Республикæйы зынаргъ цæрджытæ!

Абон мах нысан кæнæм нæ ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон!

Ирон адæмæн мадæлон æвзаг у историон æмæ культурон бынты бындурондæр къабæзтæй нæ, фæлæ фæлтæрæй фæлтæрмæ хизæг националон æгъдæуттæ æмæ хæдгъуыз традициты уникалон гуырæн. Æвзаг у нæ культурæйы иууыл зынаргъдæр хай, литературæ та нæ хъæздыгад. Уадз уыдон рæзæд æмæ фылдæр кæнæнт ног сфæлдыстадон æнтыстытæй æмæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон та республикæйы æппæт цæрджытæн дæр суæд æцæг бæрæгбон, зæрдыл лæууын кæнæд, кæуылты хъæздыгад нын ис æмæ нæм сидæд нæ монон исад бахъахъхъæнынмæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын бон æз иууыл зæрдиагдæр фæндиæгтæ зæгъын, адæммæ дзырды ад чи хæццæ кæны, ирон æвзагыл чи ауды, йæ рæзты хъуыддагæн йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадыл чи нæ ауæрды, æппæт уыдонæн.

Уадз æмæ Хетæгкаты Къостайы, Абайты Васойы, Нафийы мадæлон æвзаг зæлæд Ирыстоны алы хæдзары дæр! Уарзут æмæ хъахъхъæнут мадæлон æвзаг! Махæн не ‘ппæтæй кæнгæ у не ‘взаг æмæ нæ литературæйы фидæн! Мæ зæрдæ уын зæгъы фæрныгад æмæ хæрзиуджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.