Адæймаджы æнæниздзинадæн зиан чи хæссынц, уыдонæй æгас дунейыл иууыл зындгонддæр æмæ парахатдæр кæрдæджытæй иу у амбрози. Уый нымад цæуы уæлдай тæссагдæр кæрдæгыл. Уый æвзæрын кæны аллерги, кæцыйы ныхмæ дохтырты бахъæуы мингай, милуангай адæймæгтæн хос кæнын.

Аллерги куыд фæзыны æмæ йæ ныхмæ куыд тох кæнын хъæуы, уый тыххæй цалдæр фарсты радтам нæ горæты поликлиникæйы дохтыр-терапевт Джиоты Ингæмæ.

– Радзур-ма нын аллергийы фæзынды аххосæгты тыххæй.

– Амброзимæ аллерги у аллергийы хуызтæй иууыл парахатдæр. Уый фæзыны, амбрози дидинæг æфтауын куы райдайы æмæ йын йæ рыджы дымгæ иу ранæй иннæ ранмæ хæссын куы райдайы, уæд. Дымгæйы руаджы уыцы рыг бахауы цæрæн хатæнтæм дæр. Адæймагæн йæ сæтцъармæ, йæ царммæ куы бахауы, уæд бирæтæн фæзыны карз аллерги. Бирæтæн сæ организмы сконд афтæ у æмæ дзы æнцонæй фæрынчын вæййынц. Ацы низæй фæрынчын вæййынц æндæр æмæ æндæр кары адæймæгтæ, фæлæ йæ уæлдай уæззаудæрæй сфæразынц сывæллæттæ. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у кæддæриддæр зæрдыл дарын – куы йæ фæхатай фæзындис дыл, уæд ын рæстæгыл хъæуы хос кæнын, уымæн æмæ гæнæн ис суа хроникон.

– Куыд базонæн ис райдианы, фæзындис дыл аллерги æви нæ, ома, цахæм сты йæ симптомтæ?

– Уыдон сты ахæмтæ: буар барæсийы, цæссыгтæ фæцæуынц;  адæймаг арæх æхснырсын райдайы, фæхуыфы лæгъзыг не ‘ппаргæйæ, хъуыры фенкъардæуы рыст, ныхъхъуырын зын вæййы; буар лыстæг рафады æмæ адæймаджы тынг фæхæры;  гæнæн ис адæймаг хыр-хыр кæна, уæлдæф ын ма фаг кæна; – сæр тынг фæриссы;  аллергийы рæстæджы адæймаг суцца кæны, вæййы депрессивон уавæры, йæ аппетит вæййы æвзæр, афтæ ма æвзæр фæфынæй кæны.

Амбрози дидинæг куы фæкалы æмæ ахæм симптомтæ куы фæзыной адæймагмæ, уæд æнæмæнг хъæуы æмбæлон медицинон æххуыс райсын.

Лæмбынæгдæр нын куы радзурис сывæллæтты тыххæй ацы низы рæстæджы.

– Аллергийы низтæ фæзынынц алы æртыккаг сывæллоныл дæр. Уыдонæн сæ аххосаг у æвзæр экологи, афтæ ма хæдзарон продуктты мæгуырау гъæд, кæцытæ стыр зиан хæссынц сывæллæтты иммунон системæйæн. Ацы низы фæзынд иууыл тæссагдæр у, кæрдæджытæ æмæ бæлæстæ дидинæг куы æфтауынц, уæд. Раст уыцы рæстæджы фæзыны аллерги амброзимæ дæр. Йæ симптомтæ сты, куыд хистæр кары адæмæн, афтæ. Сывæллæттæн ацы низæй хоскæнын гæнæн ис райдайæн æрмæстдæр диагноз æмæ аллерген сбæлвырд кæныны фæстæ. Хъæуы йын йæ хæринæгты фæивын. Йæ рационæй йын хъæуы бæрзондаллергенон продукттæ (шоколад, æйчытæ, цитрустæ æмæ гагадыргътæ æмæ æндæртæ) сисын. Уый тыххæй нысан æрцæуы сæрмагонд гипоаллергенон диетæ, алы сывæллонæн дæр индивидуалонæй йæ кар æмæ низы карздзинад хынцгæйæ.

– Медицинон препараттæй дарддæр ма гæнæн ис адæмон медицинæйæ спайдагæнæн?

– Хосгæнæн терапийы æмрæнхъ аллергийы ныхмæ тох кæнынц адæмон фæрæзтæй дæр. Иууыл арæхдæр пайда кæнынц ахæм адæмон рецептæй:  – дæс чысыл басты маламар (ниахури) рауадзын хъæуы дзидзассæны, уый фæстæ йын йæ дон ныллæмар æмæ йæ схæццæ кæн дыууæ хæрыны уидыджыдзаг мыдимæ. Нуазын дзы хъæуы бон æртæ хатты, æртæ уидыджыдзаг хæрды размæ.

– иу хæрыны уидыджы дзаг пысырайы ссадæджы ныккæн иу агуывзæ доныл æмæ йæ рафыц 10-15 минуты. Нуазын дзы хъæуы иу хæрыны уидыджыдзаг бон 5-6 хатты;

– иу цайы уидыджыдзаг фыдхосы (тмины) лыстæггонд уидæгтæ æмæ иу ахæм та йæхæдæг, афтæмæй сæ хъæуы иу агуывзæ доныл ныккæнын æмæ йæ артыл бауадзын хъæуы 10 минуты бæрц. Уый фæстæ йæ æруазал кæн æмæ дзы нуаз бон æртæ хатты 70 граммтæ.

Аллергийæн хосгæнæн ис назы хихтæй дæр. Рауадзын сæ хъæуы дзидзассæны. Фондз уидыджыдзаг дзы схæццæ кæнын хъæуы уагълыйы ссад гагатæ хъæдындзы цъæрттимæ, уый фæстæ сыл ныккæнын хъæуы иу литр дон æмæ йæ рафыцын хъæуы 10 минуты дæргъы. Хоскæнын дзы хъæуы, цалынмæ низ бынтондæр нæ ацæуа, уæдмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ адæмон рецепттæй хоскæнын кæй хъæуы традицион терапи æмæ сæрмагонд диетæимæ иумæ.

– Цахæм профилактикон мадзæлттæ хъæуы исын, цæмæй ма фæзына аллерги?

– Аллерги дидинæг æфтауыны сезонон фактор кæй у, уымæ гæсгæ хъахъхъæнын хъæуы уыцы рæстæджы æппæт профилактикон мадзæлттæ. Фыццаджыдæр, æввахс цæуын нæ хъæуы, амбрози кæм зайы, ахæм бынæт-тæм, уæлдайдæр та – тæвд æмæ дымгæ рæстæджы. Аллергимæ æмхиц адæймаг кæм цæры, уый йæхи гæнæн ис æмæ бахъахъхъæна рудзынгыл сæрмагонд хыз бакæнгæйæ. Хатæнтæ хъæуы уымæл хæцъилæй арæх сæрфын. Арæхдæр хъæуы доны процедурæтæ исын. Сæрмагонд хъусдард здахын хъæуы хæдзары цæрæг куыйтæ æмæ гæдытæм. Уыдон гæнæн ис æмæ сæ хъуынтыл хæссой амброзийы рыг. Уымæ гæсгæ сæ  семæ тезгъо кæныны фæстæ хъæуы ныннайын. Аллерги фæзынынæй тæссаг куы вæййы, уæд пайда кæнын нæ хъæуы зайæгойтæй конд препараттæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.