21-æм октябры арæзтадон организаци «Кавказ» æрæвнæлдта Дзауы скъола-интернаты дыккаг уæладзыджы арæзтадмæ.

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй скъола-интернаты цалдæр азы размæ уыдис зынгсирвæзт æмæ йæ дыккаг уæладзыг афтæ басыгъд æмæ йæ бахъуыдис ногæй раивын. Эксперты хъуыдымæ гæсгæ агъуысты уæлхæдзар сцалцæг кæнынæн нал бæззыд æмæ йæ бахъуыд райхалын. Дыккаг уæладзыджы та сын уыдис дæрддаг хъæутæй цæуæг скъоладзауты æхсæвиуатгæнæн хатæнтæ. Уæд  зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны кусджыты фæрцы скъолайы фылдæр хай аивæрзт арты цæхæрæй. Хицауад арæзтадон куыстытæн æхцайы фæрæзтæ кæй нæ ардтой, уымæ гæсгæ та-иу реконструкцигонд не ʻрцыд. 2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ дæр хаст кæй не ‘рцыдис, уый аххосæй скъола-интернаты фарст скъуыддзаг нæ цыдис. Скъола-интернаты уæддæр нырмæ дæр цыдис ахуыр, фæлæ дзы сывæллæттæн æхсæвиуат кæнынæн уавæртæ нæ уыдис, æмæ тынг тыхстысты. Уый тыххæй нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрад цалдæр хатт æрæвæрдта фарст, цæмæй скъолайæн ацы проблемæ аскъуыддзаг кæной. Æппынфæстагмæ Республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали ацы фарсты фæдыл бадзырдта нæ республикæйы коммерцион банчы хистæр Вадим Шадянимæ æмæ скъолайы арæзтадæн рахицæн кодтой 15 милуан сомы бæрц. Ныр фирмæ “Кавказ” æрæвнæлдтой арæзтадон куыстытæм.

Арæзтадон фирмæ «Кавказ»-ы генералон директор Гаглойты Артур нын куыд радзырдта, афтæмæй уыдон сæ куыст райдыдтой 21-æм октябрæй. «Мах Дзауы администрациимæ сарæзтам бадзырд, цæмæй саразæм скъола-интернаты æнди-дзынгæнæн куыстытæ. Ныртæккæ нæм кусы 18 кусæджы. Уыдон уал райхæлдтой агъуысты уæлхæдзар æмæ ныр та бавнæлдтой къултæ амайынмæ. Кæд боныгъæд хорз ахæсса, уæд æй дыууæ мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ фæуæм. Ног азмæ йæ хъуамæ сцæттæ кæнæм æмæ йæ радтæм. Сæйраг нын у амайыны хъуыддаг, агъуыст нын æмбæрзт куы ‘рцæуа, уæд мидæггагон куыстытæ фенцондæр уыдзысты, къæвдатæ нæ нал хъыгдардзысты. Нæ куысты ницы проблемæтæ ис, фаг нæм ис арæзтадон æрмæджытæ æмæ техникæ. Кæд ма нæ исты бахъæуы техникæйæ, уæд нын уымæй та баххуыс кæнынц  Дзауы районы цæрæнуатон коммуналон хæдзарад, æмæ сын уый тых-хæй зæгъæм бузныг», – загъта фир-мæ «Кавказ»-ы гендиректор.

Уымæй дарддæр ма ацы скъолайæн проблемон уыдис, сæ артгæнæн системæ скъолайæн йæхи  агъуысты мидæг кæй уыдис, уый. Ныртæккæ йын бынат рахицæн кодтой æмæ артгæнæн хаст æрцыдис æдтæмæ.

Ныртæккæ скъола-интернаты арæзтадон куыстытæ кæй цæуынц, уый тыххæй уал скъоладзаутæ рæстæгмæ сæ ахуыры процесс дарддæр кæнынц Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы – ахуыр кæнынц фæссихор.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.