Куыд бæрæг у, афтæмæй 2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст объектты арæзтадмæ ис сæрмагонд хъусдард здæхт. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ, снысангонд æмгъуыдмæ лæвæрд цыдысты эксплуатацимæ. Ис дзы ахæм объекттæ дæр, кæцытæ хаст æрцыдысты ацæугæ азæй ацы азмæ. Ахæм объекттæм хауынц, Хъайтарты уынджы кæрон цы цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдон дæр.

Ам арæзтадон куыстытæ æххæст кæны «СТМ-ЮГ». Уыдон куыстытæм æрывнæлдтой ацы аз майы мæйæ. Уæдмæ сæ æххæст кодта «СоюзСтройПроект». Уыдон рæстмæ кæй нæ куыстой, уымæ гæсгæ объекты арæзтад фæстиат кодта. Ныр «СТМ-Юг» бæстонæй æрывнæлд-та хæдзæртты арæзтадмæ æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Ныртæккæ ам æххæст цæуынц ми-дæггагон куыстытæ. Байсæрстой къултæ, баконд æрцыдысты электромонтажгæнæн куыстытæ, æвæрд æрцыдысты фатерты дуæрттæ. Кусджы-тæ архайынц коммуникацион хæххытæ аразыныл.

Арæзтады прораб Тускъаты Марат куыд зæгъы, афтæмæй 26 фатеры ныридæгæн баконд æрцыдысты æппæт мидæггагон куыстытæ дæр. Арæзт ма дзы æрцæудзысты вентиляцион æмæ хъармгæнæн системæйы куыстытæ. Объектты æдæппæт кусынц 200 адæйма-джы. Уыдонæн сæ фылдæр сты бынæттон цæр-джытæ. Уыдон ноджы фылдæр уаиккой, фæлæ хатт ам нæ разыны алы специалистты фæдыл кусджытæ æмæ уæд бахъæуы Уæрæсейæ сæ æрхонын.

Объект йæ рæстæгыл эксплуатацимæ лæвæрд кæй не ‘рцыд, уымæ гæсгæ ныр тындзынц куыстытыл, цæмæй сæ рæстæгыл бакæной æмæ фатерты сæ хицæуттæ тагъддæр ссарой. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уал уыдон уыдзысты 125 æмæ куы сцæттæ уой, уæд та ахиздзысты иннæ хæдзæртты арæзтадмæ.

Арæзтады прораб куыд зæгъы, афтæмæй хæдзæртты алыварс æрцæудзæнис хæрзарæзт. Цæрджытæн дзы æрулæфынæн, сæ фæллад суадзынæн уыдзæнис æппæт уавæртæ дæр.

Фатертæй 55 сты иу хатæнон, 25 – дыууæхатæнон, 30 – æртæхатæнонтæ, 5 та цыппархатæ-нонтæ. Ам æнæразыдзинад цæрджытæм æвзæрын кодта иу хъуыддаг, зæгъгæ, фатертæн сæ цæрттæ сты ныллæг. Фæлæ аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон сты дам-думтæ, æппæт дæр арæзт цæуы проектмæ гæсгæ, кусджытæ сæхæдæг ницы ивындзинæдтæ хæссынц объектмæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый æмæ хатæнты фидардæры тыххæй æвæрд цæуынц уæладзæнтæ, фæлæ аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон ницы хъыгдарынц. Уый нæ, фæлæ сæ спайдагæнæн ис хæдзар сфæлындзыны рæстæджы. Уыдон дæр цæрджытæй бирæты зæрдæмæ нæ цæуынц, фæлæ арæзт цæуынц проектмæ гæсгæ. Кусджытæ ныфс æвæрынц, уыдон дæр аив арæзт кæй æрцæудзысты, уымæй.

Уæдæ ацы объект куы сырæза, уæд æххæст æрцæудзæнис, цæрджытæй йæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ чи æнхъæлмæ кæсынц, уыдонæй бирæты бæллиц.

Бестауты В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.