Цæуынц бонтæ, азтæ, фæлæ адæмы зæрдæтæй никуы ферох уыдзысты 1941-1945 Фыдыбæстæйон хæсты азтæ. Уыцы мæлæтхæссæг азтæ æппæт дунейы адæмæн æрхастой цæрæнбонтæм  æнæферохгæнгæ иумæйаг рыст, æххормагдзинад, хæст æмæ тугкалд.

Хуссар Ирыстоны ма ныртæккæ цы 39 хæсты хайадисæджы ис, уыдонæн дæр не ‘мбæстæгтæ барухс кæнынц сæ зæрдæтæ алыгъуызон мадзæлттæй ссарынц, хæстæй чи нал æрыздæхтысты, уыдоны нæмттæ дæр.  3 майы, РХИ-йы Ветеранты Советмæ фæуазæг сты 1990 -2008 азты горæт Цхинвалы хæсты  фæцæфуæвæг инвалидты фонды минæвæрттæ дæр æмæ сын ракодтой бæрæгбонон арфæ.

Инвалидты фонды уæнгтыл райзæрдæйæ фембæлгæйæ, Ветеранты Советы Сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз  загъта: «Абон  мæн, Хуссар Ирыстоны æппæт ветеранты номæй фæнды раарфæ кæнын сымахæн, æрбалæугæ бæрæгбоны цытæн. Афтæ ма уын зæгъын стыр бузныг, сæйраджыдæр уый тыххæй, æмæ кæй стут Ирыстоны ныфс, хъайтар лæппутæ. Сымах, уæ удтыл æнæауæрдгæйæ,  знаджы ныхмæ тох кодтат Ирыстоны сæрибардзинады сæраппонд.    Уый тыххæй уын зæгъын стыр бузныг,макуыуал уæ бахъæуæт тохы сæр, уæт нын кæддæриддæр сабырад æмæ æнæниздзинад. Мах дæр уын уæ лæггæдтæ фидынхъом цы уæм. Уæлдай бузныджы ныхæстæ ма мæ фæнды зæгъын, дæуæн Мадинæ Амираны чызг. 90-æм азтæй фæстæмæ  Ирыстон цы зындзинæдтæ бавзæрста, уыдонæй алкæцыйы дæр ды уыдтæ  Ирыстоны сæрыл тохгæнæг.  Уыдтæ Ирыстоны  хъæбатыр нæлгоймæгты æмрæнхъ,  куыд хæстон æмгар, куыд дохтыр, куыд хо æмæ куыд мад, афтæ».

Хæсты фæцæфуæвæг инвалидты фонды къухдариуæггæнæг Плиты Мадинæ раарфæ кодта Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн æмæ загъта: «Хъыгагæн, рæстæджы цыдимæ къаддæрæй-къаддæр кæны нæ хæсты ветеранты номхыгъд. Фæлæ сымах бавзæрстат тынг бирæ фыдæбæттæ, хайад райстат Фыдыбæстæйон хæсты æмæ уыдыстут æвдисæн знаджы æгъатыр митæн, уый фæстæ федтат Афганистаны хæсты цаутæ, кæцытæ-иу махæн киноты дæр æвзæрын кодтой тасы æнкъарæнтæ. Рацыд рæстæг æмæ та систут нæ чысыл Райгуырæн бæстæ – Ирыстоны баййафæг хæстон архайдтыты æвдисæнтæ дæр. Афтæмæй сымах уæхсджытæм æрхауд тынг бирæ рыст, зындзинæдтæ æмæ тох кæныны сæр нæ адæмы, нæ Ирыстоны сæрибардзинады сæраппонд. Уый тыххæй махæн бар нæй æмæ ма аргъ кæнæм сымахæн, ма арæм фæмардуæвæг хъайтарты æмæ æппæт ирон адæмы нæмттæ».

Арфæйы ныхæстæ ма загъта, РХИ-йы Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав æмæ банысан кодта, кæй нæ хъæуы рох кæнын Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хайадисджыты нæмттæ, хъуамæ сыл фыссæм, дзурæм æмæ сæ дæттæм фæлтæрæй фæлтæрмæ. Ныртæккæ ма Хуссар Ирыстоны цы 39 ветераны ис, уыдонæн арфæйы фыстæджытæ æрæрвыста Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин дæр.  «Арфæ уын кæнын, бæрæгбоны цытæн æмæ уе ‘ппæты дæр уæд æнæниздзинад, сабырад æмæ фæдзæхст ут Ирыстоны зæдтæй», – загъта Бесаты  Вячеслав.

Хæсты инвалидты фонд Ветеранты советы къухдариуæгадæн бакодта  зæрдылдарæн лæвар, ирон адæмы æппæты уаздæр  нæлгоймæгты зæд – Уастырджыйы гипсæй конд къулылдарæн ныв.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.