Йæхи аивад кæмæн нæй, уыцы адæм мæгуыр сты, саст базыр маргъæй уæлдай не сты. Ацы хъуыды йæ рæстæджы уæгъд нæ уагъта Цхинвалы районы культурæйы управленийы раздæры сæргълæууæг Тадтаты Юзæйы æмæ сфæнд кодта районæн йæхи ансамбль саразын. Адæймаг та ахæм у, æмæ зæрдæйæ цы сфæнд кæна саразын, уый æнæмæнг йæ къухты бафтдзæнис. Зын уыд, кæй зæгъын æй хъæуы райдианы, фæлæ 1975 азы районы культурæйы управленийы сырæзт фольклорон ансамбль «Амонд» æмæ цыбыр рæстæгмæ уый йæхи фенын кодта цæвиттойнагæй. Йæ хайадисджыты аив кафт æмæ зардæй, уый уайтагъд фæндаг ссардта сценæкæсджыты зæрдæтæм.

Ансабль «Амонд»-ы сырæзтыл ныр сæххæст ис 45 азы. Фæлæ, уыцы азтæ æмткæй ансамблæн нæ уыдысты йæ рæзты азтæ. Æрбалæууыдысты 90-æм азтæ æмæ нын гуырдзиаг фыдгæнджытæ канд нæ хъæутæ æмæ горæт не ’ркодтой раууатмæ, фæлæ стыр зиæнттæ ракодтой ирон аивад æмæ культурæйæн дæр. Уыдон хорз зыдтой, æнæ театр, æнæ нывкæнынад, æнæ литературæ, зард æмæ кафты аивадæй адæм æххæст адæм кæй нал вæййынц, уый. Фæлæ уæддæр фыдгæнæджы бон нæ бацис ирон адæмы ныфс асæттын… Æмæ кæд бирæ азты дæргъы нал æмæ нал бадт йæ гаччы нæ паддзахадон ансамбль «Симд», уыцы нымæцы Цхинвалы районы ансамбль «Амонд» дæр, сфæлдыстадон куысты сын хъæугæ фадæттæ кæй нал уыдис, уымæ гæсгæ, уæддæр равдыстой стыр фидардзинад. Сæ лæппу фæсивæд архайдтой знаджы ныхмæ тохты, лæууыдысты постыты. Фæлæ сын иу фадат куы фæцис, уæд-иу æрбацыдысты репетицитæм, æмæ-иу аивад ссис знаджы ныхмæ тохы æвæджиауы хотых. Æмæ-иу сæ «фæллой» дæр кадавар нæ рауад, ууыл дзурæг уыдысты се ’нтыстытæ. Уыдон концерттæ хастой нæ республикæйæн æддейæ æндæр æмæ æндæр горæттæм. Фæлæ та фæстæдæр йæ куыст æрнымæгау.

2003-æм азы Цхинвалы районы культурæйы управленийы сæргъ слæууыд Гаглойты Ростик. Уый бацархайдта ногæй ансамблы куыст йæ къахыл слæууын кæныныл. «Амонд»-ы кафджытæй ма цалдæрæй сразы сты ногæй кафыныл, уымæн æмæ уыцы рæстæджы хъуыд царды амæлттæ кæнын, уыцы æнæбары къапеччытæй та нæ уыд бинонты фæдарæн. Ростик куыд загъта, афтæмæй уыцы рæстæджы, сæ амондæн «Симд»-æй дæр пенсийы рацыдысты Джиоты Феликс, Хуыгаты Хаджумар, Гобозты Гиви, Дыгъуызты Вова, Кокойты Валери æмæ æндæртæ æмæ сæ æрбахуыдтой сæхимæ. Зын уыд фыццаг рæстæджы, фæлæ стæй районы сырæзт хъомысджын ансамбль ногæй. Ростик куыд зæгъы, афтæмæй сæм се ’ххуысы къух фæдаргъ кодтой районы уæды сæргълæууæг Пухаты Инал æмæ финансты министр Хæбæлаты Азæ. Сæ мыздтæ кæд хæрзчысыл уыдысты, уæддæр уыцы рæстæджы адæммæ бирæ уыд патриотизм æмæ куыстой зæрдæбынæй. Уæд расидт æрцыд фестиваль «Мир Кавказу», зæгъгæ. Уæд ансамбль «Амонд»-ы кафтыл сæ цæст æрæвæрдтой Цæцæн æмæ Мæхъæлы рес-публикæты дæр. Бацахстой фыццаг бынат. Уый фæстæ дæр ансамбль хайад иста æндæр æмæ æндæр конкурсты, фести-валты, æмæ-иу алыхатт дæр æрыздæхт уæ-лахизимæ, бацахста-иу дыккаг бынат. Стæм цау-иу уыдис ансамбль-иу фыццаг бынат куы бацахста. Уымæн æвдисæн сты, цы бирæ кады грамотæтæ æмæ призтæ лæвæрд æрцыдысты ансамблæн, уыдон. Иудзырдæй, кæмфæнды дæр ансамбль «Амонд» хъахъхъæдта Хуссар Ирыстоны национ цæс-гом, бæрзонд ын иста йæ культурæ.

Цард цæуы, фæлтæр та фæлтæры ивы. «Амонд»-ы хистæр фæлтæры ракодтой æмæ сарæзтой фольклорон ансамбль, сæ бынат та сын бацахстой æвзонг фæсивæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыд ног штаттæ æрбакæнын, фæлæ уый къухты не ’фтыд. Уымæ гæсгæ-иу штат адих кодтой 4-5 адæймагыл æмæ сæ куыстмызд вæййыуыд 2-3 мин сомы. Фæлæ, уæддæр æнæзивæгæй цыдысты сæ куыстмæ. Уымæн æмæ Ростик куыд зæгъы, афтæмæй, уыцы фæсивæд зæрдæйæ баст сты аивадимæ. Уыдонæй ныр 8 кафæджы ахызтысты паддзахадон ансамбль «Симд»-мæ æмæ сын сæ бынатмæ та æрбахуыдтой æндæрты.

«Раппæлинаг у ансамблы къухдариуæг-гæнджытæ Санахъоты Сослан æмæ Дыгъуызты Вовæйы куыст. Сæ дыууæ дæр сты, ирон аивад зынаргъ кæмæн у, ахæмтæ. Æмæ архайынц, кусынц, æнæвгъауæй дæттынц сæ зонындзинæдтæ кæстæр фæлтæрæн. 2020 азы дæр нæ ансамбль бирæ рæттæм уыдис хуынд, фæлæ фæкъуыхцы ис йæ куыст пандемийы аххосæй. Æниу ма кафын кæй æндæвта, адæм катайаг æмæ сæргой фесты, уыцы рæстæджы. Фæлæ та ныр ансамбль æрæвнæлдта йæ куыстмæ, æрвылбон дæр уадзынц репетицитæ æмæ апрелы кæрон уыдон хъуамæ радтой хыгъдон концерт. РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ куыд зæгъы, афтæмæй кæд сæ концерт æмбæлон æмвæзадыл ацæуа, уæд сæ арвитдзысты Казахстанмæ дæр», — зæгъы Гаглойты Ростик.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæм стыр хъусдард здæхт цæуы хицауады æрдыгæй дæр. Æххæст сты музыкалон инструменттæй, кафæн дзаумæттæй. Фæлæ раздæр куыд уыд, афтæ ныр дæр тыхсынц штаттыл. Куы йæ афарстон, дæхæдæг исты архайыс, уый тыххæй, уæд мын мæ фарстæн æнкъардæй дзуапп радта: «Уый тыххæй æз бахатыдтæн нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй нын ацы хъуыддадджы бах-хуыс кæна. Нæхæдæг дæр æмбарæм, уый æнцон нæу. Фæлæ Бибылты Анатоли йæ хъусдард хорз аздæхта аивадмæ, уымæн æмæ хорз æмбары, йæ аивад бæрзонд æмвæзадыл цы адæмæн нæ уа, уыдон размæдзыд никуы уыдзысты. Уымæ гæсгæ нæ стыр ныфс ис, æнæхъусдард нæ кæй нæ ныууадздзæнис, уымæй.

Зæгъын хъæуы уый æмæ ансамблæн æмбæлон бæрц артисттæн штаттæ куы радтиккой, уæд сæ куыст ноджыдæр сисиккой бæрзонддæр æмвæзадмæ æмæ нæм фæзынид дыккаг паддзахадон ансамбль дæр», — загъта Ростик.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ районы культурæйы хайадæн йæ куыст ансамбль «Амонд»-ыл кæй нæ банцад. Йæ дæлбар ма сты адæмон театр, вокалон къорд «Ирон фæндыр», сывæллæтты вокалон ансамбль, хореографион ансамбль «Малусæг». Гаглойты Ростик куыд банысан кодта, афтæмæй ацы къордтæ се ’ппæт дæр сæ куыст хъуамæ фенын кæной хыгъдон концертты. Уыдон та уагъд цæудзысты апрелы кæронæй суанг майы мæйы æмбистæм.

Сæ куыстмæ бæрнон ахаст дарынц адæмон театры æртисттæ дæр. Æнæкъуылымпыйæ уадзынц сæ репетицитæ. Уымæн æмæ сæм æрæджы æрбахатыдысты Знауыры районы Хъорнисы хъæуæй, цæмæй та сæм æрхæссой се спектакльтæй. Адæмон театры куыст, æцæгæйдæр, раппæлинаг у, уымæн æмæ-иу се спектаклтæ арæх ахастой Знауыр, Дзау æмæ Ленингоры районмæ. Артисттæ Ростик куыд зæгъы, афтæмæй се ’ппæт дæр сты сæ хъуыддагыл æнувыд.

Зæгъын хъæуы уый æмæ ма районы кæй архайынц хъæууон культурæйы хæдзæрттæ дæр. Уыдонæн дæр кусынæн ис æппæт уавæртæ. Дменисы культурæйы хæдзар æдзæллаг уавæры кæй уыд, уый бахынцыдтой нæ республикæйы разамынад æмæ уыдонæн дæр арæзт æрцыд ног бæстыхай, цыран сын фадат уыдзæн æмбæлон куыст кæнынæн. Хъæууон культурæйы хæдзæрттæ дæр арæх ауадзынц конкурстæ, алыгъуызон мадзæлттæ. Уыдонæн дæр сæ куыст кæд æрнымæг зындгонд низы аххосæй, уæддæр ныр æрывнæлдтой сæ куыстмæ. Районы культурæйы хайад фæнд кæны се ’хсæн конкурс «Цæйут чызджытæ» æмæ сфæлдыстадон æркаст ауадзын, цыран хайад исдзысты, кафын, зарын æмæ театралон жанрæй.

Арфæйаг куыст кæнынц районы культурæйы управленийы дæлбар сфæлдыстадон коллективтæ се ’ппæт дæр æмæ сын нæ цæст дæр уарзы стырдæр æнтыстытæ.

Ансамбль «Амонд»-æн та ацы аз юбилейон аз у æмæ нæ адæмæн се сфæлдыстадон архайдæй ноджыдæр хæссæт амонд æмæ æхцондзинад.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.