Респубикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд ацы аз Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстыты фæдыл штабы рабадт.

Рабадты хайад райстой Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, подрядон организациты сæргълæуджытæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта Инвестицон программæйы приоритетон проекттæ: №3 скъола, бирæфатерон хæдзæртты арæзтад, афтæ ма Уанат-Цхинвалы донæмбырдгæнæн капиталонæй сцалцæг кæнын.

Уый фæстæ Президентæн фехъусын кодтой Инвестицион программæйы фæлгæтты цы проекттæ реализаци цæуынц, уыдон. Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы столицæйы æмæ йæ районты арæзт цæуынц уынгтæ.

«Ныртæккæ фæуд кæнынц инженерон хызæгтæ уадзыны этап æмæ цæттæ кæнынц асфальт кæнынмæ», – банысан кодта уый.

Министр ма фехъусын кодта, горæт Къуайсайы Ленины уынджы куыстыты тыххæй, банысан кодта, зæгъгæ, уый дих у 4 фадыгыл æмæ дзы алкæцыйыл дæр уагъд цæуынц алыгъуызон куыстытæ, бордюртæ æвæрынæй  суанг асфальт кæнынмæ.

Бибылты Анатоли бахæс кодта арæзтадон куыстыты темптæ фæтагъддæр кæнын, уыимæ иумæ уæлæмхас тыхтæ æрбаздахын графикы фæстæзаддзинад аиуварс кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма, уый бацымыдис кодта Уанат-Цхинвалы донæмбырдгæнæн бæстыхайы капиталонæй сцалцæг кæныны куыстытимæ.

Генподрядон фехъусын кодта, зæгъгæ, дренажон системæ цалцæг æрцыд, доны дебет фæфылдæр ис.

Кæронбæттæны Президент бахæс кодта рабадты æппæт хайадисджытæн, цæмæй сæ фадæттæн санализ кæной, цæмæй æппæт куыстытæ æххæст цæуой æмгъуыдмæ гæсгæ, æмæ банысан кодта, объекттæ радтыны æмгъуыдтæн фæстæдæр аргъæвыны фадат кæй нæ уыдзæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.