Адæймаг ныфсæй цæры, йæ сомбон хуыздæр æмæ амондджындæр кæй уыдзæн, ууыл æууæнды æмæ фенхъæлмæ кæсы бирæ хорздзинæдтæм. Уыцы хæрзиуджытæ йæхицæн фæхай кæнын та фылдæр баст вæййы Ног азы æрбалæудимæ, ног хорздзинад æмæ амондæй йæ кæй фæхайджын кæндзæн, уыдæттыл фæдары йæ зæрдæ æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ уымæн фæцин кæны йе ‘рбалæудыл. Фæкуры дзы, цæмæй йын йæ цæст бауарза æнæниздзинад, цардамонд æмæ æнтыстытæ. Ног азы хæдразмæ фембæлдтæн Цхинвалы районы адæмон ахуырады хайады сæргълæууæг Лолоты Барисимæ, цæмæй йæ хъуыдытæ æмæ фæндиæгтæ зæгъа Ирыстон æмæ йæ сабырцæрæг адæмы хæрзиуæгон архайды тыххæй.

– Кæронмæ бахæццæ 2016 аз. Фæнды мæ банысан кæнын æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ уый, æмæ Хуссар Ирыстонæн кæй уыд размæцыды æнтыстыты аз. Куы акæсæм нæ бæстæйы алы къабæзты фæстиуджытæм, уæд зæрдæ фырцинæй схæлбурцъ кæны, бæрæгæй зынынц нæ ныфсджын къахдзæфтæ алыварсонæй дæр. Рæзынц не ‘мбæстæгты æфтиæгтæ æмæ уый та дзурæг у, сомбон сæ царды фæрныгад кæй хуыздæр кæндзæн. Куыстмыздтæм кæй бафтыд, уый Стыр Уæрæсейы æххуыс у сæ иузæрдион Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн æмæ сын уыдон уыцы арфæйаг хъуыддаджы тыххæй зæгъынц стыр бузныг, афтæ тынг сыл кæй аудынц, уый тыххæй. Кæнæ ма акæсæм, 2008-æм азы августы хæсты азарæй пырх æмæ дæрæн цы горæт Цхинвал æрцыд, уымæ, фæстаг рæстæджы хорзæрдæм тынг фæивта. Цæвиттон, фаг у зæгъынæн, нæ горæты сæйрагдæр уынгтæ сæ хуыз куыд скалдтой, цыма ногæй райгуырдысты, афтæ кæсы адæймагмæ. Ӕппæт уыцы ивындзинæдтæм кæсгæйæ, нæ цæрджыты цæсгæмттыл хъа-зы æхсызгон мидбылхудт, уырны сæ, сомбон сæм арæзтадты нымæц кæй фæфылдæр уыдзæн.

Адæмон хæдзарады алы къабæзтæ размæ куы цæуой, уæд уый хорзæрдæм æндавы фæсивæдыл. Цæвиттон, нæ кæстæртæн хорз æнтыстытæ ис ахуыры, спорты, аивад æмæ æндæр хуызты æмæ уыдæттæ уынгæйæ адæймагæн вæййы тынг æхсызгон.

Нæ адæмæн мæ Ног азы фæнды сабырад, æнæниздзинад, куыст æмæ адæмон хæдзарады къабæзты æнтыстыты фæндиæгтæ, æппæтæй фылдæр та мæ фæнды, цæмæй хорздзинадыл сахуыр уæм цин кæнын. Мах хъуамæ иу уысм дæр ма рох кæнæм Стыр Уæрæсейы æххуыс, йæ иузæрдион æмæ æнувыд архайд нæ адæмыл.

Ӕрбалæууыд Ног аз æмæ мæ тынг зæрдæйæ фæнды, цæмæй алы æмбæстаг дæр ууыл сæм-бæла хъæлдзæгæй, Ирыстоны ноджы фылдæр уæнт цины æмæ амондджын бонтæ!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.