Алайнаг епархи дарддæр аразын райдыдта Сыгъдæг Гиуæргийы аргъуан.

Къуайсайы горæтæй ацæуæг Гæджиты Альберт ацы аз æрцыдис Къуайсамæ, фембæлдис епархийы минæвæрттимæ æмæ æруынаффæ кодта Къуайсайы аргъуаны арæзтад сæндидзын кæныны фарстыл.

Алайнаг епархийы æппæт аргъуанты уагæвæрæг фыд Иаков нын куыд радзырдта, афтæмæй фыццаг фæрæзтæ ныридæгæн хицæн æрцыдысты, куыст цæуы документацийыл, арæзт æрцыдысты дефектты акттæ, бакуыст æцыдысты куыстыты плæнттæ, афтæ ма йæм бауагъдæуыд электрохахх. Æввахсдæр рæстæджы Алайнаг епархи фæнд кæны куыстыты бæрæг гуырахст бакæнын.

«Ныртæккæ арæзт цæуы хъусдарæг совет аргъуаны æндидзын кæныны фæдыл. Ацы советы сты, Сыгъдæг Гиуæргийы аргъуан сæндидзын кæнынæн чи ахъаз кæнынц, ахæм адæймæгтæ. Совет йæ хъус дардзæн Къуайсайы аргъуаны арæзтадмæ æмæ иууылдæр зонгæ кæндзысты,  финансон фæрæзтæ æмæ арæзтадон æрмæджытæ куыд хардз цæуынц, уыимæ.

Æндидзынгæнæн куыстытæ райдайыны тыххæй Алайнаг епархийы минæвæрттæ ацыдысты Къуайсамæ. Сæххæст кодтой бакуывд аргъуаны арæзтад райдайыны тыххæй æмæ райстæуыд разыйы ныхас Владыкæ Амвросийæ. Тагъд рæстæджы мах æрæвналдзыстæм æндидзæн куыстыты райдайынмæ.

Къуайсайы цæрджытæ ацы хабарыл сæмбæлдысты райгондæй, бирæты фæнды баххуыс кæнын. Бынæттон администраци дæр кæддæриддæр уыдис не ‘вварс æмæ ахъаз кодта æндидзынгæнæн куыстытæ райдайынæн. Уæлдай тынгдæр мæ банысан кæныны фæнды горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хуыгаты Ибрагимы», – загъта фыд Иаков.

Алайнаг епархийы æппæт аргъуанты уагæвæрæг æрсидт Къуайсайæ ацæуджытæм, ирон диаспорæтæм, цæмæй сæ бон цы у, уымæй сын баххуыс кæной.

«Мах банысан кæндзыстæм алы адæймаджы реквизиттæ дæр æмæ цахæмфæнды æххуысы тыххæй алкæмæндæр уыдзæн зындгонд. Æххуыс чи бакæна, уыдонæй алкæйы ном дæр хаст æрцæудзæнис Хæрзаудæн чиныгмæ æмæ аргъуаны аргъуыдтытæ куы райдайой, уæд аргъуаны бæрæгбоны сæрмагонд бакуывдæй уыдонæн сæ нæмттæ ардзысты», – банысан кодта аргъуаны кусæг.

Зындгонд куыд у, афтæмæй августы хæсты агъоммæ, 2007 азы, Джуссойты Альберт йæхи тыхтæй райдыдта аргъуаны аразын æмæ дзы фесты куыстытæн сæ 40 %, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ йæ арæзтад урæд æрцыд. Æппæт уыцы рæстæджы Алайнаг епархи агуырдта, чи сын баххуыс кæна, ахæм адæймæгты, цæмæй адарддæр уа аргъуаны арæзтад.

Къуыдаргомы чырыстон традицитæ рагзамантæй æрфидар сты, ам ис тынг бирæ чырыстон аргъуантæ æмæ дзуæрттæ, кæцытæй бæрæг у, уыдон кæй сты иттæг зæронд архитектурон цыртдзæвæнтæ. Ам ма ис уникалон Морехы дзуар.

«Къуайсайы хистæр фæлтæримæ ныхас кæнгæйæ, мах бамбæрстам, бахъахъхъæд кæй æрцыдысты бирæ чырыстон æгъдæуттæ. Ам нæ райстой, куадзæн зыгъуыммæгондæй кæй нысан кæнынц, уый – иуæй-иу рæтты ацы бон цæуынц уæлмæрдтæм. Къуайсайы афтæ никуы уыд, уыдис куыд бæрæгбон, афтæ æмæ йæ нысан кодтой хæдзары кæнæ та – аргъуаны.

Æппæт ацы чырыстон æгъдæуттæ ам бахъахъхъæд æрцыдысты æнусты дæргъы. Горæты хистæр кары адæймæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй Джоджорайы цæугæдоны былыл уыдис аргъуан, кæцыйы ныппырх кодтой ивгъуыд æнусы 30-æм азты, уæдæй фæстæмæ Къуайсайы аргъуан арæзт нал æрцыд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.