Знон нæ  Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады Æфсæддон городокы фæзуаты цытджын уавæрты æфсæддон ард бахордтой, уæрæсейаг æндæр æмæ æндæр уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæттæм ахуыр кæнынмæ цы хуссарирыстойнаг æвзонг курсанттæ бацыдысты, уыдон.

Цытджын мадзалы хайад райстой нæ Республикæйы Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим, йæ хæдивджытæ, æфсæддон управленийы органты афицертæ, хицауады бæрнон кусджытæ æмæ æвзонг курсантты хиуæттæ.

Æвзонг курсанттæ цытджын уавæрты ард бахордтой, цæсгомджынæй æмæ намысджынæй кæй æххæст кæндзысты Фыдыбæстæйы раз сæ æвæджиаг хæс. Не суинаг фæлтæр чызгæй, лæппуйæ, сæ царды хисæрмагонд фæндагыл, ног этапыл æрлæугæйæ, æмбарынц, сæ разы егъау хæс кæй ис æмæ æппæтдæр кæй хъæуы саразын, цæмæй бæстæйы кад æмæ ном сæрыстырæй хæссой.

Ардбахæрды бон курсанттæй алкæмæн дæр ссис ахсджиаг, сæйраг æмæ æхсызгон бон. Уыдонæй алчи дæр æмбæрста, Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæгæн ардбахæрд, бæстæйы æмæ йæ адæмыл иузæрдиондзинад æрмæст ныхæстæ не сты, фæлæ у ахсджиаг æмæ стыр мидисæй йемыдзаг ритуал.

Æвзонг курсантты цытджын ардбахæрды церемонийы фæстæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æрсидт курсанттæ æмæ уыдоны ныййарджытæм, сымахæн, зæгъгæ, абон у бæрнон æмæ ахсджиаг бон.

«Абон сымах уæ бæстæ æмæ адæмы сæрвæлтау цы цытджын ард бахордтат, уыцы бон уын у намысджын æмæ сæрыстыр бон. Цæсгомджынæй кæй службæ æмæ ахуыр кæндзыстут, уый цæрæнбонтæм баззайдзæн уæ мысынады.

Цытджын ардбахæрды ныхæстæ æппындзух хъуамæ уой уæ хъуыдыкæнынады æмæ зæрдæйы. Сымах сом уы-дзыстут Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты, сы-мах ахуыр кæндзыстут æфсæддон хъуыддагыл æмæ цайдагъ кæндзыстут æфсæддон зонындзинæдтыл. Сæйрагдæр хæс уын уыдзæн намысджын æмæ аккаг зонындзинæдтæ райсын, баслуж-бæ кæнын æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ баххæст кæнын. Хъуамæ хъуыды кæнат, абон ардæм цы ахсджиаг мадзалы тых-хæй æрæмбырд стæм – уæ ныййарджытæ, хиуæттæ, Гарзджын тыхты ветерантæ, Хуссар Ирыстоны адæм, уыдон сымахмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц бæрзонд фæстиуджытæм – ахуыры, дисциплинæйы æмæ бæрзонд æфсæддон цæттæдзинады», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ курсанттæн бар нæй æмæ ахуырмæ сæ хъус ма дарой, дисциплинæ ма хъахъхъæной æмæ «Хуссар Ирыстоны курсанты» бæрзонд ном дызæрдыджы æппарой.

Хъыгагæн, ис ахæм цаутæ, Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты къухдариуæггæнджытæ куы рацух кæнынц хуссарирыстойнаг курсантты, хорз ахуыр æмæ дисциплинæ кæй нæ хъахъхъæнынц, уымæ гæсгæ. Уый Президент банымадта æгады хъуыддагыл, уымæн æмæ уый у махæй алкæмæн дæр худинаг.

«Ныртæккæ сымахæн хорз фадæттæ ис, цæмæй хорз зонындзинæдтæ райсат. Уыцы фадæттæ раздæр нæ уыд алкæмæн. Хорз уаид, æмæ æфсæддон зонынæдтæ сымахæй алкæмæн дæр куы суаиккой сæйраг здæхт. Ныфс мæ ис, æмæ сымахæй мах сæрыстыр кæй уыдзыстæм», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Курсантты ныййарджытæ æмæ хиуæттæн дæр арфæйы ныхæстæ ракодта бæстæйы сæргълæууæг. Ныфс бавæрдта, бæстæйы къухдариуæгад лæмбынæг йæ хъус кæй дардзæн уыдонæй алкæмæ дæр.

Ахæм нысаниуæгджын бон ма курсанттæн раарфæ кодта нæ Республикæйы Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав. Уый дæр æрсидт æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæм, цæмæй Уæрæсейы алы къуымты Ирыстоны кад ма æрныллæг кæной, фæлæ йæ дарддæр хæссой сæрыстырæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон æфсæддон командæгæнджытæ цы кадджын традицитæ ныууагътой, уыдон дарддæргæнджытæ, зæгъгæ, уыдзыстут сымах.

Æнтыстытæ æмæ æфсæддон æвзыгъддзинæдтæ æвдисын бауарзта йæ цæст ныхасгæнæгæн.

АРД БАХОРДТОЙ КУРСАНТТÆ

Æвзонг курсантты ныййарджыты номæй арфæ ракодта Биазырты Мадинæ. Уый æппæт ныййарджыты номæй бæстæйы сæргълæууæг æмæ Хъахъхъæнынады министрадæн бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм фадæттæ сын кæй ис, цæмæй сæ сывæллæттæ зонындзинæдтæ исой Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты.

Уый ныфс бавæрдта, сæ сывæллæттæ кæй уыдзысты Хуссар Ирыстонæй аккаг æмæ намысджын минæвæрттæ.

«Ацы бонты мах мысыдыстæм 2008 азы геноциды амæттæгты рухс нæмттæ. Уыцы уæззау бонты сæ цард Ирыстоны сæрвæлтау рауæлдай кодтой Фыдыбæстæйы бирæ хъахъхъæнджытæ, уыдоны ‘хсæн уыдысты Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ дæр. Уымæ гæсгæ сымахæй ныртæккæ бирæ кæнгæ у. Хъуамæ тырнат ног бæрзæндтæм, уæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнгæйæ, цæмæй уæ æнтыстытæй сомбон сæрыстыр уой уæ ныййарджытæ æмæ æмткæй Ирыстоны æмбæстæгтæ», – банысан кодта уый.

Æвзонг курсантты номæй Табуты Никъала арфæ ракодта бæстæйы къухдариуæгад æмæ Хъахъхъæнынады министрады скондæн, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадæн, фадат сын кæй ис Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты ахуыр кæнынæн.

Мадзалы официалон хайы фæстæ Гарзджын тыхты дæлхæйттæ æмæ æвзонг курсанттæ цытджын маршæй рацыдысты æфсæддон оркестры зæлтæм фæзуаты.

Уымæй размæ курсанттæ, æфсæддон хъуыддагыл фæцайдагъ кæныны нысанæн министрады ахуырадон центр «Барс»-ы рацыдысты «Æвзонг хæстоны курс»-ы программæ. Цытджын æфсæддон ардбахæрды фæстæ уыдон æрвыст æрцæудзысты Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæ-нæндæттæм.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.