Зынаргъ Леонид!

Турчы цæрæг ирон адæмы номæй Дын зæрдæбынæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны боны сæраппонд. Мах ацы бон нымайæм ирон адæмы иумæйаг стыр бæрæгбоныл æмæ йæ уый тыххæй ам, Стамбулы сахары, банысан кодтам цытджын æгъдауæй. 20 сентябры Кавказы адæмты культурон центры æхсæнад «Алан»-ы уæнгтæ бирæ нымæцæй æрæмбырд стæм. Мах уым байгом кодтам фоторавдыст Хуссар Иры хабæрттыл. Фæуазæг нæм сты Адыгты, Кæсæг-Балхъары, Абхазы æмæ Кавказы къорд æндæр республикæты минæвæрттæ. Уыдон нын зæрдæбынæй раарфæ кодтой æмæ махимæ иумæ фæцин кодтой. Сæрмагондæй нæ зæгъын фæнды, Уæрæсейы Федерацийы Генералон консул Андрей Подъелышев нæм кæй æрбацыд йæ коллегæтимæ. Уый йæ раныхасы арфæ ракодта Дæуæн æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æмткæй.

Нæ  зæрдæты баззад тынг æхсызгон æнкъарæнтæ Дæ арфæты фыстæгæй, кæцы нын бакаст Пухаты Коста. Стæй нын уый не ‘хсæнад «Алан»-ы уæнгты иу къордæн цытджын æгъдауæй радта РХИ-йы æмбæстаджы паспорттæ. Кæм ма уыд сæ цинæн кæрон! Стыр бузныг дын зæгъæм. Уæлдай æхсызгондзинад бæрæгбоны мадзæлтты хайадисджытæм равзæрын кодта, Дæ коллегæтæ Пухаты Къоста æмæ Джуссойты Сослан нæм кæй æрцы-дысты. Равдыстмæ æрбацæуæг адæм сыл цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты.

Зынаргъ Леонид! Мах дæ номæй Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн арфæ кæнæм. Иунæг Хуыцау æххуысгæнæг фæуæд, yæ разы цы егъау хæстæ лæууы, уыдон æнтысгæйæ аскъуыддзаг кæнынæн. Нæ зæрдæ уын зæгъы сабыр, æнæниз æмæ амондджын дæргъвæтин цард.

Æхсæнад «Алан»-ы Сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.