Зæрдиаг арфæ кæнын Информацион агентад «Рес»-ы коллективæн, йæ сырæзты боныл 24 азы кæй сæххæст, уый тыххæй.

Агентады 24 азы царды, куыд республикæйы царды, афтæ уыд бирæ цаутæ, кæцытæ баст уыдысты хæст, фæлварæнтæ, политикон фæзындтæ, бæстæ æндидзын кæнын, æнтыстытæ æмæ бæрæгбонтимæ. Агентад «Рес»-ы æрмæджытæ, кæцыты цæттæ кæнынц профессионалон æмæ бæрнджын журналисттæ – сты удæгас æмæ цæстуынгæ азфыст Хуссар Ирыстоны æндидзнады.

Æмæ абон информацион агентад «Рес» у цауты сæйраг гуырæн, кæцытæ дæттынц Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æмæ политикон процессты тыххæй объективон информаци æмæ аразынц гом, демократон æмæ æппæтварсон рæзтмæ здæхт  паддзахады имидж.

Информацион агентад «Рес»-ы кусджытæн мæ цæст уарзы, цæмæй республикæйы цы позитивон цаутæ цæуы, уыдон зоной, æнтыстджын æмæ сфæлдыстадон архайд, амонд æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.