95 азы сæххæст уыдаид, сывæллæтты уарзон фыссæг, ССР Цæдисы фысджыты цæдисы æмæ журналистты цæдисы уæнг – дзæнæттаг Джиоты Катяйыл.

Алы адæймаджы райгуырд дæр у стыр фæзынд, уæлдайдæр та йæ алыварс цы адæймæгтæ ис, уыдонæй истæмæй куы хицæн кæна, уæд. Æмæ уæдæ, иугæр адæймаг цардмæ рантыст, уæд хъуамæ архайа, цæмæй йæ царды рæстæджы йæ бакæнгæ хъуыддæгтæй йæ хорз ном баззайа. Иу æнтыст ын хъуамæ уа æндæр æнтысты райдиан. Афтæ у адæймаджы уды сконд, æдзух агурæнты, архайды, змæлды хъуамæ уа,  тырна ног æмæ ног бæрзæндтæм. Æцæг, уыцы бæрзæндтæм схизын алкæй къухты æнцонæй нæ бафты. Джиоты Катя йæ царды цæмæ тырныдта, уый æххæстбæрцæй йæ къухты бафтыд, афтæ зæгъæн нæй. Фæлæ, æвæццæгæн иунæг фыссæг æмæ аивады кусæг дæр а-дунейы йе сфæлдыстадон куыстæй æххæст райгондæй нæ баззайы, уымæн æмæ ма йæ ноджыдæр фæфæнды, цæмæй цæмæ тырныдта, уыдон æххæстæй йæ къухты бафтой. Фæлæ, æвæццæгæн фыссæджы цард, цас ныффыста, уымæй баргæ нæу. Фыссæджы сфæлдыстады мах фæагурæм иу миниуæг: цы фыста æмæ цæуыл фыста, цы уыдысты йæ дзуринæгтæ, уыдон раргом кæнын ын бантыст æви нæ.

Джиоты Катя уыд сывæллæтты фыссæг æмæ нæм йæ уацмыстæ кæсгæйæ æнæмæнг сæвзæры фарст. Цымæ Катя фæндаг ссардта нæ чысыл хурты зæрдæтæм? Æз зæгъин афтæ: уыцы хъуыддаг цасдæр-бæрцæй кæй бафтыд Катяйы къухты. Афтæ мæм кæсы æмæ Катя йæ уд нæ бацауæрста, æмæ  йæ уды рæсугъддзинæдтæ фыстæй алæвæрдта нæ рæзгæ фæлтæр-мæ æмæ уый у йе сфæлдыстадон æнтыст. Дæ фыст дын хъуамæ æмбарой, кæй тыххæй фыст у, уыдон. Æмæ Катяйæн ахæм æнтыст йæ къухты кæй бафтыд, уый ирдæй зыны, нæ чысыл хуртæн кæй ныффыста, уыцы чингуыты: “Сæлийы ног къаба”, “Зæри”, “Батырадзы лæвар”, “Æз дæр чысыл уыдтæн кæддæр”, “Саст дурын”, уацмыстæ “Урс æмпъузæнтæ”, “Сæрзилæнтæ” æмæ æндæртæ. Фыссæгæн хицæн радзырдтæ ахуыргæнæн чингуытæм кæй бахаудысты, уый дæр дзурæг у йæ курдиаты тыхыл. Катя у дæс чиныджы автор æмæ йын цыппар чиныг та рацыд тæлмацтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон дæр сывæллæттæн. Бантыст  ын алыварсонæй дæр сывæллæтты удыхъæд раиртасын. Уый бæрæгæй разынд йæ радзырд “Æнхъæлцау”-ы. Ацы радзырды архайæг чысыл чызг Мæди йæ сабибонтæ æрвыста, советон сабитæ сæ куыд æрвыстой, афтæ: сабыр арвы бын хъæлдзæгæй. Фæ-лæ нæ фыдæбоны сыхæгтæ дыууынæм æнусы кæрон Ирыстонмæ куы æрбалæбурдтой, уæд Мæдийы фыд æгъатыр гуырдзиæгты къухæй мард фæцис. Уыцы уавæр бандæвта сывæллоны цардыл æмæ йын уæдмæ хойы ад чи кодта, йæ уыцы æнувыд æмбал Зæли йæ чъылдым фездæхта Мæдимæ. Ныр та цæрдхъомдæр  хæдзары чи хъомыл кодта, ахæмимæ схæлар. Ацы хабар куыддæр Зæлийы мад бафиппайдта, афтæ йæ чызгæн бауайдзæф кодта: “Мæ чызг, адæмы мæгуыр æмæ хъæздыджытыл ма дих кæн, уый дæ æвзæр миниуæгыл дзурæг у æмæ дæ хорзмæ не ‘ркæндзæнис”. Ам автор йæ хъусдард аздæхта ныййарджытæм, цæмæй уой къæрцхъус æмæ йæ сывæллон  кæм рæдийа, уым ын æй бамбарын кæна, цæмæй дзы  сомбон хорз адæймаг рацæуа.

Джиоты Катя райгуырд Ирыстоны рагондæр хъæутæй сæ иу – Иончайы. Ацы хъæу ис Знауыры районы. Катяйы ныййарджытæ уыдысты зæхкусæг адæм. Йæ фыд раджы фæзиан æмæ сидзæр сывæллæтты – дыууæ лæппу æмæ иу чызджы хъомыл кодта сæ мад Сона. Сывæллæттæм ма йæ хъус дардта сæ фыдыфсымæр Никъо. О, фæлæ, уæддæр сидзæрæн йæ ном йæ уæлæ ис. Адæмы æхсæн æнæхъуаджы нæ баззадис ахæм æмбисонд, “сидзæр мæгуыр у”, зæгъгæ.

Цардбæллон чызг, царды æппæт зындзинæдтæ быхсгæйæ, куыддæр Куатетрийы авдазон скъола бакаст, афтæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндонмæ. Каст æй куы фæцис, уæд дыууæ азы бæрц акуыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы… Фæлæ куыд фæзæгъынц, адæймаджы тырнындзинæдтæн кæрон нæй. Катяйæн йæ бæл-лиц уыд уæлдæр ахуырдзинад райсын æмæ та уый дæр йæ къухты бафтыд, 1951 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт.

1952 азы Катя кусынмæ бацыд рауагъдад “Ирыстон”- мæ техникон редакторæй. 1953 азы та ссис ацы рауагъдады кондады хайады гæс æмæ дзы фæкуыста 50 азæй фылдæр, растдæр зæгъгæйæ та, цалынмæ пенсийы ацыд, уæдмæ.

Джиоты Катя йæ уацмыстæ фыссын райдыдта, уартæ ма сæхи хъæуы ахуыргæнæгæй кусын куы райдыдта, уæд. Йæ райдианы йын мыхуыры цыдысты Знауыры районон газет “Колхозон цард”-ы, газет “Коммунист”-ы. Фæстæдæр ацы газетæн йæ ном раивтой æмæ йæ рахуыдтой “Советон Ирыстон”, ныр та, хуыйны “Хурзæрин”, журнал “Фидиуæг”-ы æмæ райдайгæ фысджыты æмбырдгæндты. Катяйæн йе сфæлдыстадон фæндаг, æмдзæвгæтæй, мыхуыр ын цыдысты, уæлдæр цы мыхуырон органты кой ракодтон, уыдоны фæрстыл. Фæстæдæр Катя рахызт сабитæн радзырдтæ фыссынмæ æмæ йын цас бантыст, уымæн нæхæдæг æвдисæн.

Æппæт уыдæттæ хорз сты, фæлæ уæддæр, мæнмæ гæсгæ сæйраг адæймагдзинад у. Æмæ Катя æххæст уыд æцæг ирон сылгоймаджы иууыл рæсугъддæр æууæлтæй. Уый уыд æгъдауджын, хиуылхæцгæ, сыгъдæгзæрдæ адæймаг. Ныхасæй, адæммæ йæ ахастæй æмæ куыстмæ арæхстдзинадæй,  уыд бафæзминаг. Æвзæрдзинад æй никæмæн фæндыд. Цæстуарзонæй кастис йæ алыварс адæммæ. Кæимæ куыста, цы сыхæгтимæ царди, уы-дон æй зыдтой æнæхин æмæ æргомдзырд адæймагæй. Æххуысхъуаг адæймагмæ кæддæриддæр фæдардтаид йе ‘ххуысы къух. Катя ма уыд тынг уазæгуарзон дæр. Уазæгыл бацин кæнынмæ йæ ничи амбылдтаид. Уый æцæгæй афтæ кæй уыд, уымæн мæ мæхицæй хуыздæр æвдисæн нæ хъæуы. Хорз ын зонын йæ цæхх, йæ кæрдзын цы ад кæнынц, уый.

Фæлæ йæ адæймагон иууыл стырдæр хæрзиуæгон миниуджытæ тынгдæр рабæрæг сты, куыд хъомылгæнæг, афтæ. Катяйы æрдзæй зæнæджы ‘рдыгæй амонд нæ фæцис, йæхицæн нæ уыд сывæллæттæ, фæлæ уый хыгъд мады хъомыл фæкодта йе ‘фсымæрты сывæллæтты, уæлдай хуыздæр æмæ ирддæрæй та Катяйы адæймагон миниуджытæ рабæрæг сты йæ цардæмбал Тедеты Дауыты сывæллæтты хъомыл кæнгæйæ. Йæ фæлмæн уарзæгой зæрдæ сын ницы хæлæг кодта. Катя сывæллæттæм цы зæрдæ дардта, уый тыххæй йæ иу æмдзæвгæ “Дыккаг мад”-ы афтæ фыста:

 

“Хъæбултау мæ сæ мад хонынц

Кæнынц мын цыт ‘ мæ кад.

Æз уыдонæй банкъардтон

Æцæг хъæбулты ад.

 

Æппынæдзух мæ фарсмæ сты.

У иу нæ цин, нæ зын…

Хæргæ-хæрын æнæ уыдон

Нæ ад кæны кæрдзын”.

Ахæм хъарм зæрдæ йæ риуы кæй дардта, раст ын уымæн бантыстис нæ рæзгæ  сабиты зæрдæтæм фæндаг ссарын дæр.

Катя цы чингуытæ рауагъта, уыдон йе ‘мсис æмбæлтты хъусдард сæхимæ аздæхтой æмæ сын скодтой стыр аргъ. Рецензитæ сыл ныффыстой Пухаты Алыксандр, Къæбысты Зауыр, Гуыцмæзты Михал, Гайты Евген æмæ æндæртæ. Рецензентты хъуыдымæ гæсгæ  йæ уацмысты ис аиппытæ дæр, фæлæ сæ иумæйагæй ирдæй зыны, кæуыл фыссы, уыцы фæлтæрмæ уарзондзинад æмæ уый у фыссæджы сфæлдыстады сæйраджы-сæйраг.

Джиоты Катяйы сфæлдыстадыл дæ цæст куы ахæссай, уæд дæ разы сыстдзæн, йæ риуы уарзæгой зæрдæ кæмæн тæлфыд, искæй хъæбулты рисыл чи рыстис, сæ цинтыл та сын цин чи кодта, ахæм адæймаг.

Джиоты Катя, куыд ма загътам, йæхи бауарзын кодта, йæ алыварс чи цард, уыдонæн. Бирæтæ йын йæ ном абон дæр хорзæн мысынц. Мысынц æй куыд хорз сыхаг, хорз æмгар, хорз æмкусæг, афтæ. Уымæн æмæ бирæты барæвдыдта йæ зæрдæйы хъармæй, йæ фæлмæн ныхасæй.

          БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.