Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны радон рабадты хуссарирыстойнаг фарс банысан кодта йæ арæнтыл æхсæнгарзæй æхсыны цау ницыхуызы нырæй фæстæмæ хынцыд мауал хъуамæ æрцæуа. Уыцы æмæ æндæр фарстыты фæдыл механизмты куысты Хуссар Ирыстоны делегацийы сæргълæууæг, Постконфликтон бæстонкæнынады фарстаты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын Джиоты Мурат информацион фæрæзтæн афтæ радзырдта:

«Бæстон хъусдард аздæхтам, октябры мæйы хынцыд кæй æрцыд арæнтыл амонæн нысæнттæ фехсыны дыууæ цауы гуырдзиаг хъæу Цъителубаны ‘рдыгæй. Уымæн махæрдыгæй аргъ æрцыд, куыд нæ республикæйы ‘рдæм фехсыны цау, кæцыйæн, гæнæн ис, æмæ уыдаид æвзæр фæстиуджытæ. Уыцы бынаты, гæнæн ис, æмæ уыдаиккой бынæттон цæрджытæ, науæд нæ арæнхъахъхъæнæг службæйы кусджытæ».

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ механизмты хайадисæг фæрстæ æвæрццаг аргъ скодтой ацы форматы фæлгæтты архайæг «тыгъд бастдзинады» куыстæн.

«Бирæ сæвзæргæ фарстатæ цыбыр рæстæгмæ бæстон кæнæм «рæвдз бастдзинады» руаджы. Уымæй дарддæр ма бадзырдтам, æфсæддон ахуыртæ уадзыны тыххæй кæрæдзийæн хъусын кæныны тыххæй, цæмæй бынæт-тон цæрджытæ æдыхст уой», – дзырдта Мурат.

Уый дарддæр куыд радзырдта, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг фарс фембæлды ногæй банысан кодта паддзахадон арæнты делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумиаг куыст. Фæлæ гуырдзиаг фарс ацы хъуыддаджы хайад райсынмæ æдзæттæ кæй у, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон иуфарсон æгъдауæй бынаты кусдзæн паддзахадон арæнты хахх нысан кæныныл. Уыцы куыстытæ уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны территорийыл арæнтæй бæрæг дарддæр. Уыцы куыстытæ та, Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ, бирæбæрцæй арæнтæм æввахс районты æндыгъд уавæр бæстон кæнынц. Уымæй арæнтыл халæн цаутæ кæнынц бæрæг къаддæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.