Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архайдтытæ куы фесты, уæдæй кæд 10 азы рацыд, уæддæр республикæйы бирæ пырх æмæ сыгъд хæдзæрттæ баззад. Сæ хицæуттæн дæргъвæтин рæстæджы дæргъы сæ бон нæ бацис сæ сæндидзын кæнын, иу истанцитæй иннæмæ сæ куырдиæттæ кæд хастой, уæддæр. Сæ бирæ рахау-бахауæй куы ницы рæзт, уæд æгъæдзар адæймæгты ницыуал уырныдта, сæ ныфс асаст. Фæлæ ивгъуыд аз уыцы адæймæгты категорийы ныфс бацыд. Уæрæсейы Федераци  сæрмагондæй цæрæнуат сæндидзын кæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ кæд нал лæвæрдта, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, республикæйы къухдариуæгад паддзахадон бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæй æрæвнæлдта Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы ныппырхгонд хæдзæртты арæзтадмæ æмæ фатерты капиталон цалцæгмæ.

Ацы азы номхыгъдмæ чи бахауд, уыдоны ‘хсæн ис Присы хъæуккаг Пухаты Дианæ дæр. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнмæ æввахс хъæу тынг бахъыгдард куыд 90-æм азты, афтæ 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр.

Дыууæ хатт дæр æвыдæй нæ баззад Дианæ. Фыццаг хатт йæ хæдзар ныппырх 1992 азы 12 майы, комкоммæ йыл цалдæр стыркалиброн нæмгуытæ кæй сæмбæлд, уый аххосæй.

«Мах баззадыстæм, æддæмæ цы пысулты ралыгъдыстæм, æрмæстдæр уыдоны. Гуырдзиæгтæ нын ныффалгæрон кодтой нæ фæллой. Атардтой нын нæ фос, кæрчыты та удæгасæй басыгътой. Нæхæдæг баззадыстæм уынджы, æнæ хæлц, æнæ хæдзарæй. Нæхи цы фæкодтаиккам, уый нал зыдтам», – загъта Пухаты Дианæ.

1992 азы Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхтæ куы æрцы-дысты, уæд Пухаты Дианæйы бинонтæн сæ пырх хæдзары бынаты сарæзтой ног, фæлæ чысыл хæдзар. Фæлæ та ацы хæдзар дæр 2008 азы августы хæсты рæс-тæджы ныппырх, комкоммæ йыл рæмудзæн æрмæг кæй сæмбæлд, уый фæстиуæгæн. Ногæй та бинонтæ баззадысты уынджы.

«Мах та уæд дæр зæрдæ-цæ-фау фестæм, ницыуал та нын баззад. Мæн ныфс уыд, республикæ-йы къухдариуæгад нын нæ хæдзар кæй сараздзæн, уымæй, фæлæ æххуысы тыххæй мæ куырдиæттæн ницы фæстиуæг уыд», – дзырдта Пухаты Дианæ.

Бирæнымæц куырдиæттæ æмæ хъæстыты фæстæ бинонты æппындæр ницыуал ныфс уыд æмæ аскъуыддзаг кодтой сæхи тыхтæй сæхицæн хæдзар саразын. Уыдон сарæзтой дыууæ стыр хатæны æмæ уым цæрынц абоны онг дæр. Республикæйы ног къухдариуæгад куы æрлæууыд, уæд та сæ ныфс бацыд сæ пырх хæдзар сæндидзын кæныны тыххæй.

«Æз та мæ тыхтæ æрбамбырд кодтон æмæ мæ куырдиатимæ бацыдтæн республикæйы къухдариуæгадмæ, ацы хатт Бибылты Анатолийæн йæхимæ. Дис мæм фæкаст, æвæстиатæй мæ кæй  райста, кæй мæм байхъуыста æмæ бынаты йе ‘ххуысгæнæгæн хæслæвæрдтæ кæй радта, цæмæй нын нæ хæдзар фена, уый тыххæй. Раст зæгъгæйæ мын, уыцы фембæлдæй баззад хорз тæлмæнтæ, уымæн æмæ мын ныфс бавæрдта баххуыс кæнынæй, æмæ йыл æз дæр баууæндыдтæн. Куыд рабæрæг, афтæмæй æнæхъуаджы нæ», – банысан кодта хæдзары хицау.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæм цасдæр рæстæджы фæстæ æрба-цыд къамис æмæ сбæрæг кодта пырх хæдзары уавæр. Уымæй  цалдæр боны фæстæ æрбацы-дысты кусджыты бригадæ æмæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой хæ-дзары арæзтадмæ.

«Мæ хæдзар мын аразын куы райдыдтой, уæд мæ цинæн кæрон нал уыд. Æз уæдмæ фæцæрын æнхъæл нал уыдтæн, ныр та мæ ныфс бацыд, ног хæдзары цæрын нæ, фæлæ ма мæ хъæбулы хъæбулты дæр кæй схъомыл кæндзы-нæн ацы ног хæдзары, уымæй», – цингæнгæйæ дзырдта Пухаты Дианæ.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн, сæрмагондæй та Президент Бибылты Анатолийæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æрмæст-дæр уый принципиалон позици радта фадат хæсты фæстиуæгæн ныппырхгонд цæрæнуат сæнди-дзын кæныны процесс ногæй райдайынæн.

Присы хъæуы ма арæзт цæуы, хæсты рæстæджы ныппырхгонд ноджы иу хæдзар. Ацы хæдзары хицау Бæгъиаты Заирæйы истори дæр бирæбæрцæй ахæм у. Хæст бирæсывæллонджын бинонтæн ницыуал ныууагъта, уыдон дæр баззадысты уынджы. 1992 азы      9 адæймагæй конд бинонтæн гуырдзиæгтæ басыгътой дыууæ хæдзары. Хæсты фæстæ сын сарæзтой чысыл хæдзар, фæлæ ацы хæдзар бинонтæн къуындæг уыд.

«Мах цы сарæзтаиккам, уый нæ зыдтам. Знагæн дæр мæ нæ бафæнддзæн, цæргæ цæрæнбонты цы фæллæйттæ фæкодта, уы-дон иу уысммæ фесафын. Нæ хæ-дзар куы ныппырх, уæд нæ би-нонтæ адихтæ сты. Иутæ цардысты æххуырст фатерты, иннæтæ та ацыдысты алы горæттæм, уымæн æмæ нын цы хæдзар сарæзтой, уый гыццыл уыд æмæ дзы иууыл иумæ нæ цыдыстæм», – дзырдта Бæгъиаты Заирæ.

Цæмæй сæ уавæр фæхуыз-дæр уыдаид, уый тыххæй Бæгъиаты бинонтæ сæхи тыхтæй сарæз-той ног хæдзар, фæлæ та уыцы хæдзар дæр 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы бынтондæр ныппырх.

«Мах цыдыстæм республикæ-йы къухдариуæгадмæ, домдтам нæ цæрæнуат сæндидзын кæнын, нæхæдæг та уыцы рæстæджы цардыстæм, 1992 азы нæ фыртæн цы хæдзар балхæдтам, уым. Уыцы хæдзар дæр уыд аварион, фæлæ дзы абоны онг дæр цæрæм афтæмæй», – дзуры Бæгъиаты Заирæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы Бæгъиаты бинонты зындзинæдтæ тагъд фæстейæ баззайдзысты, уымæн æмæ бæстæйы къухдариуæгадмæ куы бахатыдысты, уæд уыдонæн дæр райдыдтой ног хæдзар аразын.

«Æз тынг райгонд дæн аразджыты куыстæй, алцы дæр аразынц гъæдджынæй. Кæд иу мæйы размæ райдыдтой аразын, уæд-дæр ныридæгæн хæдзар агъуысты бын фæцис. Стыр бузныг нæ къухдариуæгадæн. Бибылты Анатоли æнæ æххуыс нæ уадзы уæззау уавæрты бахауæг адæмы», – банысан кодта Бæгъиаты Заирæ.

Ацы аз сæндидзын кæныны номхыгъдмæ кæй хæдзæрттæ бахаудысты, уыдоны ‘хсæн Пухаты Дианæ æмæ Бæгъиаты Заирæ иунæг не сты. Æрмæст горæты арæзт цæуы 30 хæдзары, æдæппæт республикæйы та  40 хæдзары. Фидæнмæ дæр уыцы куыст адарддæр уыдзæн.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй дыууæ азмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæй фæуыдзысты, хæсты фæстиуæгæн цы хæдзæрттæ ныппырх, уыдон арæзтад.

Хуыбиаты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.