Æрæджы Хуссар Ирыстоны делегаци цытджын æгъдауæй хайад райстой Донецкы Адæмон Республикæйы сырæзты 2 азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты. Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргъ лæууыд РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли. Делегацийы сконды ма уыдысты нæ республикæйы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион. РХИ-йы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Цхуырбаты Владимир, РХИ-йы политикон парти «Единая Осетия»-йы уæнг Козаты Игорь, æмæ æндæртæ. Сæрмагондæй, Донецкы Адæмон Республикæйы бæрæбонон мадзæлттæм хуынд æрцыдысты нæ республикæйы Колыты Аксойы номыл Паддзахадон аивæдты лицейы ансамбль «Скифтæ» дæр. Уыдон сæ диссаджы аивады руаджы, сæ  кафтæй сæхимæ æркæсын кодтой Донецкы Адæмон Республикæйы сценæмæкæсджыты. Ацы хъуыддаг банысан кодта нæ бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид дæр йæ фембæлды рæстæджы РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолимæ. Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, тынг фæцин кодта, ансамбль «Скифтæ» афтæ арæхстджын æмæ цымыдисон кæй уыдысты сценæйыл æмæ ирон кафты кæй равдыстой бæрзонд æмвæзадыл. Колыты Аксойы номыл Паддзахадон аивæдты лицейы кафты ансамбль «Скифтæ» зæрдæмæдзæугæ, бæрзонд хореографион æмвæзадыл кæй сæххæст кодтаиккой сæ кæфтытæ æфсымæрон паддзахады бæрæгбонон мадзæлтты, ууыл махæй ничи фæдызæрдыг кодтаид. Уымæн æмæ дардыл айхъуыст нæ республикæйы Колыты Аксойы номыл Паддзахадон аивæдты лицейы ном. Ацыран кæд аивады алы къабазы дæр куыст цæуы иттæг хорз æмвæзадыл, уæддæр дзы кафт, хореографийы хъуыддагæн ис йæхи сæрмагонд бынат. Абон уæлдай номдзыддæр ссис «Скифты» ансамбль.

Ансамблы архайджытæ бирæ бæстæтыл æрзылдысты. Уæрæсейы Федерацийы горæттæй бирæты равдыстой сæ дæсныйад. Хайад истой алыгъуызон фестивалты. Ирон кафты аивад-иу адæмы размæ афтæ рахастой æмæ-иу сын сценæмæкæсджытæ нæ бавгъау кодтой сæ тыхджын æмæ дæргъвæтин къухæмдзæгъд, стыр цины эмоцитæ. Уыдонæн лæугæйæ æмдзæгъд кодтой дард фæсарæнты  Израилы, Турчы, афтæ ма Уæрæсейы бирæ рæтты.

Ансамбль «Скифтæ»-йæн ахæм хорз æнтыстытæ кæй фæрцы ис, æмæ йыл бæрн-джынæй чи табу кæны, уый та у ансамблы къухдариуæггæнæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Быценты Геннади. Быценты Геннади йæхæдæг хъомыл кодта ирон кафтыкурдиатджындæр æмæ дæсны хореографты къухты, уыдон æмрæнхъ дзæнæттаг Гаглойты Хазби дæр. Уый хорз зоны ирон кафты рæсугъддзинад æмæ сусæгдзинæдтæ. Фæлтæрдджын хореограф йæ тыхтæ æмæ йæ зонындзинæдтæ не ‘вгъау кæны йæ хъомылгæнинæгтæн æмæ уымæ гæсгæ сæ аивад дæр вæййы кæддæриддæр бæрзонд æмвæзадыл. Быценты Геннадийæн йæ куысты æххуыс кæны йæ цардæмбал Аивæдты лицейы хореографийы хайады гæс, РХИ-йы сгуыхт артисткæ Тедеты Валя дæр. Уыдон сæ дыууæ дæр æнувыд куыст кæнынц ансамблы рæзты хъуыддагыл. Ансамблы уæлахизтæ, йæ размæцыд, уыдонæн у хидвæллад куыст, фæлæ бæрæг у, æгæрон уарзтæй кæй уарзынц сæ дæсныйад æмæ сæ зæрдæтæ кæй риссынц ирон национ кафты размæцыдыл, ирон национ культурæйыл. Ирон кафты хореографтæ кæддæриддæр сæрбæрзонд сты сæ куыст æмæ сæ архайдæй, никуы фæфæсмон кодтой, ацы дæсныйад кæй равзæрстой æмæ ирон кафты руаджы фыдæлты истори фыдæлты кад æмæ æхсар кæй парахат кæнынц дунейыл, ууыл. Быценты Геннади æмæ Тедеты Валя, фыццаджыдæр, ирон кафт бауарзын кодтой сæ зæнæгæн æмæ сæ фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны фылдæр уа ирон кафтмæ æвзыгъд фæсивæд.

Куыд зонæм, афтæмæй гуырдзиаг-ирон хæстон архайдтыты Хуссар Ирыстоны цард фæстæмæ алæууыд. Адæмæн сæ сæр сæ кæй уыд. Уымæ гæсгæ культурон царды æмвæзад дæр æрныллæг ис, фæстæмæ алæууыд кафты хъуыддаг дæр. Фæлæ абон уыцы фарстмæ нæ республикæйы разамынад уæлдай хъусдард аздæхтой, бакодтой скъолаты ирон кафты предмет æмæ та фæсивæд базыдтой кафын. Фæси-вæды алыхатт дæр аивад кæй хъæуы, уый цард йæхæдæг дæр фенын кæны…

Колыты Аксойы номыл Паддзахадон аивæдты лицейы ансамбль «Скифтæ» цы тæлмæнтимæ æрæздæхтысты æмæ цы программæимæ ацыдысты бæрæгбонмæ, æппæт уыдæтты тыххæй нын радзырдта ансамблы къухдариуæггæнæг Быценты Геннади.

– Æз мæ ныхас, фыццаджыдæр, райдайдзынæн бузныджы ныхæстæй. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийæн, ахæм стыр хъуыд-даджы нын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Донецкы Адæмон Республикæйы сырæзтыл 2 азы кæй æххæст кодта 11-æм майы, уый тыххæй дзы арæзт æрцыдис стыр бæрæбон. Стыр бузныг Бибылты Анатолийæн, нæ ансамблæн нын стыр аргъ æмæ кад кæй кæны. Уый махыл, нæ ансамблыл баууæндыд, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны республикæйы цæсгом кæй нæ фæхудинаг кæндзыстæм æмæ кæй равдисдзыстæм бæрзонд æмвæзадыл арæзт аивад. Æмæ афтæ дæр рауад. Махæн нæхицæн дæр уый стыр кад у, афтæ нæ цыт æмæ кадимæ кæй райстой æмæ нæ сæ къухтыл кæй хастой.

Нæ балцы размæ нын куы загътой, зæгъгæ, хъуамæ ацæуæм Донецкмæ, уæд ахъуыды кодтам æмæ равзæрстам, цавæр кæфтытæ ахæсдзыстæм Донецкмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæхи цæттæ кодтам хорз, уагътам репетицитæ. Ног программæйы уыдис æртæ кафты: «Симд», «Бæрæгбонон кафт», «Нæртон симд». Сывæллæттæ кафтытæ афтæ хорз сæххæст кодтой, æмæ залыбадæг адæм сыстадысты æмæ нын æмдзæгъд кодтой лæугæйæ. Бæрæгбонон концерт уагъд цыдис Донецкы А. Соловьяненкойы номыл оперæ æмæ балеты национ академион театры.

Донецкы адæм фыццаг хатт федтой ирон аивад. Фæлæ се ‘хсæн уæвæг сфæлдыстадон кусджытæ хорз зонгæ уыдысты ирон кафтимæ. Уыдон зыдтой дунейыл хъуыстгонд кафт «Симд».

Концерт куы райдыдта, уæд нæ фæрсгæ дæр бакодтой, зæгъгæ, «Симд» нæ сæххæст кæндзыстут. Æз мæхæдæг 1974 азы кафыдтæн Донецкы æмæ ныл уæддæр афтæ хорз сæмбæлдысты сценæмæкæсджытæ.

Уæдæ ма йæ ноджыдæр зæгъон, мах хъæлдзæг рæстæг кæй арвыстам. Куыддæр Донецкы Адæмон Республикæйы территоримæ ныххæццæ стæм, афтæ ныл уыцыран сæм-бæлдысты бынæттон адæм ирон æмæ сæхи тырысатимæ. Мах уым сарæзтам хъазт. Ацыран ма махыл сæмбæлдысты ирон диаспорæ, не ‘мзæххонтæ, Донецкы Адæмон Республикæйы æфсæддон структурæты кусджытæ Бесаты Аслан æмæ Дудайты Димитр дæр. Иудзырдæй, нæ хорз суазæг кодтой, хуыздæр зæгъæн нæй. Куыд зонут, афтæмæй фыццаг нæ республикæ банымадта Донецкæн сæ хæдбардзинад æмæ нæм абон кæсынц æфсымæрты цæстæй. Уыдон нын не ‘рцыдæй нæ рацыдмæ афтæ фæлæггад кодтой æмæ ныл ныууагътой хорз тæлмæнтæ. Улæфынæн нын дзы уыд æппæт уавæртæ дæр, цыдыстæм экскурситы æмæ уыдтам Донецкы фенддагдæр бынæттæ. Ансамблы хорз архайды тыххæй Аивæдты лицеймæ æрæрвыстой бузныджы фыстæг æмæ грамотæ.

Нæ кæфтытæн нын стыр аргъ кæй скодтой Донецкы адæм, уый нæ кафджытыл бандæвта æвæрццагæй æмæ баззадысты тынг райгондæй, – кæронбæттæны загъта Быценты Геннади.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.