Зынаргъ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдæбын арфæ кæнын сымахæн информацион агентад «РЕС»-ы сырæзты боны цытæн.

«РЕС»-ы журналисттæ се ‘рвылбонон куыстæй ахъаз кæнынц хисæрмагонд информацион тыгъдад саразынæн, кæцы ифтонг кæны йæ аудитори актуалон ног хабæрттæй æмæ цымыдисон аналитикон уацтæй. Бæрзонд технологиты нырыккон тагъдрæзæг æнус журналисттæй домы раззагон идеятæй пайда кæнын æмæ квалификаци бæрзонддæр кæныныл æдзухон куыст, цæмæй аккагæй æвдыст æмæ хъахъхъæд цæуой сæ бæстæйы интерестæ куыд бæстæйы мидæг, афтæ фæсарæнты дæр, сабырад æмæ диалогмæ сидгæйæ.

Уæ профессионалондзинад æмæ æмбæстагон позици, æрцæугæ цауты æмбарынад æмæ алы хатт дæр цаутæ æвдисынмæ тырнындзинад, ног хабæрттæ кæсджытæм хæссыны курдиатыл баст у æмбæстагон æхсæнад æмæ адæймаджы дунеæмбарынады рæзт, царды æппæт фадгуыты нырыккон стандарттæй пайда кæныны гæнæнтæ агургæйæ.

Мæ зæрдæ уын зæгъы амонд, æнæниздзинад æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ.

РХИ-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар ГАССИТЫ Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.