзӕн ӕрмӕстдӕр фидӕны цы факттӕ байгом уа, ӕмӕ ацы фарстытӕн дзуаппытӕ раттыны хос чи фӕа, уыдонӕй.

Гаглойыт Ю.С. историзонӕг,

профессор, РХИ-йы Зонӕдты

сгуыхт архайӕг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.