Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты лицейы адæмон кафты ансамбль «Скифтæ» нæ республикæйы цæрджытæн зындгонд у йæ диссаджы сфæлдыстадæй. Нæ республикæйы уагъдцæуæг ахæм цытджын мадзал æмæ бæрæгбон нæ вæййы, цыран хайад нæ райсы æмæ йæ арæхстдзинад нæ равдисы ацы коллектив. Ансамблы къухдариуæггæнджытæ сты цардæмбалттæ  – Быценты Геннади æмæ Тедеты Валя. Ацы дыууæ зиууоны сæ тыхтыл нæ ауæрдынц рæзгæ фæлтæрæн кафты сусæгдзинæдтæ бацамоныны тыххæй.

Ансамбль «Скифтæ» арæх хайад райсы дунеон олимпиадæты, конкурстæ-фестивалты. Ныр дæр та 12-16 сентябры хайад райста горæт Сочийы Лазаревскы районы хореографийæ уагъдцæуæг дунеон олимпиадæйы æмæ йын уыд стыр æнтыст. Олимпиадæйы хайад райстой Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы Федерацийы алы регионтæй 70 коллективы. Хуссарирыстойнаг ансамбль «Скифтæ»-йы хайадисджытæ сценæмæкæсджытæн равдыстой дыууæ номыры.

«Нæ сæйраг конкурсон номыр уыд ирон национ кафт «Симд» æмæ йæ нæ коллектив сæххæст кодта тынг хорз. «Симд» сценæмæкæсджыты зæрдæмæ кæй фæцыд, уый зынд тыхджын къухæмдзæгъд сын кæй кодтой, уымæй дæр. Нæ ансамбль бацахста фыццаг бынат æмæ хорзæхджын æрцыд сыгъзæрин майданæй. Дыккаг кафты номыр та нын уыд «Бæрæгбонон кафт». Ацы номыр дæр коллектив сæххæст кодта бæрзонд æмвæзадыл. Мах Сочийы уыдыстæм 12-æм сентябрæй 16 сентябрмæ. Сывæллæттæн фадат уыд тынг хорз рæстæг арвитынæн, баулæфыдысты æмæ райгондæй æрæздæхтысты Ирыстонмæ. Олимпиадæйы организатортæ дæр нæ райстой тынг хорз. Иуныхасæй нæ куыст æмæ нæ балцæй баззадыстæм райгондæй», – радзырдта паддзахадон аивæдты лицейы хореографийы хайады сæргълæууæг Тедеты Валентинæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ансамбль «Скифтæ» ахæм конкурсты бирæ хæттыты кæй райсы хайад æмæ алыхатт дæр коллектив кæй бацахсы призон бынæттæ. 2012 азы ансамбль ссис хореографийæ олимпиадæйы «Гран-при»-йы хицау. Ансамблы æвзонг артисттæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ сын ахæм конкурстæ фадат дæттынц æндæр бæстæты коллективты сфæлдыстад æмæ традицитимæ базонгæ уæвынæн, афтæ ма уыдоны та национ ирон хореографийы традицитимæ базонгæ кæнынæн.

РХИ-йы сгуыхт артисткæ, педагог æмæ хореограф Тедеты Валентинæ ма банысан кодта ахæм конкурстæ стыр ахъаз кæй сты хайадисджытæ кæрæдзийæн сæ фæл-тæрддзинад бацамонынæн, фæсивæдмæ æфсымæрдзинады традицитæ сæнидзын кæнынæн, афтæ ма кæрæдзимæ хорз ахаст дарыны хъуыддаджы. Уый райгон-дæй баззад нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæ дæр. «Фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн лæмбынæг нæм йæ хъус кæй дары æмæ нын кæй æххуыс кæны, уый тыххæй. Ацы конкурсмæ нæхи цæттæ кодтам æнæхъæн сæрддæргъы. Ныр дæр Сочийы олимпиадæмæ  ацæуын нæ къухты бафтыд  Президент нын финансон æххуыс  кæй бакодта, уый руаджы. Мах дæр нæ коллективимæ сæрыстыр стæм нæ Ирыстоны, нæ паддзахады сæргълæууæджы фыдæнхъæл кæй нæ фæкодтам, уымæй», – банысан кодта Тедеты Валентинæ.

Адæмон кафты ансамбль «Скифтæ»-йы бындурæвæрæг æмæ аивадон къухдариуæггæнæг у РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг Быценты Геннади. Йæ уæвынады 12 азы дæргъы ансамблæн йæ къухдариуæгады бын стыр æнтыстытæ вæййы алыгъуызон республикон, æппæтуæрæсейон, дунеон конкурсты æмæ фестивалты, мах зæрдæ дæр сын зæгъы дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.