Арæнхъахъхъæнæг æфсадæн стыр нысаниуæг ис нæ хæстæфхæрд æмæ фæллад зæххыл. Уымæн æмæ бирæ азты знаг алыгъуызонæй фæлвæрдта нæ Райгуырæн зæхх, нæ алыгъуызон хъæздыг бынтæ йæхи бакæныныл. Фæлæ алцæмæн дæр æрцæуы кæрон… Уыцы уæззау азты кæрон, æмæ нæ ног историйы нæ размæцыды райдиан æрцыд 2008 азы. Уæззау тугкалд, пырх хæдзарад æмæ стыр зиæнтты фæстæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ æрцыд сабырад, æмæ слæууыдыстæм царды фæндагыл.

Уæдæй абоны онг, ныр аст азы дæргъы не ‘нцойад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнынц Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æдасдзинады Арæнхъахъхъæнæг управленийы хæстонтæ. Ацы цау цытджын уавæрты нысан æрцыд нæ горæты киноконцертон зал «Чермен»-ы. Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Арæнхъахъхъæнæг управленийы къухдариуæгад, службæгæнджытæ æмæ сæ бинонтæ.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æдасдзинады службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы къухдариуæггæнæг, инæлар-майор Анатоли Уткин бæрæгбоны цытæн йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, управленийы службæгæнджытæ фыццаг бонæй фæстæмæ кадимæ æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ Республикæйы арæнгæрон æдасдзинады хъуыддаджы Хуссар Ирыстоны арæнгæрон службæимæ æнгом архайгæйæ. 2016 азы иумиаг арæнгæрон архайды руаджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы азы фыццаг кварталы паддзахадон арæны режим фехалыны фæстиуæгæн ахст æрцыд 441 æмбæстаджы. Ахæм бархалæн цауты фæдыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг службæ æмæ тæрхондонон приставтæ снысан кодтой 380 административон æфхæрды, уыцы нымæцы ивартæ – 490 мин сомы бæрц. Уголовон бæрндзинадмæ æркондæуыд авд æмбæстаджы. Милуан сомæй фылдæры аргъ урæд æрцыд паддзахадон арæны сæрты æнæзакъонон товартæ æмæ уæзтæ ласыны хъуыддаг, бæрæг æрцыд  æхсæнгарз æмæ æфсæддон фæсауæрцты æмбæхсыны 34 цауы.

Анатоли Уткин арфæ ракодта управленийы кусджытæн, хуссарирыстойнаг коллегæтæн Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ æвæджиаг службæйы фæдыл.

Бибылты Анатоли дæр арфæ ракодта арæнхъахъхъæнджытæн бæрæгбоны фæдыл, бузныг сын загъта сæ службæйы тыххæй нæ Республикæйы арæнтæ хъахъхъæныны хъуыддаджы.

«Бузныг дæн уе ‘ппæтæй дæр уæ куыст, уæ ахаст, уæ егъау куысты тых-хæй нæ Республикæйы паддзахадон арæнтæ хъахъхъæныны хъуыддаджы. Бузныг дæн, нæ бæстæйы æхсæнадон царды цы стыр куыст кæнут, царды цы проекттæ биноныг кæнут, уый тыххæй», – дзырдта Президент.

Ныртæккæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ ныфсджынæй хъахъхъæнынц республикæйы арæнтæ. Зæрдыл æрлæууын кодта, ныртæккæ службæйæн иттæг хорз уавæртæ арæзт кæй ис арæнгæрон заставæты. Уым раздæр нæ уыд æппындæр ницахæм уавæртæ. Æмæ чысыл рæстæджы фæстæ æвзонг афицертæ æмæ сæ бинонтæн арæзт æрцыд царды хорз уавæртæ. Ныртæккæ, зæгъгæ, афицертæ сæ æвæджиаг хæстæ æххæстгæнгæйæ ныфсджын сты уымæй, æмæ сæ бинонтæн ис хъарм æмæ райдзаст хæдзæрттæ. Æмæ, уый Уæрæсейы къухдариуæгады аудындзинад у йæ салдаттæм ахасты, кæмфæнды ма уой, сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Бибылты Анатоли ноджыдæр арфæйы ныхæстæ загъта сæ куыст, архайд æмæ ахасты фæдыл.

Арæнхъахъхъæнæг управленийы службæгæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

УФ-йы Арæнхъахъхъæнæг управленийы æмæ сæрмагондæй йæхи номæй Анатоли Уткин дæр Хуссар Ирыстоны ног æвзæрст Президентæн бакодта лæвар.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус йæ рады банысан кодта уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты службæйы хорз уавæртæ.

«Уæлдай æхсызгон у банысан кæнын уый, æмæ сымах кæй æрбæстон кодтат аккаг, раст æмæ хæлар ахастытæ бынæттон цæрджытимæ, кæй сын æххуыс кæнут алыварсонæй. Арæнхъахъхъæнæг управлени кæны æфсæддон патриотикон куыст, стыр хъусдард здахынц ветерантæм. Уымæй дарддæр хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнæг службæимæ сарæзтат æмбæлон, партнерон ахастытæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы, нырæй фæстæмæ дæр уæ службæ аккагæй куыд хæссат Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырад ифтонг кæныны хъуыддаджы», – банысан кодта минæвар.

Уæрæсейы Арæнхъахъхъæнæг управленийы къухдариуæгад грамотæтæ, арфæйы фыстæджытæ æмæ зынаргъ лæвæрттæй схорзæхджын кодта къорд службæгæнджыты.

Мадзал адарддæр гала-концертæй Арæнхъахъхъæнæг управленийы кусджыты бинонтæ, 4-æм æфсæддон базæйы вокалон-инструменталон ансамбль æмæ Хуссар Ирыстоны артистты хайадистæй.

Къæбулты Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.