Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Хъæууон хæдзарад у экономикæйы бындурон, стратегион фадгуытæй сæ иу, кæцы аразы бæстæйы хæлцадон æдасдзинад.

Зæххкусæгæн йæ куыст алкæддæр уæззау, фæлæ цытджын уыдис. Хъуыддагыл æнувыд, куыстуарзон æмæ райгуырæн зæххыл æнувыд уæвгæйæ сымах уæхицæн скодтат уæлдай кад. Стыр бузныг уын уæ развæдгæнджыты хуыздæр традицитæ кæй хуыздæр æмæ парахат кæнут.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма бирæ хъæуы саразын, цæмæй хъæуы цард фæхуыздæр уа, уæ куысты уавæртæ та — комфортон. Хъæуы территоритæ срæсугъд кæнын æмæ нырыккон социалон инфраструктурæ саразын сты РХИ-йы къухдариуæгады сæйраг хæстæй сæ иу.

Ныфс мæ ис, иумæйаг тыхтæй махæн бантысдзæн æппæт нæ размæлæууæг хæстæ среализаци кæнын æмæ аграрон сектор ног гъæдджындæр æмвæзадмæ ракæнын.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан