Фæстаг азты нæ республикæйы къухдариуæгад лæмбынæг йæ хъус дары, куыд æппæт цардуагон фарстатæм, афтæ фæндагон бастдзинады фарстатæм дæр. Арæзтадон куыстытæ цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты æмæ хуыздæрæй хуыздæр кæнынц республикæйы цæрджыты уавæртæ.

Ныртæккæ сæ тæмæны сты Дзауы районы Гуфта — Къуайсайы автотрассæйы ре-конструкцион куыстытæ. Уыцы куыстытæ æххæст кæны РХИ-йы Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты дæлбар организаци «Дорэкспострой». Организацийы генералон директор Лалыты Мурат куыд загъта, афтæмæй ацы фæндаджы арæзтад хаст у 2015 — 2017 азты Инвестпрограммæмæ.

Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад райдыдта 2012 азы æмæ йæ уæд йæхимæ райста цæгатирыстойнаг арæзтадон компани «МАРС-Р», фæлæ, хъыгагæн, уыдон сæ куыст нæ бакодтой гъæдджынæй æмæ йæ кæронмæ дæр нæ фесты, финансон фæрæзтæ сын кæй нæ фаг кодта, уый аххосæй. Ныр ацы объектæй «Дорэкспострой» йæхимæ цы иу хай райста, уый у Гуфтайæ дæллаг Хъемултайы хъæуы онг. Æдæппæт йæ дæргъ у 13 километры. Ныртæккæ ам цæуынц асфальт скæныны агъоммæйы арæзтадон куыстытæ.

«Ацы азы фыццаг кварталы райдыдтам Гуфта — Къуайсайы автотрассæйы арæзтадон куыстыты фыццаг этап. Фæндаг бирæ рæтты æрлæбырд æмæ æрбанарæг ис. Мах æй уыцы бынæтты фæфæтæндæр кæнæм, уый фæстæ йæ слæгъз кæнæм. Фæндаджы кæрæтты скъахæм, къæвдайы дон кæдæм лæдæрса, ахæм къанаутæ. Иуæй-иу рæтты дондзæуæнтæ сты цъыфæй йедзаг æмæ сæ фæхъæуы ссыгъдæг кæнын. Афтæ ма бирæ рæтты бахъæуы ногæй сæ сæвæрын дæр. Ацы объектыл ис дыууæ цалцæгкæнинаг хиды, уыдонæй сæ иуыл ныридæгæн фестæм цалцæггæнæн куыстытæ æмæ тагъд иннæйы дæр фæуыдзыстæм.

Арæзтадон куыстыты фæстæ райдайдзыстæм дыккаг этап æмæ фæндагыл сæвæрдзыстæм дыууæ цъары асфальт. Куыд зонут, афтæмæй ма ацы фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ мах размæ кодта æндæр арæзтадон компани æмæ уыдон фæндаджы иу хайыл 4 километры дæрццæгæн, сæвæрдтой асфальт, фæ-лæ уый, æвæццæгæн, нæ уыд гъæдджын арæзт æмæ уайтагъд фæстæмæ скалд. Уыцы дæрццæг махæн хаст нæу асфальт скæныны проектмæ, фæлæ бацархайдзыстæм, цæмæй уый дæр ногæй сасфальт кæнæм, тынг æвзæр уавæры кæй ис, уый тыххæй», — загъта «Дорэкспострой»-ы гендиректор Лалыты Мурат.

Организацийы гендиректор ма куыд загъта, афтæмæй ацы объекты ныртæккæ кусы 20 адæймаджы бæрц. Техникон фæрæзтæй дæр сты хæрзифтонг. Фæндæгты арæзтадон куыстытæ бакæныны уавæртæ æппæтæй дæр сты бирæ хуыздæр раздæримæ абаргæйæ. Ныртæккæ Хуыцъейы хъæуы цы асфальтуадзæн завод кусы, уый фаг кæны Республикæйы фæндæгтæ æнæкъуылымпыйæ асфальтæй сифтонг кæнынæн.

Лалыйы фырт ма куыд загъта, афтæмæй Къуайса — Гуфтайы фæндаджы ацы иу хайы реконструкцион куыстытæ кæронмæ бакæныны æмгъуыд у ацы азы фæудмæ.

Къуайса — Гуфтайы фæндаджы иннæ хай, ома дæллаг Хъемултайæ Къуайсайы онг хаст у 2017 азы Инвестпрограммæмæ æмæ уый фæлгæтты кæронмæ æххæст æрцæу-дзысты автотрассæйы реконсруцион куыстытæ. Ацы автортассæйæн Республикæйы столицæ æмæ Къуыдаргомы хъæутимæ бастдзинады хъуыддаджы ис стыр нысаниуæг алыфарсон цардуагон фарсæрдыгæй дæр.

Арæзтадон организаци «Дорэкспострой» ма ныртæккæ арæзтадон куыстытæ кæны Республикæйы æндæр æмæ æндæр рæтты дæр. Гуфта-Транскамы фæндаджы хуссар хайыл ныртæккæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Уыцы фæндаджы арæзтад хаст нæу Инвестпрограммæмæ, фæлæ Лалыйы фырты ныхæстæм гæсгæ арæзт цæуы организаци «Дорэкспострой»-ы финансон фæрæзтæй. Цхинвалы Остъайы фырты уынджы фæуд кæнынц асфальт скæныны агъоммæйы бындурон куыстытæ. Асфальт та хъуамæ æрцæуа 10-æм маймæ. Ацы объекты цалцæггæнæн куыстыты ныртæккæ хайад исы 35 адæйма-джы бæрц æмæ уый фæстæ та райдайдзысты Цхинвалы æмæ Хетæгкаты Къостайы уынгты цалцæггæнæн куыстытæ.

«Ныфс нæ ис, æмæ сараздзыстæм æппæт дæр, цæмæй нæхимæ райсгæ хæстæ сæххæст кæнæм гъæдджынæй æмæ рæстæгыл», — загъта Лалыйы фырт.

Синагур-Карзманы фæндаджы арæзтад «Дорэкспострой» райдыдта 2014 азы. «Ныртæккæ ацы объектыл фестæм сæйраг куыстыты фылдæр хай. Фæндаджы дæрццæг æдæппæт у 10 киллометр æмæ 800 метры бæрц æмæ йæ фæтæн та — 8 метры. Сæвæрдтам иу хид, кæцыйæн йæ дæргъ у 15 метры»- загъта организацийы гендиректор. Лалыйы фырты ныхæстæм гæсгæ ма ам куыст цæудзæн фæндаджы хæрзарæзтадыл дæр: фæндаджы кæрæтты фæнд кæнынц фæндагон змæлды нысæнттæ сæвæрын, хæххон фæндæгтыл бирæ рæтты къæдзæхтæй ралæдæрсы дон æмæ фæндæгтæ схырыз кæны. Ахæм бынæтты сæвæрдзысты дондзæуæнтæ, æмæ ма былгæрæтты æххæст æрцæудзысты фидаргæнæн куыстытæ. Ацы куыстытæ кæронмæ фæуын фæнд кæнынц ноябры мæйы кæронмæ.

«Дорэкспострой» ма йæхимæ райста горæты ноджы 11 уынджы арæзтадон куыстытæ бакæнын.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.