Киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы концерт. Концерт уагъд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизы боны цытæн. Уыцы бон ардæм æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад, сæ сæргъ Президент Бибылты Анатоли, афтæмæй.

Концертамонæг, ансамбль «Симд»-ы артисткæ Гатыгкоты Нинæ арфæ ракодта концертмæ æрбацæуджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ сæрмагондæй загъта ветерантæн немыцаг фашизмы ныхмæ тохы се стыр хайбавæрды тыххæй. «Сымах, зынаргъ ветерантæ, махæн стут тынг зынаргъ æмæ уын нæ сæртæй ныллæг кувæм!».

Бæрæгбонон концерт байгом кодтой рагон ирон кафт «Симд»-æй, кæцыйæ ирон адæм сты сæрыстыр. Сценæмæкæсджытæ стыр цымыдисимæ кастысты профессионалон кафджыты арæхстдзинадмæ æмæ сæ цины æнкъарæнтæ æвдыстой сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй.

Уымæй дарддæр ма ансамбль «Симд» концерты фæлгæтты равдыстой сæ ног сæвæр-гæ кафт «Ирон бæрæгбонон кафт (Осетинский массовый перепляс). Кафт сæвæрдта ансамблы сæйраг балетмейстер Чилæхсаты Георги.

Ирон кæфтыты фæстæ æххæстгонд цыдысты ирон патриотикон æмæ æфсæддон зарджытæ дæр. Ахæм зарджытæ сæххæст кодта ансамблы зарæггæнджыты хор. Дирижер та сын уыдис курдиатджын артисткæ Саппиаты Залинæ.

Концерты ма æххæстгонд æрцыдысты ахæм музыкалон номыртæ, куыд «Бæрæгбон Ирыстоны», «Хæххон», «Чызджыты кафт» æмæ æндæртæ. Концерты кæрон та балхынцъ кодтой хореографион равдыст «Аланты сюитæ»-йæ, кæцыйы сæвæрдта ансамбль «Симд»-ы раздæры аивадон къухдариуæггæнæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Саулохты Сергей.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй ансамблы уæнгтæн æрбахастой дидинджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз йæ раныхасы рæстæджы арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта ансамбль «Симд»-ы артисттæн, ахæм цымыдисон концерт сын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. «Концерт уыд тынг цымыдисон æмæ нын уæлдай æхсызгон та уый уыд, уагъд кæй æрцыд Стыр Уæлахизы боны цытæн. Хуссар Ирыстонæй бирæ фырттæ ацыдис фронтмæ æмæ дзы хъæбатырæй лæууыдысты немыцаг фашисты ныхмæ, нæ иумиаг знаджы ныхмæ. Ветеранты советы номæй уын арфæ кæнын уе ‘ппæтæн дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы бæрæгбоны цытæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад æмæ хæлардзинады æппæт хæрзиуджытæ», – загъта Уалыты Гайоз.

Арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ республикæйы къухдариуæгадæн загъта паддзахадон ансамблы нæлгоймæгты хоры солист Æлборты Инал. «Фæнды ма мæ стыр бузныг зæгъын нæ сценæмæкæсджытæн, афтæ хъарм æмæ нæ хорз кæй айсынц, уый тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы бирæ хорздзинæдтæ æмæ æнæниздзинад. Мах та уын дарддæр дæр уæ зæрдæтæ цы рухс кæнæм, æмæ уын кафгæ дæр æмæ заргæ дæр цы кæнæм, уый амонд нæ уæд», – загъта Æлборты фырт.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Дзеранты Шота дæр йæ раныхасы банысан кодта бæрæгбоны стыр нысаниуæг æмæ цыбыртæй сценæмæкæсджытæн радзырдта йæ тæлмæнты тыххæй хæстон азты. «Бузныг уын зæгъын, ацы цымыдисон изæры тыххæй. Абон махæн нæ фарсмæ ис ног Президент æмæ адæм се ‘ппæт дæр хъуамæ æрбалæууой йæ фарсмæ, цæмæй сæ къухты бафта æнтыстытæ. Æрмæстдæр кусгæйæ æмæ фыдæбонгæн-гæйæ нæ къухты бафтдзæн стыр æнтыстытæ æмæ йæ кæддæриддæр уæ зæрдыл дарут»,- банысан кодта хæсты ветеран.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.