Знон нæ Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон городокы фæзуаты цытджын уавæрты æфсæддон ардбахорд радтой Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр алы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæттæм цы хуссарирыстойнаг æвзонг курсанттæ бацыдысты, уыдон æмæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæм æвзонг æрсиддонтæ.
Цытджын мадзалы хайад райстой нæ Республикæйы Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, президент Гаглойты Алан, хъахъхъæнынады министр булкъон Марат Павлов, йæ хæдивджытæ, æфсæддон управленийы афицертæ, хицауады бæрнон кусджытæ æмæ æвзонг курсанттæ æмæ æрсиддонты хиуæттæ.
Æвзонг курсанттæ æмæ æрсиддонтæ цытджын уавæрты ард бахордтой, цæсгомджынæй æмæ намысджынæй кæй æххæст кæндзысты Фыдыбæстæйы раз сæ æвæджиаг хæс. Нæ фидæны фæлтæр, сæ царды ног фæндагыл æрлæугæйæ, æмбарынц, сæ разы егъау хæс кæй ис æмæ æппæтдæр кæй хъæуы саразын, цæмæй бæстæйы кад æмæ ном сæрыстырæй хæссой.
Ардбахæрды бон уыдонæй алкæмæндæр ссис ахсджиаг, æхсызгон бон. Уыдонæй алчи-дæр æмбæрста, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæгæн ардбахæрд, бæстæйы æмæ йæ адæмыл иузæрдиондзинад æрмæст ныхæстæ не сты, фæлæ у ахсджиаг æмæ стыр мидисæй йемыдзаг ритуал.
Æвзонг курсантты цытджын ардбахæрды церемонийы фæстæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан загъта:
«Уæ бæстæ æмæ адæмы сæрвæлтау цытджын ардбахæрды бон ссис намысджын æмæ сæрыстыр бон. Цæсгомджынæй кæй службæ æмæ ахуыр кæндзыстут, уый цæ-рæнбонтæм баззайдзæн уæ мысынады.
Цы æфсæддон дарæс скодтат уæ уæлæ, уый уæ размæ скодтой уæ фарсмæ цы хисдæр службæгæнджытæ ис, уыдон. Æмæ йæ хæссынц сæрыстырæй – афтæ йæ хъуамæ хæссат сымах дæр.
Макуы уæ бахъæуæт хæстон уавæрты хæцын, фæлæ æппынæдзух цæттæ хъуамæ уат Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Уыцы арæхстдзинад æмæ хъару уæ макуы фæиппæрд уæт».
Бæстæйы сæргълæууæг æрсидтд цытджын церемонийы хайадисджытæм, ахуырмæ чи цæуы, æфсады рæнхъыты чи службæ кæндзæн, уыдонмæ, цæмæй суой сæ бæстæйæн аккаг æмбæстæгтæ.
Гаглойты Алан зæрдыл æрлæууын кодта, ныртæккæ вазыгджын рæстæджы кæй цæрæм æмæ ныртæккæ цы ирон лæппутæ хъахъхъæнынц бæстæйы æдасдзинад, уыдон рæнхъытæ, зæгъгæ, сымах æххæст кæндзыстут.
«Абон мах райгонд стæм уæ царды ног къахдзæфтæй, афтæ райгонд уæ хъуамæ уæм нæ бæстæйы сæрвæлтау уæ æнтыстытæ æмæ царды уæ къахдзæфтæй», – банысан кодта уый.
Æвзонг курсантты номæй мадзалы раныхас кодта æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Анастасия Лапина. Мах, зæгъгæ, Фыдыбæстæйæн ныфс бавæрдтам, кæй хъахъхъæндзыстæм нæ Райгуырæн бæстæ нæ буц фыдæлтæ йæ куыд хъахъхъæдтой, афтæ. Курсанттæн йæ цæст бауарзта службæ æмæ ахуыры æнтыстытæ, Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинад æмæ ныфсхастдзинад.
«Мæн ныфс ис, æмæ махæй кæй ничи фæхудинаг кæндзæн бæстæйы сæрыстырдзинад æмæ ирон тырысайы бæрзонд кад», – загъта уый.
Æвзонг курсантты ныййарджыты номæй арфæ ракодта курсант Багаты Владиславы мад Сиукъаты Ларисæ. Уый æппæт ныййарджыты номæй бæстæйы сæргълæууæг æмæ Хъахъхъæнынады министрадæн загъта бузныджы ныхæстæ, ахæм фадæттæ сын кæй ис, цæмæй сæ сывæллæттæ зонындзинæдтæ исой Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты. Ныфс бавæрдта, сæ сывæллæттæ аккагæй æмæ намысджынæй кæй уыдзысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Курсанттæн та йæ цæст бауарзта æнтыстытæ æмæ æнæниздзинад.
Мадзалы официалон хайы фæстæ Гарзджын тыхты дæлхæйттæ æмæ æвзонг курсанттæ æфсæддон оркестры зæлтæм рацыдысты цытджын маршæй.
Уымæй размæ курсанттæ, æфсæддон хъуыддагыл фæцалх кæныны нысанæн министрады ахуырадон центр «Барс»-ы рацыдысты «Æвзонг хæстоны курс»-ы программæ. Цытджын æфсæддон ардбахæрды фæстæ æрсиддонтæ службæ хæсдзысты хъахъхъæнынады министрады дæлхæйтты æмæ курсанттæ та æрвыст æрцæудзысты Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады хаххыл алы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæттæм.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.