Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн знон радзырдтой, театры арæзтады, стæй театры бæстыхай цы хуыз райсдзæн, уый тыххæй.

Тыбылты Леонидæн бынаты равдыстой, цавæр брусчаткæйæ нывæзт уыдзæн Цхинвалы сæйраг фæзуат, уый. Объектæн йæхи арæзтадон куыстытæ тынг фæрæвдз сты, уæлдайдæр та, Театралон фæзуаты хæрзарæзт æмæ цъæхдарæнты охыл цы куыстытæ цæуы, уыдон. Уыцы ран ма цырд темптæй монтажгонд цæуы фонтаны бынат.

«Иу минут сафыны фадат дæр нын нæй, уæлдайдæр та ацы бонты боныгъæд дæр у аразджыты фæндиаг. Уынын æй, кусут, бирæ кусджытæ дзы ис, æмæ уый зæрдæйæн æхсызгон у», –  загъта Президент.

Театры мидæггаг хайæн ныридæгæн йæ хуыз фæбæлвырддæр ис. Татарстаны республикæйы президенты æххуысгæнæг Фарит Ханифовы ныхæстæм гæсгæ, 10 боны æмгъуыдмæ монтажгонд фæуыдзысты цар.

«Æмæ стæй дыууæ къуырийы фæстæ æрæвналдзыстæм залы мидæггагон молярон куыстытæм», – загъта уый.

Тыбылты Леонидæн ма равдыстой, мидæггагон фæлындзæн куыстытæ цы хатæнты цæуынц, уыдон. Театры уыдзæн сабиты зонæ, цыран арæзт уыдзæн буфет. Ацы ран дæр, иннæ уæладзгуытау, куыст цæуы активонæй.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.