Ацы аз зынгæ ирон поэт, прозаик, йæ радтæг адæмы æцæг фырт æмæ патриот Гуыцмæзты Алешы райгуырдыл сæххæст 65 азы. Фыссæджы юбилейы цытæн мысæн мадзæлттæ уагъд æрцыдысты куыд Хуссар Ирыстоы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. Уымæн кæд 41 азы йеддæмæ цæрын нæ бантыст, уæддæр йæ диссаджы миддуне, йæ рæсугъд удыхъæды руаджы йæ ном цæргæйæ баззади уæлæуыл йæ бирæ хæлæртты, йæ уарзон ирон адæмы зæрдæты.

20-æм октябры курдиатджын фыссæджы цытæн диссаджы хорз мадзал уагъд æрцыд нæ горæты æвзæнгты республикон библиотекæйы. Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Парламенты национ политикæ, культурæ, дин, ахуырад, зонад æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитон,  Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты доцент Хуыгаты Илья, фыссæг Плиты Феликс, РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, ацы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ, нæ горæты библиотекæты сæргълæуджытæ æмæ библиотекартæ, Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицейы, нæ горæты 6-æм æмæ 2-æм  астæуккаг скъолаты, гимназитæ «Рухс» æмæ «Альбион»-ы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Гæбæраты Фатимæ, Дыгъуызты Лианæ, Чилæхсаты Залинæ, Тедеты Циалæ, Мæргъиты Зæринæ сæ ахуыргæнинæгтимæ, Абайты Васойы хæдзар-музейы директор Плиты Юзæ, афтæ ма 6-æм скъолайы ахуыргæнджытæ Козаты Маринæ æмæ Пухаты Аренæ. Мадзалы ма активон хайад райстой университеты журналистикæйы факультеты 2-æм курсы студенттæ Томайты Иринæ æмæ Джуссойты Лилиянæ.

Мысæн мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта æвзæнгты библиотекæйы директор Тототы Ленæ. Уый бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. «Алеш уый аккаг у æмæ йын йæ ном ахæм мадзæлттæй мысæм. Курæг уæ дæн, цæмæй иу уысм æмырæй алæууынæй ссарæм Гуыцмæзты Алешы рухс ном».

Мадзал амыдтой Аивæдты лицейы 10-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Козаты Аслан æмæ Хъодалаты Агуындæ. Уыдон æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодтой Алешы биографи æмæ цардвæндагимæ. Гуыцæмзты Алеш Алексийы фырт райгуырд 1951 азы Ортъеугомы Гуыцмæзты хъæуы. Аст къласы бакаст Ортъеуы. 1969 азы каст фæци Уанаты астæуккаг скъола. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институтмæ. 1988 азæй йæ амæлæты бонмæ куыста журнал «Фидиуæг»-ы бæрнон нымæрдарæй. Алеш æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта скъолайы  ма куы ахуыр кодта, уæд. Йе ‘мдзæвгæтæ фыццаг хатт мыхуыры рацыдысты 1968 азы газет «Советон Ирыстон»-ы. Уый кæд йе сфæлдыстадон куыст æмдзæвгæтæй райдыдта, уæддæр йæ курдиат сарæзта прозæмæ. 1971 азы «Фидиуæг»-ы ныммыхуыр кодта таурæгъ «Уæлзæххон саудзыдзыда». Уый уыд прозæйы йæ фыццаг уацмыс. Мыхуыры йын рацыдысты «Урс фынтæ», «Куы фæниуынц куыйтæ», «Кæйдæр хуызтæй æмбырд сурæт» æмæ æндæртæ. Фæстæдæр  мыхуыры куы рацыд йæ роман «Дæ уды фарн», уæд дызæрдыг ничиуал кодта, цæттæ прозаик стыр курдиаты хицау кæй у, ууыл. Ацы романы тыххæй фыссæг Гуссалты Барис уымæн загъта, «Алешы хуызы ирон литературæмæ æрбацыд æвидигæ курдиат».

Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитон радзырдта йæ хæлары тыххæй: «Алешимæ цалынмæ лæгæй-лæгмæ нæ базонгæ дæн, уæдмæ нын 1968 азы иумæ рацыд æмдзæвгæтæ газет «Советон Ирыстон»-ы æмæ тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ. Арæх-иу бацыд Гафезмæ æмæ уым базонгæ стæм. Бакаст нын йæ таурæгъ «Уæлзæххон саудзыдзыда». Уым ма уыдысты Бестауты Гиуæрги, Æлборты Хадзы-Мурат, Хостыхъоты Зинæ. Бестауы зæрдæмæ тынг фæцыд. Æз дæр мæ хъуыдытæ загътон. Уæдæй фæстæмæ хæларæй цардыстæм суанг йæ амæлæты боны онг. Алеш цардмæ каст йæхи цæстæнгасæй æмæ йæ афтæ æвдыста йе сфæлдыстады дæр. Цы бон фæзиан, уыцы бон Алеш, Æлборты Хадзы-Мурат, Хъороты Сослан æмæ æз иумæ лæууыдыстæм постмæ æввахс æмæ катай кодтам Ирыстоны сомбоныл. Алеш мын æппынæдзух кодта йæ дыууæ чызджы кой, куы  ма, дам, сæ федтаин, раст цыма йе ‘намонддзинад зæрдæйæ æнкъардта, уыйау. Куы ацыдыстæм нæ хæдзæрттæм, уæд æхстытæ ноджы фæтынгдæр сты. Уалынмæ мæм æрбацыд Козаты Ушанг, Алеш, дам, фæцæф. Мах рынчындонмæ атындзыдтам, æмæ… Иууылдæр уыд пырх, дохтыртæ цасдæр фæфыдæбон кодтой, цæмæй йæ æмбæлон хуызмæ æркодтаиккой. Йæ фатеры дæгъæл йæ дзыппы уыд, фæлæ тынг æхстой æмæ йын Гафезы уынгмæ ласæн нæ уыд.  Йæ фыдыхо цард рынчындонмæ æввахс æмæ йæ уырдæм баластам. Алеш уый аккаг у, цæмæй йæ дуне зона. Хуыцау зæгъæд æмæ Алешы хуызæн гуырдтæ гуыра Ирыстоны зæххыл».

Зæрдæмæхъаргæ мысинæгтæ радзырдта Алешы тыххæй Парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри: «Алеш æндæргъуызон, æнахуыр зæрдæхæлар æмæ сыгъдæг зæрдæ адæймаг уыд. Тынг курдиатджын фыссæг уыд. Не знæгты къухæй йæ мæлæт куынæ æрцыдаид, уæд ын ноджы фылдæр бантыстаид йæ фыссæн сисæй йæ радтæг адæмæн балæггад кæнын. Расул Гамзатов раджы кæддæр афтæ загъта, зæгъгæ, дам, Хуыцау фыстæг куы рарвыстаид æнæ адресæй ахæм фæдзæхстимæ, зæгъгæ, йæ поэтмæ радтут, уæд, дам, æй Пушкин йеддæмæ никæмæ радтаиккой. Æз та зæгъдзынæн афтæ, зæгъгæ, Хуыцау афтæ куы загътаид, мæнæ уын фыстæг æнæ адресæй æмæ йæ прозаикмæ радтут, уæд æй Алеш йеддæмæ никæмæ радтаин».

Бирæ мысинæгтæ ма радзырдтаид Гæбæрайы фырт, фæлæ йæ зæрдæ кæй суынгæг йæ хæлары мысгæйæ, уымæ гæсгæ йæ бон дзурын нал сси. Нæлгоймаг кæуынхъæлæсæй куы дзура йе ‘мгары тыххæй, йæ цæстысыгтæ куы асæрфа, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ æцæгæй дæр кæй фесæфта æфсымæры хуызæн ын чи уыд, ахæм хорз æмгары. Уымæ кæсгæйæ æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ дæр суынгæг сты.

Æмгаруарзаг Алешыл, алкæйы зæрдæ дæр фæрыст. Йæ амæлæты фæстæ куыдтой йæ хæлæрттæ иууылдæр, фысджытæ хуссарæй цæгатмæ. Хъодзаты Æхсар не ‘мбæхсы йæ хъынцъым: «… Кæлы æргом-сусæг мæ цæссыг…». Хостыхъоты Зинæ: «…Калынц сау цæссыг дæ цæфтыл, Иры сау хъарæггæнджытæ…». Хъазиты Мелитон: «Сынты уæлхъус дын хæрзбон зæгъын, Æмæ дæ мæхинымæры агурын цæстæнгасæй – Алешимæ бацæуæм…». Хаджеты Таймуразы дæр нæ уырны йæ хæлары мæлæт: «… Нæ кæуын нæ мæ уырны дæ ацыд. Ау, уый та куыд, æмæ Алеко нал и?..

Алешы йæ царды фæстаг минутты сæрæгасæй чи федта, уый уыд Хуыгаты Илья: «Алешы лæгæй-лæгмæ базыдтон 90-æм азты Гафезы уынджы иу корпусы куы æрцардыстæм, уæд æмæ схæлар стæм. Уыцы уæззау азты нæ лæппутæ  завод «Вибромашина»-йы сарæзтой цахæмдæр хæцæнгарз. Иу хатт куыстæй хæдзармæ куы ныздæхтæн, уæд корпусы цур лæугæ ныййæфтон нæ сыхаг нæлгоймæгты. Уæдмæ кæцæйдæр æрбацыд Алеш дæр. Уыдон нын афтæ бакодтой, зæгъгæ, дам, цы хæцæнгарз сарæзтой, уымæй, зæгъ, æхсынц нæ лæппутæ. Мах сфæнд кодтам  уыдонмæ æввахсдæр бацæуын, фæлæ нæмгуытæ ихуарæгау кодтой æмæ дарддæр нал ацыдыстæм. Уæд æз мæхицæн загътон, зæгъын, хъуамæ схизон корпусы уæлхæдзармæ æмæ уырдыгæй акæсон. Мемæ йæхи фæцæуæг кодта Алеш дæр. Акастыстæм ТЭк-ы ‘рдæм æмæ федтам, Мамысанты хъæуы иу хæдзары æвæрд уыд сармадзан æмæ комкоммæ горæтмæ æхста. Иу ахæмы тыхджын гуыпп фæцыд, бæстæ аталынг, хъустæ акъуырма сты, фæздæг æмæ рыг сыстадысты æмæ кæрæдзи нал ауыдтам. Алешмæ дзурын, зæгъын, ахизæм ардыгæй, фæлæ йыл уæдмæ мæ къах скъуырдтон. Уый хаудæй лæууыд, схæцыдтæн ыл, иу каст ма мæм скодта. Бæргæ ма йæ аскъæфтам рынчындонмæ, фæлæ…».

Алешы тыххæй йæ мысинæгтæ загъта йе ‘мкъласон, нæ горæты 10-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Къæбулты Зоя: «Æмгардзинад Алешæй бæрзонддæр никæмæ уыд. Тынг хорз зыдта математикæ. Æз æнхъæл уыдтæн, зæгъгæ, зынгæ математик суыдзæн. Никуы ахъуыды кодтаин æмæ фыссæг суыдаид. Æцæг-иу сочиненитæ куы ныффыстам, уæд-иу кæронæй хъуамæ исты æмдзæвгæ афыстаид. Кæсын тынг уарзта. 8-æм къласы уый Ленины томтæ иууылдæр бакаст. Библиотекæйы дæр ын ахæм чиныг нал баззад кæй нæ бакаст».

Гуыцмæзты Алешы тыххæй хъарм ныхæстæ загътой Культурæйы министрады минæвæрттæ Дзеранты Джульеттæ æмæ Дриаты Нателæ дæр. Сæ мысинæгтæ радзырдтой Гæбæраты Фатимæ æмæ Дыгъуызты Лианæ дæр. Уыдон бузныг загътой ацы библиотекæйы кусджытæн, алыгъуызон мадзæлттæ арæх кæй ауадзынц, уый тыххæй.

Раныхæсты ‘хсæн æрæмбырдуæвджыты зæрдæтæ сæ аивадæй барухс кодтой 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ Козаты Маринæ æмæ Асаты Николайы сæргълæудæй. Ахуырдзаутæ кастысты Алешы æмæ Алешыл фыст æмдзæвгæтæ. Зарыдысты, сæххæст кодтой цалдæр кафты. Чысыл гимнасткæ Саулохты Настя дæр равдыста йæ арæхстдзинад.

Ацы уагдоны кусджытæ фыссæгæн сарæзтой къуым дæр, цыран стъолыл æвæрд æрцыдысты йæ чингуытæ æмæ стъолы сæрмæ та конд æрцыд йæ ныв. Мадзалы рæстæджы банерыл æвдыст цыдысты фыссæджы нывтæ, афтæ ма Алешы тыххæй чи ныффыста, уыцы фысджыты нывтæ æмæ сæ уацмыстæй цитатæтæ. Куыд зæгъæм, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъазиты Мелитон, Джусойты Нафи, Хостыхъоты Зинæ, Кокайты Тотрадз, Хаджеты Таймураз æмæ æндæртæ.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Гуыцмæзты Алешы мысæн мадзал уагъд кæй æрцыд РХИ-йы Культурæйы министрад республикæйы библиотекæты ‘хсæн цы конкурс расидт, уый фæлгæтты. Зæгъын мæ фæнды иу фиппаинаджы тыххæй дæр. Къамисы сконды библиотекæты кусджытæ кæй сты, уый мæм раст нæ кæсы. Хуыздæр уаид æмæ нейтралон адæймæгты куы бакæниккой къамисы скондмæ.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр æмæ мысæн изæрыл кæй бакуыстой зæрдиагæй æвзæнгты библиотекæйы кусджытæ Тототы Ленæйы сæргълæудæй, афтæ ма скъолаты ахуыргæнджытæ дæр. Ахæм мадзæлтты руаджы бæрзонддæр кæны æвзонг фæлтæры национ идея. Ахуырдзаутæм кæсгæйæ, адæймаджы тынгдæр бауырныдта Ирыстонæн хорз фидæн кæй ис, уый. Стыр бузныг сæ ахуыргæнджытæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.