РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли азылд, Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты горæт Цхинвал æмæ Дзауы райцентры цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоныл. Президентимæ уыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард æмæ Фæндæгты арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард.

Президент фыццаг бабæрæг кодта, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы бирæуæладзыгон цæрæн бæстыхæйттæ арæзт цæуы, уыдон. Арæзтадон организаци ООО «СТМ-ЮГ» ацы хæдзæртты арæзтадыл кусы активонæй. Бæстыхæйтты арæзтад планмæ гæсгæ хъуамæ фæуа 2019 азы. Ныридæгæн уал фыццаг бæстыхайы къултæ схæццæ сты æртыккаг уæладзыджы æмвæзадмæ. Иннæ бæстыхайæн та ныккалдтой йæ фундамент. Президенты ныхæстæм гæсгæ, æртыккаг бæстыхай та арæзт хъуамæ æрцæуа, арæзтадон фæзуаты фарсмæ цы æмдзæрæндон ис, уый бынаты.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй ацы районы саразын хъæудзæн доны резервуартæ дæр.

«Æмдзæрæндоны бынаты дæр хъуамæ арæзт æрцæуа бирæуæладзыгон цæрæн хæдзар. Куыд уынæм, афтæмæй ацы район рæзы, уыдзæн стыр, уый бахынцгæйæ дзы саразын бахъæудзæн доны резервуартæ, канализаци, фæфылдæр кæнын бахъæудзæн дæлстанцы хъомысад дæр», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Дарддæр Бибылты Анатоли йæ фæндаг акодта Чиайы фырты æмæ Нарты уынгтæм æмæ бабæрæг кодта, уыцы уынты цы арæзтадон куыстытæ цæуы, уыдон.

Ныртæккæ уал дыууæ уынджы дæр арæзт цæуы къæвдадæтты лæдæрсæн системæ. Уый фæстæ райдайдзысты асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Президент хъусдард аздæхта, Дмитровы, Тæболы фырты, Коцойы фырты æмæ Къуайсайы уынгты уавæрмæ. Уый сæрмагондæй банысан кодта Димитровы уынджы уавæр, уымæн æмæ ацы уынджы ис 9-æм астæуккаг скъола.

Бибылты Анатоли аразджытæн куыд загъта, афтæмæй ахуыры азы райдианмæ Димитровы уынг хъуамæ хæрзарæзт æрцæуа.

«Куыдфæндыйæ дæр Димитровы уынджы арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуой ахуыры азы райдианмæ, уымæн æмæ ахуыры аз райдайдзæн 5 сентябры æмæ 9-æм астæуккаг скъолайы сывæллæттæ скъоламæ хъуамæ бацæуой рæсугъд, хæрзарæзт уынгыл», – банысан кодта Президент.

Дарддæр Бибылты Анатоли бабæрæг кодта медикон-социалон центры бæстыхайы арæзтад, кæцы арæзт цæуы Цхинвалы цæгат хайы. Бæстыхай аразы арæзтадон фирмæ «Мегаполис-Т».

Ныридæгæн уал медицинон объектмæ бацæуæн фæндагыл фесты асфальтгæнæн куыстытæ. Арæзтадон фирмæйы минæвæрт-тæ куыд банысан кодтой, афтæмæй объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы мæйы кæрон.

Дарддæр бæстæйы сæргълæууæг йæ фæндаг акодта Дзауы райцентрмæ.

Федта, Дзауы скъола-интернаты цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый. Президент федта, бæстыхайы мансардайæ дыккаг уæладзыг кæй сырæзт, уый. Кæд мансарда цæрынæн нæ бæззыд, уæд ныр та ацы уæладзыгыл арæзт æрцыдысты интернаты сывæллæттæн фынæйгæнæн æмæ административон хатæнтæ æмæ гимнастикæйы зал.

Скъола-интернаты фыццаг уæладзыг дæр цалцæггонд æрцыд. Хæрзарæзт цæуы йæ алфæмблайы фæзуат дæр, ныссагътой дзы цъæхдарæнтæ. Уым дæр арæзт æрцыд волейболон фæзуат.

Бæрæг куыд у, афтæмæй скъола-интернаты арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц Дунеон хыгъдон банчы фæрæзтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадимæ æмархайдæй.

Уымæй дарддæр ма скъола-интернаты территорийыл политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы фонды фæрæзтæй арæзт цæуы футболон фæзуат.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.