Æнусон арты раз Кады аллейы Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады паддзахадон службæйы кусджыты иу къордæн уагъд æрцыд цытджын ардбахæрды церемони. Мадзалмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хъахъхъæнынады службæйы къухдариуæггæнæг Бибылты Ацæмæз, Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Михаил Шабанов, Хъахъхъæнынады министрады командæкæнынад æмæ бæстæйы Гарзджын тыхты службæгæнджыты дæлхæйттæ.

Æфсæддон оркестры зæлтæм Хъахъхъæнынады министрады Цытджын хъарагъул Кады аллеймæ æрбахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ Гарзджын тыхты тырыса.

Хъахъхъæнынады министрады Генералон штабы къухдариуæггæнæг, булкъон Виктор Федоров фехъусын кодта бæстæйы Уæлдæр сæйраг командæгæнæгæн, Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы сæрмагонд сконд цæттæ кæй сты цытджын церемонимæ.

Ацы службæйы 23 æлвæст лæппуйы кæрæдзи ивгæйæ аллейы бæстыастæу Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады сæрыл дзырдтой ардбахæрды ахсджиаг ныхæстæ.

Курсанттæн ацы ахсджиаг боны цытæн арфæ ракодта Президент Бибылты Анатоли: «Ардбахæрд æрмæст ныхæстæ зæгъын нæу – уый у йæ паддзахад, йæ Фыдыбæстæ, йæ адæмы тыххæй ардбахæрд. Сымах ард хæрут Фыдыбæстæйы зындгонд хъахъхъæнджыты традицитæ фылдæр кæныныл. Уыдон сты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æмæ, 1989 азæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадыл чи тох кодта, уыцы хъахъхъæнджытæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сымах ард хæрут адæмы раз, уæ тыхтыл æмæ цардыл кæй нæ ауæрддзыстут райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнгæйæ.

Уымæй дæр ахсджиаг ардбахæрды ныхæстæ хуымæтæджы ма хъуамæ цæуой дзырд. Уыдон æрвылбон дæр хъуамæ уой уæ зæрдæйы, уæ сæры магъзы, хъуамæ уæ цард уа уыдонæй»- банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Ирон адæм, зæгъгæ, цардархайды æппæт фадгуыты дæр сæхи æвдыстой аккагæй. Сæ хъайтардзинад æмæ аудындзинад уыдон, сæйраджыдæр, æвдыстой æфсæддон службæйы рæстæджы, кæм фæнды ма уыдаиккой, уæддæр уыдысты бæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы хорз дæнцæг. Ныфс мæ, ис абон ам ард цы лæппутæ бахордтой, уыдон дæр кæй слæууыдысты уыцы фæндагыл”. Ахæм уыд йæ раныхас Бибылты Анатолийæн.

Ацы нысаниуæгджын бон курсантты номæй арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Цхуырбаты лæппу республикæйы къухдариуæгад, Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгад æмæ ахуырадон центры афицертæн, фадæттæ сын кæй сарæзтой æмбæлон цæттæдзинад райсыны хъуыддаджы.

Мадзалы кæрон Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон дæлхæйттæ, æмæ Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæ цытджын цыдæй рацыдысты Кады аллейы.

Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы къухдариуæггæнæг Бибылты Ацæмæз нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æфсæддон ардбахæрд цы курсанттæ райстой, уыдон ацы тыхон структурæты службæ кодтой, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты нæ баслужбæ кæнгæйæ. Æмæ Хъахъхъæнынады служ-бæйы æнæ æфсæддон билетæй службæ кæнын та бынтон раст нæу.

«Уымæ гæсгæ бауынаффæ кодтам æмæ сæ арвыстам Хъахъхъæнынады министрады ахуырадон центр «Барс»- мæ, æвзонг хæстоны курс рацæуынмæ. Уым сæ мæйы дæргъы æфсæддон хъуыддаджы бындурыл биноныгæй ахуыр кодтой Хъахъхъæнынады министрады фæлтæрд афицертæ» – дзырдта Бибылты  Ацæмæз.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.