Михаил Сурков Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы ссис иууыл фæстиуæгджындæр снайпер. Уыд иттæг хорз снайпер, хицæн кодта æрмæст аналитикон зондджындзинад æмæ стæм æвæлмастдзинадæй нæ, фæлæ ма хъæбатырдзинадæй дæр. Уымæн æмæ уый амардта 702 гитлерон салдаты, афицеры æмæ снайперы. Ацы факт бафидар кæндзысты, уыцы цаутæн æвдисæнтæ чи систы, уыдон. Фæлæ цал æмæ цал ахæм цауы уыд, æмæ снайперы амæттæгты  æмæ Сурков къухæй хæсты, тохты бацæугæйæ кæй амардта, уыдоны ничи федта. Уыдæттæ бахынцгæйæ снайпер цал фашисты амардта, уыдоны нымæц уаид бирæ фылдæр, ома иу минæй фылдæр.

Æрдзæй рахæсгæ цуаноны курдиат

Михаил Сурков райгуырд 1921 азы Сыбыры чысыл хъæу «Большая Салырь»-ы. Уый ныртæккæ дæр у тархъæды край æмæ уыцы рæстæджы та уыдысты æрсыты бынæттæ. Бынæттон нæлгоймæгты сæйраг куыст уыд цуан кæнын æмæ сыгъзæрин къахын. Хæсты райдианмæ 20-аздзыд лæппу йæ хъæуы нымад цыд фæлтæрдджын цуаноныл. Уыдис ын тынг хорз цæстырухс, афтæ ма уыд æнахуыр рæстдзæвин дæр. Куыддæр хæст райдыдта, афтæ Сурковмæ уайтагъд æрсидтысты советон æфсадмæ. Бахаудта Хуссар фронты 12-æм армийы 4-æм æхсæг дивизимæ, кæцы хъахъ-хъæдта Донбасс Красный Лиман-Дебальцевойы хаххыл.

Ам ын рабæззыд цуаноны кур-диат! Командиртæ уайтагъд фæхатыдысты æвзонг хæстоны рæстдзæвин æхсты тыххæй. Михаилы арвыстой снайперты курсытæм квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ. Уæдмæ йын уыд сæрыстыр цæмæй уыдаид, уый. 1942 азы марты мæйы Хуссар фронт цы хæстон гæххæт рауагъта, уым фыст уыд Сурковы дыууæ сгуыхтдзинады тыххæй. Иу хатт æхсæвы старшина Сурков иннæ снайпер – сырх æфсæддон Шиченкоимæ сбæрæг кодтой фашистты, кæцытæ арæзтой ног блиндажтæ. Советон хæстонтæ нæ батагъд кодтой æхсыныл, сæхицæн уал сифтонг кодтой хæстон позици æмæ банхъæлмæ кастысты, цæмæй иу бынаты куыд гæнæн ис афтæ фылдæр гитлеронтæ æрæмбырд уыдаиккой æмæ уый фæстæ æхсын райдыдтой. Фыццаг амардтой афицеры, уый фæстæ кæрæдзийы фæстæ куынæг кæнын райдыдтой салдатты. Фашисттæ акъоппыты  æрæмбæхстысты æмæ банхъæлмæ кастысты цалдæр сахаты. Цасдæр рæстæджы фæстæ гитлеронтæ ахъуыды кодтой, зæгъгæ, снайпертæ ацыдысты сæ позицитæй æмæ рахызтысты се ‘мбæхсæнтæй, фæлæ сарæзтой рæдыд къахдзæф. Афтæмæй Сурков цалдæр сахатмæ скуынæг кодта ныхмæлæууæджы иу афицер æмæ фараст салдаты, иу немыцагы та сцæф кодта. Шиченко та амардта æхсæз фашисты. Дыккаг хатт та Сурков æнтыстджынæй бакуыста минææхсæгимæ – скуынæг кодта 10 знаджы æмæ минæзгъалæджы бафтыдта йæ нысаныл.

Рæстдзæвин æхст

1942 азы 12 марты 4-æм æхсæг дивизийы 39-æм æхсæг полкы снайпер-инструктор Сурков хорзæхджын æрцыд «За отвагу»-йы майданæй. Уыцы рæстæгмæ уый амардта 66 гитлероны, фæцæф кодта фондз фашисты æмæ йæ куыстæй æрлæууын кодта немыцаг къæбицы. Уымæн йæ бон уыд цалдæр сахаты митыл хуыссын цыфæнды уазæлтты дæр. Бацæттæ кодта æртæ снайперы – Шиченко, Вольский æмæ Свечниковы, кæцытæ фæстæдæр райдыдтой хæдхъомæй кусын.

Снайперы рæстдзæвиндзинадыл дис кодтой йæ командиртæ. Иу хатт Троицкоейы хъæуы цур Сурков Вольскиимæ æрæмбæхст знаджы акъоппытæй иу километры дæрддзæгæн бынаты. Немыцæгтæ зыдтой, зæгъгæ, советон салдатты позицитæ сты дарддæр æмæ нæ тарстысты, афтæмæй слæууыдысты æнæхъæн бæрзæндæй. Уæд Сурков аскъуыддзаг кодта «се ‘хсæн сын дисциплинæ æрæвæрын». Знаджы салдаттæй та сæ иу куы слæууыд, уæд Сурков смæсты. Уый фашистæн фадат нæ радта уырыссаг æрдзы рæсугъддзинадæй æхцондзинад райсынæн æмæ йæ амардта иу æхстæй. Афтæ амардта дыккаг фашисты дæр, кæцы блиндажæй рахызт цалдæр минуты фæстæ æмæ æргуыбыр кодта фæмард-уæвæгмæ. Ацы цауы фæстæ фашисттæ  Троицкоейы акъоппытæй сæ фындз радарын дæр нал бауæндыдысты.

Нæмыгæй дæр æмæ хъамайæ дæр

1942 азы октябрмæ сыбыраг снайпер скуынæг кодта 702 знаджы. Фæмардуæвæг фашистты нымæц 701 куы схызт, уæд снайперимæ арвыстой дыууæ кинооператоры-документалисты, кæцытæ хъуамæ систаиккой сыбыраджы «куыст». Фæстдæр уыдонæй иу, Аркадий Левитан дзырдта, зæгъгæ, Сурков æнтыстджынæй ауагъта дуэль немыцаг снайперимæ. Немыцæгты позицитæй 400 метры дæрддзæгæн Михаил уый размæ сарæзта мæнг акъопп æмæ кæйдæр цæхæрадонæй рахаста нас, кæцыйыл скодта каскæ. Алцыдæр баст уыд техникæимæ. Сурков равæрдта каскаимæ нас акъоппæй æмæ йæхæдæг та слæууыд уырдыгæй 40 метры дæрддзæгæн.

Фашисттæ куыддæр фæхатыдысты каскæйы, афтæ йæ райдыдтой æхсын. Фæлæ Михаилы хуымæтæджы салдаттæ нæ цымыдис кодтой. Уый æнхъæлмæ каст, советон афицертыл цуангæнæг снайпер кæй фехс-дзæн насы, уымæ. Æмæ банхъæлмæ каст. Фашисты иу æхстæй дæр Сурков сбæрæг кодта знаджы æмæ йæ скуынæг кодта. Афтæ амардта 702 фашисты. Михаилы-иу бахъуыд знæгтимæ къухæй хæцын дæр. 1942 азы 30 ноябры 1341-æм æхсæг полкы снайперты взводы командир уæвгæйæ, уый атакæйы рæстæджы сæрмагондæй скуынæг кодта ныхмæлæууæджы авд салдаты, фыццæгтæй сæ иу  бабырста фашистон дзотмæ æмæ хъамайæ скуынæг кодта æртæ гитлероны. Ацы хъæбатырдзинады тыххæй кæстæр лейтенант Сурков хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй.

Диссаг у, фæлæ сыбыраг Советон Цæдисы хъайтар не ссис. Дыууæ хатты йæ бавдыстой Советон Цæдисы хъайтары ном райсынмæ. Фыццаг хатт снайпер 220 знаджы куы амардта, уæд, фæлæ йæ схорзæхджын кодтой æрмæстдæр Ленины орденæй. Дыккаг хатт та йæ бавдыстой немыцаг дзоты бацахсыны фæстæ. Фæлæ та йын ацы хатт дæр нæ радтой Советон Цæ-дисы хъайтары ном æмæ йæ схорзæхджын кодтой æрмæстдæр Сырх Стъалыйы орденæй.

Историктæ абоны онг дæр быцæу кæнынц ацы лæппуйы тыххæй. Уырыссаг æфсæддон историктæ йæ цæвиттонæн хæссынц куыд æфсæддон кады æмæ фидар къухы адæймаг, афтæ. Либералты хъуыды та у ахæм, зæгъгæ, снайперы фæстиуæгджындзинад у æрмæстдæр «советон машинæйы пропагандистон цыд». Фæлæ адæм хъуыды æмæ кад кæнынц сæ хъайтартæн, кæцытæй иу уыд сыбыраг хуымæтæджы лæппу Михаил Сурков.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.