Варшавæйы саммиты фæстæ дызæрдыггаг нал у, Гуырдзыстон æмæ Украинæ НАТО-йы къæсæрыл кæй лæууынц, уый. Фыццаг чи бакъахдзæф кæндзæн къæсæры сæрты, уый та рæстæг фенын кæндзæн, фæлæ алъянсы къухдариуæгад сæрмагонд ныфс æвæрынц Тбилисæй, уый та бæрæгæй зыны НАТО-Гуырдзыстоны къамисы иумиаг хъусинаджы тексты.

Хъусинаджы цы традицион ныхæстæ ис, зæгъгæ, альянс сæтты кæй хæцы Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады фарс æмæ сиды Уæрæсемæ, цæмæй «йæ уынаффæ аива, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахадтæй кæй банымадта, уый тыххæй æмæ йæ гарзджын тыхты ракæна Гуырдзыстоны территорийæ». Уыдон хъусыны аккаг нал сты æмæ сæ гæнæн ис аппарай, куыд ихсыд пластинкæ, афтæ, фæлæ цымыдисондæр у хъусынаджы уыцы хай, кæцыйы дзырдæуы, зæгъгæ, НАТО цæттæ у «Уæлдæфон ныхмæлæуды хъахъхъæнынады системæ райрæзын кæныны хъуыддаджы официалон Тбилисæн баххуыс кæнынмæ». Уымæй дæр æй æмбарын кæны бынтон абстрактонæй, ома, уæлдæфон хъахъхъæнынады фадæттæ райрæзын кæныны гуырдзиæг-ты фарсмæ балæууын, уый зæгъгæ, у альянсимæ интеграцийы процессы Гуырдзыстонæн æххуысы ног къахдзæфты иу хай».

Сбæлвырдкæнинагæй баззад ахæм фарст: цымæ чи халы гуырдзиаг арвы тыгъдад æмæ уыцы фарсты тыххæй афтæ тынг цæй тыххæй стыхст Цæгататлантикон альянс? Алцы дæр æмбæрстгонд уыдзæн,  дзырдтæ «уæлдæфон ныхмæлæуды хъахъхъæнынад» ивд куы æрцæуа «ракетæты ныхмæ хъахъхъæнынадæй», уæд. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, уыцы баивдæй бирæ ницы фæивдзæн, уымæн æмæ уæлдæфон ныхмæлæууынады нырыккон системæтæ æнтыстджынæй кусынц куыд хæдтæхджыты ныхмæ, афтæ ракетæты ныхмæ дæр. Америкæйаг уæлдæфон ныхмæлæуды хъахъхъæнынады раззагон позици Гуырдзыстоны сæвæрыны хъуыды ног нæу. Æнгæс фæндонимæ амæйразмæ бахатыдысты Барак Обамамæ сенатортæ-республиконтæ Джон Кайл, Джеймс Риш, Марк Кирк æмæ Джеймс Инхофом. Фæлæ уæд Foreign Policy-ы афæлгæсæг Джош Рогины ныхæстæм гæсгæ, уыцы фæндоны банымадтой рагафоныл (ома йын нæма раджы у), уымæн æмæ Гуырдзыстон нæма Цæгататлантикон альянсы сконды нæй æмæ Америкæйы Иугонд Штатты администраци «Уæрæсеимæ сæ ахастытæ фехалыны тасæй».

Абон та, Вашингтон æмæ Мæскуыйы ‘хсæн ахастытæ афтæ  сты, æмæ æвзæрдæрæн гæнæн кæй нæй, Варшавæйы саммиты та ахæм деклараци кæй райстой, цыран сæрмагондæй банысан кодтой НАТО-мæ интеграцийы фæндагыл Гуырдзыстоны нысаниуæгджын прогрессы, уæд сын ныхдуртæ практиконæй нал баззад. Æмæ дызæрдыггаг нал у, Цæгататлатикон альянмæ Джорджиайы интеграции ныр ацæудзæн цырд темптæй. Фæлæ нырма Тбилис не ссис натойаг столицæтæй сæ иу, бынæттон уæлдæфон ныхмæлæуды хъахъхъæнынады маркæимæ гæнæн ис перспективæйы цадæггай ласой ифтонггæрзтæ радон уæлдæфон ныхмæлæуды хъахъхъæнынады позицийы тыххæй.

Уый стыр бæллиццаг хæстон хиндзинад нæу, фæлæ куыдфæндыйæ дæр уый хуыздæр у æрымысæггаг ирайнаг ракетон-ядерон тасдзинадæй, кæцыйы æххуысæй америкæйаг стратегион ракетæты ныхмæ хъахъхъæнынады элементтæ æрбынат кодтой Скæсæйнаг Европæйы.

О, фæлæ Петр Порошенкойæн нæ атылд, æниу  «ракетон уарт»-ы тыххæй Украинæйы рагæй æмæ фидарæй дзурынц. Зæгъæм, Украинæйы националон хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады  советы нымæрдар Александр Турчинов æгæрыстæмæй æмбæхсгæ дæр нæ кæны, «Европæйы уæлдæфон ныхмæлæуды хъахъхъæнынады сконды Украинæйы бафыссын». Куы баууæндæм Украинæйы хъахъхъæнынады экс-министр Михаил Ежелыл, кæцы абон ис дунеон агуырды, уæд, Киевæн АИШ-ы финансон æххуысы фæстæ Украинæйы америкæйаг ракетæты ныхмæ хъахъхъæнынад рæвæрыны тыххæй ныхас цыд Виктор Януковичы рæстæджы. Абон Петр Порошенкоимæ ахæм бадзырдтæ цæуы? æмæ ныр цы стадийыл сты? Уый стыр сусæггаг у. Фæсокеайнаг ракетæты ныхмæ хъахъхъæнынад рæвæрыны рады Гуырдзыстон зынтæй уыдаид украинаг батькæйы разæй, Донбассы хæст куынæ уыдаид, уæд. Уымæй дæр уыцы хæсты украинаг хæстонтæ фæуæлахиз уыдзысты, уый ныфс никæй ис, кæд сæ америкæйаг инструктортæ сæ тых сæ бонæй цæттæ кæнынц, уæддæр. Ахæм рæстæджы ахæм зынаргъ «мулчы» тасы чи баппардзæн?

«Гуырдзиаг уæлдæфон ныхмæлæуды хъахъхъæнынады» сюжетмæ сæ хъус æрдардтой Мæскуыйы дæр, уый фæстиуæгæн скъуыддзаг нæу,   Уæрæсе-НАТО-йы радон рабадт ауагъдæуыдзæн æви нæ, уый.

«Осинформ»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.