15 январы йæ 75 азы юбилей банысан кодта зынгæ уæрæсейаг журналист, æхсæнадон архайæг, информацион агентад «Иринформ»-ы бындурæвæрæг, РЦИ-Алани æмæ РХИ-йы сгуыхт журналист Тæболты Иринæ Алексийы чызг. Ацы диссаджы зæрдæхæлар сылгоймаджы ном зонынц æмæ йын кад кæнынц алы цхинвайлаг бинонтæ дæр. Уымæн æмæ уый 90-æм азты арæзта репортажтæ æрхъулагонд Цхинвалæй, информацион блокадæ атонгæйæ æмæ афтæмæй дунейы адæммæ Хуссар Ирыстоны цауты тыххæй рæстдзинад хæсгæйæ.

 Гæнæн ис афтæ зæгъæн дæр, æмæ уый Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады тыххæй хъæбатыр хæстонтæй къаддæр кæй нæ сарæзта. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджытæ кæд хæцæнгарзæй хæцыдысты, уæд  Иринæ та гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ хæцыд йæ фыссæн сисæй. Йæ хъæлæсæй хуссарирыстойнаг адæм дунемæ сидтысты æххуысмæ. Зынгæ журналист йæ мысинæгты афтæ фыссы  Къуысаты Тимуры чиныджы. «Хуссар Ирыстоны уавæр у тæссаг: æххормагдзинад, уазал, æхстытæ, амынæтты акæныны цаутæ. Централон телеуынынады зынæмбарæн информаци, сæйраджыдæр гуырдзиаг журналист Нана Гъонгъадзейы репортажтæй. Хуссар Ирыстоны позицийы тыххæй ницы хъусынчындæуыд. Чъехы, Тамарашены  хъæуты фæндагыл нæй ацæуæнтæ, адæмы аласынц æбæрæг рæттæм. Дзауы æрæмбырд вæййы колоннæ æмæ сæ Цхинвалмæ акæны æфсад. Бафæлварæм ацæуынмæ. Балхæдтон дзул, макаронтæ, колбас, цæмæй сæ адæмæн радтон».

Хуссар Ирыстонæн иууыл уæззаудæр азты нæмгуыты бын репортажтæ цæттæ кæнгæйæ, уый бирæ хæттыты фæуæлахиз информацион хæсты гуырдзиаг журналист Нана Гъонгъа-дзе æмæ æндæртыл, кæцытæ лæвæрдтой мæнг информаци Хуссар Ирыстоны цæуæг цауты тыххæй.

Цхинвалæй йе ‘рмæджытæн уыд егъау нысаниуæг. Цхинвалы цæрджытæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты ног хабæртты Тæболты Иринæйы рахызтмæ, цæмæй та йын йæ репортажты фехъуыстаиккой рæстдзинад. Йæ цардæмбал Тæболты Солтанбег цы тележурналистты къорд сарæзта, уый сæргъ слæугæйæ-иу йæ цардæн тæссаг уавæрты баззад блокадон Цхинвалы. Йæ репортажтæ фæахъаз сты республикæмæ фидауынгæнæг тыхты æрбакондæн, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирыстоны зæххыл æрлæууыд сабырдзинад кæд сæртæг æмæ рæстæгмæ сабырдзинад уыд, уæддæр адæм иу чысыл баулæфыдысты æхстытæй. Кæд бирæ азтæ рацыд, уæддæр абоны онг дæр адæймаджы хъустыл ауайы репортажтæ аразгæйæ йæ зæрдæмæдзæугæ хъæлæс.

1998 азы Хуссар Ирыстоны уæды Президент Цыбырты Людвигы Барамындæй Иринæ Алексийы чызгæн лæвæрд æрцыд «РХИ-йы сгуыхт журналист»-ы кадджын ном, Хуссар Ирыстоны цæуæг цаутæ оперативонæй уæрæсейаг централон каналты кæй æвдыста æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн алыварсонæй кæй  æххуыс кодта, уый. Уæздан æмæ уыцы иурæстæджы хъæбатыр сылгоймаг, æцæг журналист тынг бирæ сарæзта 1992 азы Цæгат  Ирыстоны трагикон цауты эпи-центры уæвгæйæ. Уый ирдæй æвдыста федералон æмæ фæсарæйнаг каналты Горæтгæрон райо-ны цæуæг цауты тыххæй.

Уæрæсейаг зынгæ журналист Александр Сладков Тæболты Иринæйы тыххæй афтæ загъта: «Тæболты Иринæ мын радта балцæг Кавказаг темæмæ куыд репортер, афтæ. Ирæ мæ сахуыр кодта Кавказ, кавказæгты уарзын, хæлардзинадæн аргъ кæнын».

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ йæм иууылдæр дарынц хионы зæрдæ, уарзынц æй æмæ йын кад кæнынц. Иууылдæр дзы сты бузныг йæ фæндвидардзинад æмæ Ирыстоны адæм-мæ йæ уарзондзинады тыххæй.

Фæнды мæ цалдæр ныхасы Иринæйы цардæмбал Солтанбеджы тыххæй зæгъын. Дыууæ Ирыстоны нырыккон историйы фæдыл Тæболты Солтанбегы ролы тыххæй бирæ загъдæуыд. Цхинвалы хæстон архайдтыты рæстæджы-иу æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ-иу йæ иу фенд дæр адæмæн уыд ныфсы хос. Солтанбег-иу бындурон хъуыдытæ дзырдта дихгонд адæмы тыххæй, постконфликтон арæзты  æмæ геополитикон фæсидтыты тыххæй. Хатт адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма-иу уый фæцис рæстæджы разæй æмæ-иу   цауты федта раздæр. Иугонд æмæ æнæдихгонд Ирыстон уыд йæ царды иууыл стырдæр бæллиц, фæлæ йæ сæххæст кæнын йæ къухты нæ бафтыд æгъатыр хъысмæты аххосæй. 

Тæболты Иринæйæн йæ юбилейы тыххæй  арфæ кæнæм мах, хуссарирыстойнаг адæм дæр. Бирæ азты дæргъы нын æнæнизæй фæцæр, нæ уарзон адæймаг!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.