Нæ горæты центры Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны иувæрсты цæугæйæ æнæфæхатгæ нæ фæуыдзынæ, уый бонæй-бон аивдæр куыд кæны æмæ йæ рæсугъддзинадæй ныридæгæн цæстæнгас йæхимæ кæй здахы, уый. Куыд зонæм, афтæмæй аргъуаны арæзтадмæ æрæвнæлдæуыд ивгъуыд аз апрелы мæйы. Ацы бонты та йын æрæвнæлдтой йæ кæрт схæрзарæзт кæнынмæ. Ам иу бинонтау кусджытæ кæнынц æмызмæлд. Аразгæ та йæ кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Строитель Плюс». Уыдон уал фыццаг рады æрæх-гæдтой аргъуаны алыварс территори. Уый арæзт æрцыд агуыридурæй æмæ йæ аив арæзтæй адæймаг исы æхцондзинад. Агуыридур уыдон æрластой Уæ-рæсейæ. Ныртæккæ кусджытæй иутæ архайынц тротуарон  астæрдæн дуртæ æвæрыныл, иннæтæ та архайынц цъæх зонæ цы бынæтты уыдзæнис, уыдоны арæзтадыл. Æппæт уыдæттæ арæзт куы фæуой, уæд уымыты сагъд æрцæудзысты алыгъуызон цъæхдарæнтæ, дидинджытæ. Æвæрд дзы æрцæудзысты бандæттæ æмæ аргъуанмæ æрцæуджытæн ам фадат уыдзæн аргъуаны территорийыл æрбадын æмæ сæ фæллад суадзынæн. Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй аргъуаны кæрты арæзтад хъуамæ фæуа ноябры мæйы кæронмæ.

Мидæгæй Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуаны дæр куыстытæ сты сæ тæмæны. Ам иу бон дæр куыстытæ не ‘рлæууыдысты. Кæд нырма аргъуан кæронмæ арæзт нæ фæцис, уæддæр ныридæгæн фенддаг у йæ бакаст. Йæ арæз-тæй бæрæг у, нæ горæты хуыз бирæ кæй фæаивдæр кæндзæн, уый. Аргъуаны бæрзæнд у 23,8 метры, йæ иумиаг фæзуат та 638 квадратон метры. Арæзтады къухдариуæггæнæг Давид Замаров куыд зæгъы, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр баконд æрцыдысты æмбæлон æгъдауыл. Аргъуан йæхæдæг амад æрцыд туфдурæй, амал та йæ кодтой Сомихстоны. Куыд загътой, афтæмæй у вулканæй равзæргæ дур. Йæ хуыз у рæсугъд æмæ лæугæ дæр бирæ фæкæндзæнис. Арæзтады къухдариуæггæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм ду-рæй фæлыст аргъуанæн ис ирд индивидуалон уаг.

Аргъуаны цæуынц æндæр æмæ æндæр мидæггагон куыстытæ – сæрст æрцыдысты йæ къултæ, бацæттæ æрцыд йæ ас-тæрд, ныр ыл æвæрд æрцæудзæнис фæлындзæн дуртæ. Арæзт æрцыдис, дзæнгæрджытæ кæм ауыгъд уыдзысты, уыцы æфсæн конструкци. Ныр та ам активонæй куыст цæуы къултæ ахорыныл. «Æппæт куыстытæ дæр цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ сын сæ гъæдмæ фау æрхæссæн нæй.  Чи дзы кусы, уыдон сты сæ хъуыддаджы дæснытæ» – зæгъы Заморов. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй алцы дæр арæзт цæуы гъæдджынæй. Кусгæ та дзы кæнынц 10 адæймаджы бæрц. Уыдон ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг техникæйæ дæр æмæ сæ разы не ‘взæры ныхдуртæ, архайынц кæрæдзи æмбаргæйæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ аргъуан арæзт кæй цæуы Андрей Первозванныйы финансон æххуысæй.

Афтæ, уæдæ та, тагъд нæ горæты цы рæсугъд объекттæ арæзт æрцыд, уыдонмæ ноджыдæр бафтдзæнис иу, æмæ куыд нæ горæты цæрджытæн, афтæ нæ горæтмæ æрцæуæг уазджытæн дæр фадат уыдзæн ам скувын æмæ сæхи Стыр Хуыцауæн бафæдзæхсынæн.

КУЫСТЫТÆ ЦÆУЫНЦ РÆВДЗ

Кæронмæ фæхæццæ кæны 2016-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг программæ. Азы кæронмæ ма цы чысыл рæстæг баззад, уымæй аразджытæ тыр-нынц хæдзардзинæй спайда кæнынмæ æмæ йæ фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоны арæзтадон куыстытæ кæронмæ бакæнынмæ. Дыууæ азы дæргъы цы объекттæ арæзт цыдысты, уыдонæй иутæ ныридæгæн эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты, иннæты та куыстытæ сты фæуынхъус.

Арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, Хъайтарты уынджы цы цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдонæй сæ иуы.

Объекты арæзтадмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, сты, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæрхъуаг кæмæн сты æмæ ног фатерты хицæуттæй суæвыны ныфс кæй ис, нæ горæты уыцы æмбæстæгтæ. Хæдзæрттæ аразыны рæстæджы-иу кæд къуылымпытæ уыдис, арæзтадон куыстытæ-иу кæд афæстиат сты, уæддæр фæстаг рæстæджыты аразджытæ кусынц æнæкъуылымпыйæ. Ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæй, техникæйæ æмæ архайынц, цас сæ тых у, уымæй, цæмæй азы кæронмæ æппæт куыстытæ дæр конд æрцæуой æмæ фатертæ райсынмæ чи æнхъæлмæ кæсынц, уыцы дæсгай бинонтæ сæ Ног азыл сæ ног фатерты сæмбæлой.

Арæзтады прораб Гуырцъыйы фырт куыд зæгъы, афтæмæй дзы 6 подъезды цы фатертæ ис, уыдон рæхджы уыдзысты цæттæ, хъæуы ма сын сæ къултыл обойтæ бандадзын, дуæрттæ сыл бакæнын æмæ сын сæ æддаг тыргътæ сæхгæнын. Ам арæзтадон куыстытæ æххæст кæны «СТМ-ЮГ». Уыдон, куыд зонæм, афтæмæй куыстытæм æрæвнæлдтой ацы аз майы мæйæ. Уæдмæ та сæ æххæст кодта «СоюзСтройПроект». Уыдон рæстмæ кæй нæ куыстой, уый тыххæй объекты арæзтад тынг бафæстиат ис. Фæлæ ныр, табу Хуыцауæн, «СТМ-Юг» арæзтадмæ æрæвнæлдта бæстонæй æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Зæрдæйæн æхсызгон у, цы 200 адæймаджы дзы кусы, уыдон иу стæмтæй дарддæр кæй сты бынæттон цæрджытæ, уый. Уымæн æмæ хорз æмбарынц, ацы хæдзæрттæ арæзт кæй цæуынц сæхи адæмæн æмæ архайынц куыстытæ гъæд-джынæй æнæ аиппытæй бакæныныл.

Кусджытæ канд мидæггагон куыстытыл нæ тындзынц, фæлæ ма сæ тыхтæ радтой йæ кæрт ын схæрзарæзт кæнын-мæ. Кусджытæй иутæ архайынц, стыр уæзласæн машинæтыл цы хуыр ласынц, уый алæгъз кæныныл, иннæтæ æвæрынц бордюрты, аннæтæ та архайынц тротуарон плиткæтæ æвæрыныл. Иудзырдæй, ам куыст цæуы хъазуатæй, цæмæй объект банысангонд æмгъуыдмæ, ома, декабры мæйы кæронмæ арæзт фæуа æмæ сæм цы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдон сæ Ног азыл сæмбæлой сæ ног фатерты.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы бирæуæладзыгон хæдзæртты дыккаг хаймæ дæр кæй æрæвнæлдтой кусджытæ. Ам дæр кусджытæ кæнынц æмызмæлд. Æххæст кæнынц æндадзæн æмæ бетонон куыстытæ, амад цæуынц сæ тыргътæ, амайынц хатæнты къултæ, æмбæрзынц объектты уæлхæдзар.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æххæст кæй сты кусæгдых æмæ арæзтадон æрмæджытæй дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.