2004 азы Беслæны æбуалгъы террористон акты амынæтты ирвæзын кæныны рæстæджы фæмард сты «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы дæс спецназоны. Уыдонæй иу уыд Андрей Туркин. Уый райгуырд 1975 азы 21-æм октябры горæт Орскы. 1993 азы Андреймæ æрсидтысты æфсадмæ, службæ кодта Фæсбайкальы арæнгæрон зылды Приаргунскаг арæнгæрон къорды заставæйы. Хайад иста хæстон архайдтыты таджикаг-афгайнаг арæныл. 1997 азы Андрей Туркин службæ кæнынмæ бацыд «В»-йы управленимæ.

«Вымпел»-ы рæнхъыты Андрей Туркин службæ кодта 2-æм оперативон-хæстон хайады. Ацы хайады службæйы фыццаг бонтæй фæстæмæ æвзонг кусджыты хъомыл кодтой Райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвынмæ. Андрей ахуыр кодта хæцæнгæрзты бирæнымæц хуызтæ. Уый ссис хайады хуыздæр æхсджытæй иу. Йæ зæрдæмæ цыдысты егъау хæцæнгæрзтæ æмæ йæ уымæ гæсгæ снысан кодтой хайады пулеметчикæй. Уый уыд физикон æгъдауæй тыхджын æмæ фæразон развæдсгарæг. Цæцæнмæ æфсæддон командировкæты рæстæджы алыхатт дæр уыд сæйраг развæдсгарæн хайы. Хæстон операциты равдисгæ хъайтардзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй.

Андрей йæ мадæн дзырдта, зæгъгæ, кусы документтимæ, нæ йæ фæндыд,  йæ мады тыхсын кæнын. 2001 азы Андрей æмæ йæ цардæмбал Наташæ баисты фырты хицау. Кавказмæ йæ тæссаг командировкæтæ дарддæр кодтой. 2002 азы хорзæхджын æрцыд «За заслуги перед Отечеством»-ы орденæй. Хайад иста Дубровкайы театралон комплексы амынæтты ссæрибар кæныны фæдыл операцийы, цыран сæрмагондæй йæхæдæг йæ уæхсчытыл рахаста дæсгай сæрæгас, фæлæ чи фæуадзыг ахæм адæймæгты. Андрей райста «За заслуги перед Отечеством»-ы майдан. 2004 азы уалдзæджы йæ «Вымпел»-ы къорды командир бавдыста Хъайтардзинады орден райсынмæ, фæлæ йын нал бантыст йæ райсын…

2004 азы 1-æм сентябрь. Беслæны æрцыд адæймагады чи нæма уыд, ахæм террористон акт. Бæстæйы адæм катайдзинадимæ кастысты телевизормæ. Андрейы мад дæр каст тæссаг кадртæм, фæлæ йæ хатгæ дæр нæ кодта йæ фырт цæхæры кæй ис, уый. Уымæн æмæ йæм уый размæ Андрей фæдзырдта æмæ йын загъта, зæгъгæ, цæуы улæфынмæ Сочимæ. Фæлæ нымад минуттæм Туркин йæ хъуыды фæив-та, Беслæны трагедийы тыххæй куы базыдта, уæд. Уый рапорт ныффыста, цæмæй йæ арвыстаиккой Цæгат Ирыстонмæ. Хъуыды дæр нал акодта улæфынмæ ацæуыныл, загъта, зæгъгæ, йе ‘мбæлттæ сывæллæтты фервæзын кæныны тыххæй сæхи цардыл куынæ хъуыды кодтаиккой, уыцы рæстæджы уый та пляжы улæфыдаид.

Йæ буарæй бамбæрзта гранат

Террористтæ амынæтты батардтой спортзалмæ, цыран сын сæ сæрмæ æрцауыгътой гранаттæ. Хистæркъласон Бадойты Надяйы алыварс æрæвæрдтой хæстон æрмæджытæ. Бандиттæ гранаттæ пырх кæнын куы райдыдтой, уæд спецназонтæ райстой бардзырд бæстыхайы штурмы тыххæй. Спортзалæн хайгай æркалд йе ‘мбæрзт æмæ амынæттæ алырдæм лыгъдысты. Боевиктæ сæ æхстой фæстийæ. Надеждæ, кæцыйы аирвæзын кодта Туркин радзырдта: «Мах хъæр кодтам фыртыхстæй, уæдмæ салдаттæ æрбагæппытæ кодтой хæрæндонмæ. Террорист ныл æрбаппæрста гранат æмæ ныхъæр кодта «Аллах Акбар», зæгъгæ. Салдаттæй сæ иу багæпп кодта гранатмæ, мах фервæзын кæныны сæраппонд. Айхъуыст срæмыгъд, мæнæн схъистæ сæмбæлдысты мæ къахыл, ахаудтæн æмæ фæуадзыг дæн». Уыцы салдат уыд Андрей Туркин. Æхстыты бын уыдон бацыдысты хæрæндонмæ. Уырдæм террористтæ батардтой спортзалы срæмыгъдтыты фæстæ ма амынæттæй сæрæгасæй чи баззад, уыдоны. Иу боевик скуынæг кæнгæйæ, Андрей Туркин бафиппайдта, иннæ гранатæ кæй фехста комкоммæ дæр амынæтты цурмæ. Уæд уый багæпп кодта æмæ йæ буарæй  бамбæрзта гранаты. Ацы архайдтыты фæрцы, къухы бафтыд бирæ адæймæгты цард аирвæзын кæнын.

Кæрæдзийæн систы æввахс адæймæгтæ

Штурмæй цалдæр боны фæстæ Надяйы хиуæттæ базыдтой, сæ чызджы сын Андрей Туркин кæй аирвæзын кодта, уый. Йæ ном ын хъуыды кæнынц Беслæны кæй аирвæзын кодта, уыцы иннæ сывæллæттæ, кæцытæ абон цин кæнынц цардыл æмæ сын уыцы циндзинад балæвар кодта спецназы афицер.

2004 азы сентябры  спецдæлхай «Вымпел»-ы лейтенант Андрей Туркиныл  цыд 28 азы. Йæ мад Валентина Иваны чызг йæ мысинæгты загъта, зæгъгæ, скъолайы хоры куы за-рыд, уæд уарзта зарджытæ «Смуглянка», «Есть только миг между прошлым и будущим», цыма  йæ хъысмæт зæрдæйæ хатыд, уыйау. Бадойты Надяйы бинонтимæ Андрейы мадæн абоны онг дæр æнгом бастдзинад ис, куыд иууыл æввахсдæр адæймæгтимæ, афтæ. Кæрæдзимæ цæуынц уазæгуаты. Уæдæй рацыд 18 азы. Надя каст фæцис медицинон академи, ссардта йæ амонд дæр. Ис ын дыууæ сывæллоны. Йæ чындзæхсæвмæ фæхуыдта Андрей Туркины бинонты æмæ йын уыдон дæр фæцин кодтой йæ цинагыл.

Хъайтартæй нæ райгуырынц – хъайтартæ суæвынц

2004 азы 6-æм сентябры УФ-йы президенты Барамындæй Андрей Туркинæн лæвæрд æрцыд бæстæйы иууыл уæлдæр хорзæх йæ амæлæты фæстæ. Уæрæсейы хъайтары стъалы райста йæ идæдз Наталья Туркина. Андрей нал базыдта йæ амæлæтæй фондз мæйы фæстæ йын дыккаг фырт кæй райгуырд, кæцыйы йæ идæдз схуыдта Андрей йæ хъæбатыр фыды цытæн. Хъайтары бюст æвæрд æрцыд горæт Орскы Кады аллейы Хъайтарты скверы. Уæрæсейы хъайтары ном лæвæрд æрцыд Орскы 53-æм скъолайы кадетон къласæн дæр. Йæ ном ма хæссы Краснодары крайы Динская станицæйы 1-æм скъола дæр, ацы ахуырадон уагдоны бахизæны ма Туркинæн æвæрд æрцыд мемориалон фæйнæг. Ахæм фæйнæг ма ис хъайтар кæм ахуыр кодта уым – Краснодары маркетингы академийы бæстыхайы дæр. Арæнгæрон Приаргунскаг къорды абоны онг дæр ис йæ сынтæг. Абоны онг дæр хынцыд цæуы къорды сконды. Ис Андрейæн йæхи стенд Мæскуыйы ахуырады центры Беслæны хъайтарты музейы. Скъоладзаутæ æмæ фæсивæд бацæуынц уырдæм «Хъайтардзинады уроктæ» уадзыны рæстæджы æмæ ссарынц  сæ цард æндæрты аирвæзын кæныны тыххæй чи радта, уыцы æхсарджын хæстонты нæмттæ, уыдоны ‘хсæн ис Андрей Туркин дæр. Ныгæд æрцыд Мæскуыйы «Николо-Архангельскаг уæлмæрды. Андрей Туркины ном никуы ферох уыдзæн Уæрæсе æмæ Беслæны цæрджытæй. Хъайтартæ нæ мæлынц…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.