Амалиуæггæнджытимæ ацы фембæлд организаци æрцыд паддзахады сæргълæууæджы хъæппæрисæй.  Нæ республикæйы æдæппæт ис 1340 амалиуæггæнæджы, фæлæ уыдонæй фембæлдмæ æрбацыд 70 адæймаджы бæрц. Президент уый фæдыл равдыста йе ‘нæразыдзинад. Уымæн æмæ амалиуæггæнджытæн хатт хицауадмæ вæййы претензитæ, фæлæ ныхас æмæ уынаффæ кæнын куы бахъæуы, уæд сæхи дард фæласынц.

«Амалиуæггæнæг æрмæст йæхи пайдайыл ма хъуамæ хъуыды кæна, хъуамæ паддзахады раз æххæст кæна, цы хæстæ йыл ис, уыдон дæр», – дзырдта Президент фембæлды рæстæджы.

«Амалиуæггæнджыты æхсæнады ахизын хъæуы ног æмвæзадмæ, цæй фæрцы хицауад æмæ амалиуæггæнæджы ‘хсæн фæзындзæн кæрæдзиæмбарынад. Уыцы хъуыддаг æнæмæнг пайда уыдзæн дыууæ фарсæн дæр. Уымæн æвдисæн сты, æрæджы цы конкретон къахдзæфтæ сарæзтам, уыдон дæр, кæцытæ здæхт сты бюджет баххæст кæнынмæ. Мах нæ хъусдард аздæхтам акцизон товартæм. Уыдон сты тамако æмæ алкоголон продукци. Уыцы    хъуыддаг бирæты зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ закъон закъон у æмæ йæ æххæст кæнын хъæуы. Æрхæсдзынæн чысыл цæвиттон: 2017 азы 1 январæй 20 июнмæ акцизтæй æрæмбырд 1600 мин сомы, 20 июнæй 17 июлмæ та æрæмбырд 760 мин сомы. Уыцы æхцайы фæрæзтæ нырæй фæстæмæ уыдзысты æдзухон æмæ цæудзысты паддзахадон бюджетмæ. Мæн фæнды, цæмæй сымах дæр бюджетон кусджыты æмрæнхъ Пенсион фондмæ фидат фиддонтæ. Уымæн æмæ æрвылмæй республикæйы Пенсион фонд не ‘мбæстæгтæн фиды 26 милуан сомы бæрц пенситæ, кæд æмæ фонды æрвылмæйон æфтиæгтæ 23 милуан сомæй фылдæр нæ вæййынц, уæддæр. Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй ацы азы кæронмæ Пенсион фондæн йæ бон нал суыдзæн йæхи фæрæзтæй фидын пенситæ», – дзырдта Президент.

Президенты хъуыдымæ гæсгæ амалиуæггæнæг хъуамæ ауда йæ кусæгыл дæр æмæ уыдон куы хицæн кæной фиддонтæ Пенсион фондмæ, уæд фидæны минималон пенси нæ исдзысты, фæлæ бюджетон кусджытæ куыд исынц, афтæ. Уымæй дарддæр амалиуæггæнджытæм чи кусынц, уыдонæй алчи дæр исы йæ сывæллæттæн æххуысы æхца. Уыцы фиддонтæ дæр лæвæрд цæуынц, бюджетмæ  не ‘мбæстæгтæй цы фиддон-тæ цæуы, уырдыгæй.

Президент ма дзырдта фæдзæхстады фарстытыл. Ацы фарст дæр актуалон у нæ республикæйы. Уымæн æмæ хицауады номыл амалиуæггæнджытæй арæх æрбацæуы куырдиæттæ, цыран фæдомынц, æвирхъау цауты рæстæджы сæ бизнес куы фæкъуылымпы вæййы, уæд хицауады æххуыс. Афтæмæй та уы-донæн сæ исад развæлгъау фæдзæхстады нæ вæййы. «Æрæджы африкæйаг емынæйы аххосæй нæ республикæйы цæрджыты æмæ хуыдарды фермерон хæдзарадты бирæ хæдзарон фос ныццагъд. Уыдон æрбахатыдысты махмæ, цæмæй сын компенсацитæ бафидæм. Фæлæ ма-хæн ахæм фонд кæй нæй, уымæ гæс-гæ сын сæ бон нæ бацис баххуыс кæнын», – дзырдта Президент.

Уымæй дарддæр ма Бибылты Анатоли æрдзырдта чысыл æмæ ас-тæуккаг бизнесæн æххуыс æмæ размæцыды перспективæтыл. Президент банысан кодта, уыдонæн рахицæнгонд кæй цæудзысты фæрæзтæ, «Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекты уæлбар кредиткæнынады фæдыл» Парламент цы закъон райста, уый бындурыл. Уыцы ахсджиаг закъоныл паддзахады сæргълæууæг йæ къух бафысдзæнис ацы аз сентябры.

Ацы закъонæн йæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ амалиуæггæнæг æмбæлон гæххæттытæ къамисмæ куы бадæтта, уæд паддзахадæн йæ бон уыдзæнис уымæн æппынкъад-дæр 2% баххуыс кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый ахæм стыр суммæ нæу, фæлæ цæмæй амалиуæггæнæг скуса, уый тыххæй йын чысыл æххуыс дæр хатт саразы йæ къух.

Экономикон райрæзты министр Кокойты Геннади куыд загъта, афтæ-мæй куыддæр ацы закъон йæ тыхы бацæуа, афтæ максималон æгъ-дауæй хатырон кредиттæ лæвæрд цы гоймæгтæн цæудзæн, уыдонæн ми-нæвæрттæй арæзт æрцæудзæн совет, кæцы йæ хъус дардзæнис кредиттæ раст радтыныл. Советы сконды уыдзæнис амалиуæггæнджытæй дыууæ закъондæттынад æмæ закъо-нæххæстгæнæг органтæй дæр фæй-нæ дыгæйттæ. Уыцы адæймæгтæ хъуамæ сæ хъус дарой, цæмæй цы финанстæ хицæн цæуа, уыдон хардз цæуой нысанмæздæхтæй.

Закъон ма куыд амоны, афтæмæй сæйраг хъусдард здæхт цæудзæнис ахæм бизнес-плантæм, кæцытæ хауынц куыд хъæууон хæдзарады къа-базмæ, афтæ цæрæнуатон-комму-налон лæггæдтæм, ахуырадон æмæ медицинон къабæзтæм.

Дарддæр фембæлды æргом диа-логы хуызы республикæйы хицауиуæ-гад æмæ амалиуæггæнджытæ аскъуыддзаг кодтой къорд актуалон фарстайы, кæцытæ хауынц сæ амалиуæгадон архайдмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.