Зынаргъ æмбæстæгтæ! Нымад бонтæ ма баззад 2018 азы дыккаг æмбисæн бынæттон периодикон мыхуыры фæрæзтæ рафыссыны æмгъуыдмæ. Курæг уæ стæм, цæмæй бæрнондæр ахаст равдисат ацы ахсджиаг кампанимæ æмæ сæхи ирон цы бинонтæ хонынц, уыдон рафыссой æмæ кæсой нæ республикæйы уагъдцæуæг иунæг ирон газет «Хурзæрин».

Бонджын лæг, дам, йæ над нæ фæхъæр кæны, фæлæ мах мæгуыр, хæстæфхæрд адæм кæй стæм, уымæ гæсгæ нын æмбæхсинагæй ницы ис æмæ уын хъуамæ æргомæй радзурон,  нæ мадæлон æвзагæн куыд аргъ кæнæм, уыцы ахсджиаг фарсты тыххæй. Нæ мадæлон æвзагæн куыд аргъ кæнæм, уый та зыны, нæ республикæйы цы иунæг ирон газет уагъд цæуы, уый тиражæй. Стыр хъыгагæн, ирон газетæн йæ тираж бирæ къаддæр вæййы уырыссаг æвзагыл уагъдцæуæг газеты тиражимæ абаргæйæ. Йе ‘взаг чи уарзы, цæсты гагуыйау æй чи хъахъхъæны, йæ туджы ирондзинад кæмæн ис, йæ мадæлон æвзаджы фидæныл чи тыхсы, ахæм адæймæгтæ бирæ ис Ирыстоны, фæлæ йæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, ахæмтæ, мæнмæ гæсгæ, фылдæр сты. Кæддæр нæ номдзыд ирон ахуыргонд, академик Абайты Васо афтæ загъта, зæгъгæ, искæцы æвзаг куы амæла, уæд амæлдзысты уыцы æвзагыл дзурæг адæм дæр.

Фæлæ, хъыгагæн, не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ ацы ахсджиаг фæдзæхст не ‘мбарынц æмæ сæ мадæлон æвзагмæ дарынц уазал ахаст. Хуссар Ирыстоны тынг бирæ бинонтæн сæ цæст нæ бауарзы нæ республикæйы уагъдцæуæг иунæг ирон газет рафыссыны тыххæй 330 сомы бахардз кæнын. Бирæтæ та уырыссаг æвзаг кæд уадиссаг зонгæ дæр нæ кæнынц, уæддæр сæ рафыссынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæн йæ бар йæхи у, фæлæ… Фарстæуы, ахæмтæ цæмæннæ хъуамæ кæсой сæ мадæлон æвзагыл газет. Кæд нæ кад кæнæм нæ мадæлон æвзагæн, уæд ма уал азы дæргъы нæ тохы сæр цы уыд, цæмæн фæмардысты  нæ лæппуты хуыздæртæ. Ау, афтæ  цы схъал стæм æмæ нæ  мадæлон æвзаг нæ сæрмæ мауал хæссæм. Æнусты дæргъы цæмæ бæллыдыстæм, уыцы сæрибардзинад  ныр нæ къухты куы бафтыд, уæд нæ лæмбынæгдæр ахъуыды кæнын хъæуы нæ мадæлон æвзаджы дарддæры хъысмæтыл, нæ кæстæрты фидæныл æмæ не знæгты фæндиаг нæхи ма фæкæнæм. Алы ныййарæг дæр хæсджын у, цæмæй чысылæй йæ сабийæн бауарзын кæна мадæлон æвзаг. Саби чысылæй куынæ бауарза йæ мадæлон æвзаг, куынæ фæцайдагъ уа ирон мыхуыры фæрæзтæ кæсыныл, уæд æм йæ сомбоны царды зынтæй раздæхдзæн. Рæзгæ фæлæтр, цæмæй сæ мадæлон æвзаг уарзой, уый тыххæй сын цæвиттон хъуамæ уой сæ ныййарджытæ. Саби йæ ныййарджыты ирон газет кæсгæ куы уына, уæд æй уый дæр бафæзмдзæн æнæмæнгæйдæр. Саби хæдзары ирон газет куы уына, уæд æй,  кæддæр йæ къухмæ райсдзæн æмæ дзы кæцыдæр уац бакæсдзæн æмæ афтæмæй фæцайдагъ уыдзæн мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг газет кæсыныл.

Ныртæккæйы уæззау царды кæд алцыдæр фæзынаргъ, уæддæр  газет рафыссыны аргъ баззад 330 сомæй. Уыцы æхцатæ иутæн бирæ сты, æндæртæн та – цъус. Æмæ хъыгаг уый у, æхцаджынтæй æвæрæз адæймæгтæ æнæзивæгдæрæй кæй рафыссынц «Хурзæрин». Сæ фæстаг каппек дæр нæ бавгъау кæнынц сæ мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг газет рафыссыны тыххæй, æмæ сын газеты коллектив зæгъы бузныг.

Æрхæсдзынæн уын иу цæвиттон. Дыууæ азы размæ министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытимæ рабадтытæй сæ иуы РХИ-йы раздæры сæргълæууæг Тыбылты Леонид бахынцыдта бынæттон  прессæмæ фаг хъусдард здæхт кæй нæ цæуы, уый. Уый сæ бафарста, зæгъгæ, сæ чи рафыста бынæттон мыхуыры фæрæзтæ. Æмæ куыд рабæрæг афтæмæй рабадты цы 60 адæймаджы уыд, уыдонæй бынæттон мыхуыры фæрæзтæ рафыстой æрмæстдæр 5 адæймаджы! Уæдæ дон сæрæй рæсугъд кæны æмæ министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ хъуамæ хуыздæр хъусдард здахиккой ацы ахсджиаг процессмæ. Республикæйы иууыл стырдæр коллективтæ сты мидхъуыддæгты æмæ хъахъхъæнынады министрадтæ, уыдонæн æндæр ведомствотæ æмæ организацитимæ абаргæйæ сæ куыстмызд дæр у бирæ фыл-дæр, фæлæ ацы министрадты дæр газеттæ рафыссыны хъуыддаг у мæгуырау, уæлдайдæр та фæстаг цалдæр азы. Бынæттон периодикон мыхуыр рафыссыныл хуыздæр хъуамæ кусиккой районты сæргълæуджытæ дæр.

Абоны онг 2018 азы дыккаг æмбисæн газеткæсджыты фылдæр хай хъуамæ рафыстаиккой бынæттон газеттæ æмæ журнал, фæлæ нын «Югосетпечать»-ы хистæр Саулохты Зоя куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ бынæттон периодикон мыхуыр рафыссыны хъуыддаг у тынг мæгуырау.

Зынаргъ газеткæсджытæ,  курæг уæ стæм, цæмæй афойнадыл рафыссат газет «Хурзæрин» 2018 азы дыккаг æмбисæн æмæ уæм фарны хабæрттæ хæссæг уа!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.