14-æм августы Цхинвалы æвзæнгты библиотекæмæ æрбацыдысты цытджын уазджытæ. Уыцы бон уым презентаци уыд Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон цы чиныг «Æлгъуызы кадæг» сарæзта, уымæн.

Презентацимæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы фыццаг Президент, профессор Цыбырты Людвиг, РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ — профессор Плиты Гацыр, Дзабиты Зарбег, Биазырты Аллæ, Гатыгкоты Гиви, Плиты Серго, Плиты Анатоли, национ бангы сæргълæууæг Зассеты Феликс, РХИ-йы Культурæйы министрады минæвæрттæ Дзеранты Джульеттæ, Дриаты Нателæ, нæ горæты библиотекæты директортæ, Цхинвалы астæуккаг скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ сæ ахуыргæнинæгтимæ, интеллигенцийы æмæ дзыллон-информацийы фæрæзты минæвæрттæ. Сæрмагондæй чиныджы презентацимæ æрбацыд цæгатирыстойнаг уазæг — Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Ходы Камал.

Презентацийæн уыд дискуссион характер æмæ расайдта карз быцæутæ дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ чиныгаразæг Хъазиты Мелитон равдыста йæ хъуыды, зæгъгæ, поэмæ «Алгъуызы кадæг»-ы автор Гæбæраты Иуане нæу, фæлæ йæ ныффыста Сослан Цæразон.

Презентаци байгом кодта æвзæнгты библиотекæйы директор Тототы Ленæ. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн, презентацимæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Плиты Серго дæр раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта: «Абон Хъазиты Мелитон рæгъмæ цы фарста рахаста, уый ахсджиаг у. Чиныг цæмæй рухс федтаид, уый тыххæй автор бирæ бафыдæбон кодта, уымæн æмæ чиныджы бындурæн цы ахуыргæндты куыстытæ хæссы, уыдон хуымæтæджы адæймаг æнцонтæй не ссардзæн. Чиныджы ис бирæ зындгонд ахуыргæндтæ цы информаци фæфыстой ацы фарсты фæдыл, ахæм æрмæджытæ. Бæстондæрæй та Абайты Васойы зонадон куыстытæ, Тогойты номдзыд ахуыргонды, Цыбырты Людвиджы, Гаглойты Юрийы æмæ ноджы бирæ æндæр зындгонд ахуыргæндты куыстытæ».

Хъазиты Мелитон: «Алчидæр нæ зоны, Гæбæраты Иуане стыр ахуыргонд, стыр лæг кæй уыдис. Уый сарæзта ирон æвзагæн фыццаг дамгъуат. Æнæуый йæ сарæзта нæ сыхæгты дамгъуатмæ гæсгæ, æцæг æм бахаста дыууæ дамгъæйы уырыссаг дамгъуатæй. Æмæ афтæмæй уыцы дамгъуатыл чиныг дæр рауагъта, стæлмац кодта дины чиныг, цыран ис йæ царды, йæ куысты тыххæй. Фæлæ дзы никуы ис, Иуане ахæм чингуытæ фыста, уый. Стæй Иуанейы рæстæджы чингуытæ фыстой гæххæттыл æмæ уый та фыст æрцыд роды цармыл. „Алгъуызы кадæг“ фыццаг хатт мыхуыры фæзынд 1885 азы, рауагътой йæ Калачы. Куы йæм æркæсай, уæд дзы комкоммæ æвдыст цæуы, Ирыстоныл фыст кæй у, ирон цард дзы æвдыст кæй цæуы, уый. Стæй фæстæдæр дыккаг хатт куы рацыд 1897 азы, уæд уым сæ ахуыргонд бæлвырд кæны, зæгъгæ, уый у Дауыт Сосланы фыст. Уый дзырдта Тамарыл æмæ йын æй гуырдзы нæ лæвæрдтой, зæгъгæ йæ фыдæлтæ не сты стыр паддзахтæй, стæй йæхæдæг не ууæнды хуыцауыл. Равдыста уый æмæ кæй сты бердзенаг хуыцауы радтгæ Дауыты цоты цоты цот. Шаншиашвили Сандро „Стайы цармдарæджы“ хоны Цæразон Сосланы æмæ „Алгъуызы кадæджы“ автор та комкоммæ йæ ном Сослан кæй зæгъы, уыдон нын бар дæттынц, цæмæй ацы дыууæ стыр кадæджы раджы рауагътаиккам се ’цæг автор Сослан Цæразоны номыл».

Профессор Цыбырты Людвиг: «Ивгъуыд аз «Стыр Ныхас»-æн уыд рауæрæхгонд æмбырд æмæ мæм бахатыдысты, цæмæй иу дыууæ ныхасы загътаин Иуанейы тыххæй. 20 минуты бæрц цыдæртæ радзырдтон Иуанейы тыххæй æмæ мæм иууылдæр ныхъуыстой. Иу лæджы фырт дæр нæ зыдта чи у Иуане, уый. Фыццаг хатт æй фехъуыстой Дзæуджыхъæуы. Уымæ гæсгæ ахъуыдытæ кодтон æмæ æрмæджытæ æрбамбырд кодтон, цæмæй Колыты Аксойау Иуанейы дæр базоной адæм. Уæдæй нырмæ куыстон æмæ ныр чиныг фактон æгъдауæй цæттæ у. Фæлæ ацы хъуыддаджы нæ хъуыды иу-гъуызон нæу Мелитонимæ. Æз цъус æндæргъуызон хъуыды кæнын. Мелитон цы загъта, уыдон иууылдæр хорз сты, фæлæ уый тыххæй хъæуы документалон æгъдауæй бафидаргонд документтæ. Шаншиашвили афтæ кæй загъта, уый гæнæн ис æмæ йæ схонæм историон документ. Уый афтæ нæ загъта æмæ йæ Сослан ныффыста. Мæргъиты Алекси та мын афтæ радзырдта, зæгъгæ, дам, Иеруасалиммæ ныццыдысты æмæ, зæгъ, æй уым базыдтой, зæгъгæ, Давид Сосланы фыст кæй у уый, фæлæ, дам, æй мачи схъæр кæнæт, нырма, зæгъ, æй сбæлвырд хъæуы. Сослан, дам, Багратионтæй уыдис æмæ, зæгъ, æй уый фæстæ рахъæр кæндзыстæм Сосланы фыст кæй у, уый. Фæлæ мæнмæ гæсгæ нырма иу фактон документ дæр нæй. Æгъуызаты Иунейы фыст у, зæгъгæ, афтæ чи дзуры, уыцы адæм фылдæр сты. Джавахишвили фыста, зæгъгæ, ацы уацмыс 8-æм æнусы фыст у. Миллер æй æндæр æнусы фыст хоны. 12-æм æнусы фыст æй чи хоны, уыдон цъус сты. Зынгæ ахуыргонд Ираклий Къекелидзе комкоммæ фыссы, зæгъгæ, дам æй куы бакæсай æмæ йын анализ куы саразай йæ мидисæн, уæд, дам, дзы æвдыст цæуы 18-æм æнусы дыккаг æмбисы æмæ 19-æм æнусы райдианы цаутæ. Уыцы рæстæджы та Гæбæраты Иуане цард, Давид Сослан раздæр цард. Абайты Васо дæр нæ дызæрдыг кæны уацмысы автор Иуане кæй уыд, ууыл. Тыбылты Алыксандр та афтæ фыста, зæгъгæ, Алгъузидзе у ирон адæмы интерестæ хъахъхъæнæг æмæ ирон фыссынады бындурæвæрæг. 19-æм æнусы райдианы ахæм адæймаг уыд æрмæстдæр Алгъузиани. Поэмæ æвдисæг у, Алгъузиани кæй уыд стыр поэт æмæ тынг кæй тыхст йæ радтæг адæмы хъысмæтыл. Кæд гуырдзиаг æвзагыл фыст у, уæддæр дзы æвдыст цæуы ирон адæмы цардуаг. Алгъузидзе у фыццаг ирон фыссæг æмæ йæ ном рох макуы хъуамæ уа. Поэмæ тæлмац куы æрцæуа ирон æвзагмæ, уæд ирон адæм базондзысты сæ фыццаг фыссæджы, афтæ фыста Тыбылы фырт. Ныр афтæ куы дзурæм, зæгъгæ, уацмыс Цæразон Сослан ныффыста, уæд мæм уый раст нæ кæсы. Ацы бæлвырдгæнæнтæ фаг не сты. Æз литератор нæ дæн. Сымах æй куы сбæлвырд кæнат, уæд тынг хорз уыдзæн. Фæлæ, абон фарста кæронмæ скъуыддзаг нæу«. Профессор ма цитатæ æрхаста æндæр ахуыргæндты куыстытæй дæр.

Ходы Камал: «Кæй зæгъын æй хъæуы, ирд нæу хабар. Хъæуы бирæ бакусын. Мæнæ ацы аргумент чи у, зæгъæм, Секъа фыссы зæгъгæ, Дауыт Сосланы æмæвæрдтæ, дам, нырыккон гуырдзиаг литературæмæ сты хур мæймæ куыд дард у, афтæ. Уый цæй тыххæй дзуры афтæ, уый бæрæг нæу. Æмæ иугæр уацы мидæг Дауыт Сосланы тыххæй фыссы æппæлæн уац, уæд æй уæлдæр æвæрдта æмæ йæ кой дæр уый тыххæй кæны. Стæй, зæгъæм, Æгъуызаты Иуанейæн йæ иннæ уацмыстæ та кæм сты? Ныр, зæгъæм, „Алгъуызы кадæджы“ хуызæн уацмыс, уæлдайдæр та Бестауы тæлмацæй адæймаг кæсынæй не ‘фсæды, ахæм ныффысдзæни, стыр фæлтæрд-дзинад кæмæ ис, ахæм адæймаг. Уый размæ бирæ чи фæтухæнтæ кодта чысыл жанрты мидæг, æрмæстдæр ахæм ныффысдзæн ахæм шедевр. Уый дæр хъуыдыйаг у. Ныр мæнæ Мелитон кæй кой кæны уым, „Стайы цармдарæджы“ афтæ фыст ис, „ард кæй номæй хæры æфсад, æз кæуыл кæнын æрратæ“ Тамары тыххæй. Ныффыстаид ма исчи паддзахы усыл афтæ, æндæра йæ сæр къуырд не ’рцыдаид. Фæлæ йæ йæхдæг йæ усы тыххæй ныффыста, æрратæ йыл кодта. Бестауты Гиуæрги дзæгъæлы нæ загъта, „Алгъуызы кадæг“ æмæ „Стайы цармдарæг“ сты иу къухæй фыст, зæгъгæ. Дауыт Сосланæн чингуытæ фыссын йæ бон нæ уыди, бар ын нæ дæтта этикæ. Паддзах уæвгæйæ, уымæн нæ уыд æмдзæвгæтæ фыссыны бар. Уымæ гæсгæ бæрæг у Шота Руставели псевдоним кæй у, уый».

Биазырты Аллæ: «Ацы уацмыс Иуане ныффыста, уый бæлвырд нæу, кæронмæ фыст дæр нæу. Мæ хъуыдымæ гæсгæ фыццаг факт уый у æмæ уацмыс цы æмдзæвгæйы арæзты бындурыл фыст у, уый миниуæгджын уыдис 19-æм æнусæн нæ, фæлæ бирæ раздæр — 14-16 æнустæн. Дарддæр уый æмæ роды цæрмттыл фыст кæй уыд, уый дæр Иуанейы рæстæджы нал уыд. Бестауты Гиуæрги Советон дуджы кæй цард, уымæ гæсгæ йын чизоны фадат нæ уыд комкоммæ йæ хъуыды раргом кæнынæн. Уымæ гæсгæ Бестау афтæ кæй зæгъы, ома, поэмæ ныффыста Иуанейæ раздæр чи цардис ахæм, ууыл дæр æууæндын. Ацы уацмысы автор Дауыт Сослан кæй у, уый куы сбæлвырд кæнæм, уæд нæ литературæ райдыдта цалдæр æнусы раздæр».

Гæбæраты Юри: «Æз мæ ныфс нæ хæссын æмæ Цыбырты Людвиджы хуызæн стыр ахуыргондимæ полемикæйы бацæуон. Фæлæ зæгъдзынæн уый, æмæ ацы фарст кæй у быцæуаг. Дауыт Сослан æй ныффыста, уыцы гæххæт махмæ нæй, фæлæ нæм нæй уыцы гæххæт дæр æмæ йæ Гæбæраты Иуане ныффыста. Никуы мæ уырныдта Иуанейы фыст у, уый. 1923 азы Берлины Байаты Гаппо ирон адæмы историйы тыххæй рауагъта стыр уац. Уацы кæрон зæгъы афтæ, зæгъгæ, дам, ирæттæ æнусты дæргъы зыдтой Нузалы аргъуаны, дам, цы чиныг ис, уый куы раргом уа, уæд, дам, ирæттæ сæ истори базондзысты. Æнусты дæргъы цы нысан кæны? Уæддæр дыууæ æнусы хъуамæ рацæуа. Стæй йæ 19-æм æнусы гуырдзиаг сауджын ссардта æмæ йæ Гуырдзыстонмæ ахаста æмæ рабæрæг ис мæнæ ацы поэмæ кæй уыд. Æмæ кæд афтæ уыд, уæд Æгъуызаты Иуане кæд хъуамæ райгуырдаит? Ныр мæ исчи афтæ куы бафæрсит, зæгъгæ, дæм цæмæн афтæ кæсы æмæ „Стайы цармдарæг“ ирон адæймаг ныффыста, уæд ын сдзуапп кæнин, уымæн æмæ дзы гуырдзиаг „дух“ нæй. Йе ’рдæг уартæ Нарты кадджытæй ист у».

Тыбылты Леонид: «Æхсызгонæй æрбацыдтæн абон ацы мадзалмæ. Мелитонæн ацы чиныг куы рацыд, уæд ын загътон, зæгъын, ногæй та лæппу райгуырд. Фыццаджыдæр зæгъдзынæн уый, æмæ Хуссар Ирыстонæн уавæртæ фæзынд чингуытæ уадзынæн. Æз байхъуыстон Ходы Камал, Людвиг Алексейы фырт æмæ иннæтæм, æмæ уымæ гæсгæ зæгъдзынæн афтæ æмæ йыл кæй хъæуы бирæ бакусын. Ацы иу æрбадтæй нæ адæм иу хъуыдымæ не ’рцæудзысты. Куыд паддзахады сæргълæууæг, афтæ зæгъдзынæн, нæ ахуыргæндтæй къорд саразæм ацы фарст сахуыр кæныны тыххæй. Хицауад йæхимæ хæс исы Иерусалиммæ 2-3 адæймаджы арвитыны тыххæй. Мелитон ацы чиныгæй уæндон къахдзæф сарæзта. Фæлæ ис æндæр хъуыдытæ дæр. Ахæм темæ у æмæ йыл хъæуы хорз бакусын, цæмæй дызæрдыггаг ма уа. Ис президентон фонд æмæ уыцы фонд мах хардз кæнæм Ирыстоны хорз хъуыддæгты тыххæй. Æгъуызаты Иуанейæн цырт дæр сарæзтам ацы фонды фæрæзтæй».

Зассеты Феликс дæр цыбыртæй йæ хъуыдытæ загъта чиныджы фæдыл æмæ уый фæстæ зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Ходы Камалæн цалдæр мæйы размæ йæ юбилей кæй банысан кодта, уый цытæн.

Плиты Гацыр: «Алкæйы ныхасмæ дæр байхъуыстон. Хуыгатæй иу Хасан Дзæуджыхъæуы цæры æмæ рауагъта чиныг гуырдзиаг æвзагыл æмæ йæ куы бакастæн, уæд ын загътон, зæгъын ам цы факттæ ис, уыдон куы сбæлвырд уой, уæд дæм удæгасæй цырт æмбæлы. Иууылдæр сты уырнинаг факттæ. Алфваит дæр у мах, уыдонæн алфавит нæй, „Стайы царм-дарæг“ дæр мах у. Уыдон сбæлвырд кæныны тыххæй хъæуы алыгъуызон специалисттæ: археологтæ, этнографтæ, литератортæ. 55 азы Иуанейæ лекцитæ кæсын æмæ иууылдæр хъуыстой мæ лекцитæм. Æмæ сын дзырдтон автор чи у, уый мæ бон зæгъын нæу, фæлæ дыууæ уацмыс дæр сты иу лæджы къухæй фыст. Сосланы фыст куы разына, уæд уымæй Иуанейы кад не ’рхаудзæн, уымæн æмæ уый бирæ сарæзта ирон адæмæн. Мелитон цы чиныг сарæзта, уым бирæ æрмæг æрæмбырд кодта, фæлæ дзы сбæрæгкæнинаг факттæ бирæ ис æмæ йыл хъæуы хорз бакусын».

Дзабиты Зарбег: «Мæ размæ цыдæриддæр загътой, уыдонмæ ницыуал бафтаудзынæн. Фæлæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ дыууæ уацмысæн дæр се ‘взаг, се стиль у иу. Бирæ кæмæйдæрты, уыцы нымæцы мæ лектортæй дæр фехъуыстон уацмыс Иуанейы фыст кæй нæу, уый тыххæй. Лыстæггай йæ сбæлвырд кæнын хъæуы».

Чиныджы тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой Гатыгкоты Гиви, Гæбæраты Фатимæ, Дзеранты Джульеттæ, Дриаты Нателæ æмæ æндæртæ.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.