Хуымгæнæн куыстыты сезон кæй райдыдта æмæ РХИ-йы территорийыл æнæзакъонон хæдзарадон архайды цаутæ ма æруадзыны нысæнттæн РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ зæрдыл лæууын кæны, арæнгæрон зонæйы хæдзарадон архайд (фос дарын æмæ сæ хизын, хуымгæнæн куыстытæ кæнын) æххæст кæнынæн 2017 азæн бары гæххæттытæ райсыны (дыккагæй райсыны) æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

РХИ-йы территорийыл арæнгæрон зонæйы арæнгæрон режимы Фæткойты, кæцытæ фидар æрцыдысты РХИ-йы Хицауады 2017 азы 27 январы №27 Уынаффæйæ, æртыккаг хаймæ гæсгæ бары гæххæтт райсыны тыххæй РХИ-йы æмбæстæгтæ мадзæлттæ уадзын райдайыны агъоммæ 3 боны æмгъуыдмæ хъуамæ РХИ-йы Паддзахадон Æдасдзинады комитетмæ æрбарвитой куырдиæттæ бары гæххæттытæ райсыны тыххæй. Семæ æнæмæнг хъуамæ уой регистрацийы штампимæ паспорттæ. Фæсарæйнаг æмбæстæгтæ æмæ организацитæ бары гæххæтт райсыны тыххæй куырдиатимæ хъуамæ бавдисой индивидуалон кæнæ коллективон бары гæххæттыты райсыны тыххæй куырдиат дæр, кæцыимæ хъуамæ уой регистрацийы штампимæ паспортты ксерокопитæ æмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ.

Арæнгæрон зонæйы цæрджытæ фос дарынц æмæ сæ хизынц, регистрацийы штампимæ РХИ-йы æмбæстаджы паспортмæ гæсгæ кæм цæры, уыцы бынаты, арæнгæрон зонæйы уæвæг цæрæн пунктты арæнты.

Паддзахадон арæнæй 100 метрмæ дæрддзæджы уæвгæйæ æмæ хæдзарадон архайд æххæст кæнгæйæ, РХИ-йы æмбæстæгтæ æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ хæсджын сты, ацы территорийыл кæй сты, уый тыххæй арæнгæрон органты (РХИ-йы Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы Арæнгæрон управленийы хайады) æввахсдæр дæлхайы хистæрæн фехъусын кæнын.

Арæнгæрон зонæйы хъæууонхæдзарадон куыстытæ (хуым кæнын æмæ а.д – р.) æххæст кæныны тыххæй бары гæххæтт райсынæн ма афтæ æнæ-мæнгхъæуæг у зæххы фадыгæй пайда кæныны æмæ зæххы фадыджы схемæйы тыххæй (сæ ксерокопитимæ) документтæ бавдисын, кæцыты дæттынц, куыстытæ кæй территорийыл æххæст цæуынц, уыцы районон кæнæ хъæууон администрацитæ.

Куыстытæ, мадзæлттæ сæххæст кæныны тыххæй бары гæххæтт лæвæрд цæуы:

а) РХИ-йы æмбæстæгтæн  куыстытæ, мадзæлттæ сæххæст кæнынæн хъæуæг æмгъуыдмæ, фæлæ 1 азæй фылдæр нæ.

б) фæсарæйнаг æмбæстæгтæн  бары гæххæтт цалынмæ йæ тыхы ис, уæдмæ.

Бары гæххæтт лæвæрд цæуы иу боны дæргъы РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы управленийы – г. Цхинвал, Хетæгкаты Къостайы уынг, 1., Тел. 45-43-42 (РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ).

Куырдиат бадæттæн æмæ бары гæххæтт 5 кусгæ бонмæ райсæн ис РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы дæлхæйтты:  Дзау, Дачныйы уынг, 17, тел. 8-929-806-40-94 æмæ Знауыр, Ленины уынг, 26, тел. 8-929-810-46-87.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.