6-æм октябры йæ 70 азы юбилей банысан кодта РХИ æмæ УФ-йы сгуыхт тренер, йæ радтæг адæмы иузæрдион фырт Джиоты Руфин Бурдымы фырт. Уый рæзгæ фæлтæрæн спорты къабазы стыр лæггæдтæ фæкодта æмæ   кæны. Схъомыл кодта бирæ зындгонд спортсменты.

Джиоты Руфинæн йæ ном хорз зындгонд у куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Иры  дæр. Уый канд хорз адæймаг æмæ йæ радтæг адæмы æцæг патриот нæу, фæлæ ма у тынг хорз спортивон къухдариуæггæнæг дæр. Спорты къабазы уый йæ радтæг Ирыстонæн афтæ бирæ сарæзта, æмæ йын йæ бакæнгæ куыстæн саргъгæнæн дæр нæй. Хуссар Ирыстонæн иууыл уæззаудæр рæстæджытæ куы уыдысты, уæд Руфин æмæ йæ фарсмæ æрбалæуджыты фæрцы спорты размæ цыд нæ банымæг.

Бирæ азты дæргъы адæймаг фæтырны царды бæрзæндтæм схизынмæ æмæ  цавæрдæр бæрзæндтæм куы схæццæ вæййы, уæд æрлæууы, æмæ акæсы фæстæмæ, цæмæй саргъ кæна йæ рацæугæ фæндагæн. Мæ уацы хъайтар дæр йæ рацæугæ фæндагмæ куы акæса, уæд фендзæн, йæхицæй цæмæй бабуц уа, ахæм æнтыстытæ йæ къу-хы кæй бафтыдысты, уый.

Джиоты Руфин райгуырд 1951 азы 6 октябры Цъоны хъæуы бирæсывæллонджын зæхкусæг бинонты ‘хсæн.  Йæ ныййарджытæ Бурдым æмæ Нартыхты Розинæйæн уый уыд æвдæм хъæбул. Каст фæцис сæ хъæуы 8-азон скъола æмæ уый фæстæ та  ахуыр кодта Цхинвалы 3-æм астæуккаг скъолайы. Скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты. 1972 азы йæ, физикон культурæйы факультет æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ арвыстой йæ райгуырæн хъæу Цъоны астазон скъоламæ физкультурæйы ахуыргæнæгæй. Бакуыста дзы цыппар азы, фæлæ æвзонг хъаруджын лæппуйы æнæрынцой зæрдæйæн хъæу разынд æгæр къуындæг йæ дæсныйад равдисынæн, йе ‘взонг зæрдæ дзы æнцойад  не ссардта. Мæнæ куыд фæзæгъынц «большому кораблю – большое плавание», зæгъгæ, афтæ фæстæмæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта спортивон скъолайы уæгъдибар хъæбысхæсты  тренерæй. 1977 азы Цхинвалы бакодтой сывæллæтты хъæбысхæсты спортивон скъола.  Директорæй  дзы куыста зындгонд ирон хъæбысæйхæцæг Цхуырбаты Андрей æмæ уый æвзыгъд тренеры фæхуыдта ацы скъоламæ. Руфин дзы куыста ахуыры хайы сæргълæууæгæй æмæ уыцы-иу рæстæджы тренерæй дæр. Хъаруджын нæлгоймаг уæхскуæзæй æрæв-нæлдта рæзгæ фæлтæр хъомыл кæнынмæ. 1989 азы Джиойы-фырты баурæдтой ацы скъолайы директорæй æмæ дзы фæкуыста 2002 азмæ. 2002 -2005 азты та куыста спорткомитеты сæрдары хæдивæгæй. 2005-2006 азты уыд физикон культурæ æмæ спорты фæдыл  РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг. 2006 азы йæ хорз куысты тыххæй та урæд æрцыд РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, физикон культурæ æмæ спорты фæдыл министрæй æмæ ацы бæрнон бынаты бакуыста цыппар азы бæрц. Ныр дæс азæй фылдæр у спорты фарстаты фæдыл РХИ-йы Президенты æххуысгæнæг. Ацы бынаты кусгæйæ уый стыр хайбавæрд хæссы республикæйы уагъдцæуæг алы-гъуызон ерыстæ сорганизаци кæныны хъуыддагмæ, алы ерысты дæр хайад райсы.

Джиойы-фырт хæрз чысылæй бауарзта спорт. Нырма скъоламæ дæр нæ цыдис, афтæмæй йе ‘мхъæуккаг, йе ‘мцахъхъæн лæппутимæ бирæ фæралидз-балидз кодта пуртийы фæстæ бæгъæмвад къахæй. Скъоладзау куы ссис, уæд йæ хъусдард фылдæр аздæхта хъæбысхæстмæ. Уæды рæстæджы Къуыдаргомы бирæ нæргæ хъæутæ уыдис, æрмæст Цъоны хъæуы цард 170 хæдзары бинонтæ, цард дзы цæджджинагау фыхт. Хъæуы сыхты (Магкотæ, Додтотæ, Битетæ, Хæмпæлгом,Чъелетæ) ‘хсæн-иу арæх ауагътой алыгъуызон ерыстæ сæрды мæй-ты. Бынæттон сывæллæттæй дарддæр ма-иу сæрд уырдæм æрбацыд тынг бирæ уазæг фæсивæд, ссыдысты-иу Къуайсайæ дæр æмæ-иу сын рауад æцæг спортивон бæрæгбон, уыйас адæм-иу дзы æрæмбырд. Сывæллæттæ сæхи тыхтæй арæзтой спортивон фæзуæттæ, скъахтой-иу сыджыт æмæ-иу дзы ныккалдтой хырхæй фадæнтæ æмæ-иу афтæмæй ерыс кодтой хъæбысхæстæй. Руфин горæтмæ, 3-аг астæуккаг скъоламæ куы рацыд ахуыр кæнынмæ, уæд хъæбысхæсты секцимæ бацыд, Цхинвалы Культурæ æмæ улæфæн парчы цы спортивон зал уыд, уырдæм. Тренировкæ йæ кодта райдианы тренер Гасситы Лев,  уæлдæр ахуырмæ куы бацыдис, уæд та – зындгонд тренер Мæргъиты Хъазбег. Фæлтæрд тренер дзы уыд райгонд, федта дзы фидæны æвзыгъд спортсмен. 1971 азы  горæт Батумы уагъд цыдис хъæбысхæстæй Гуырдзыстоны чемпионат хистæр кары спортсменты ‘хсæн. Руфиныл кæд  19 азы йедтæмæ нæма цыдис, уæддæр дзы зынд-гонд тренер Цхуырбаты Андрей стыр ныфс æвæрдта, акодта йæ ерыстæм æмæ дзы бацахста 5-æм бынат. Иу боны мидæг рамбылдта дыууæ богалы æмæ уымæй цæстæвæрæн фæцис. Уырнгæ дæр сæ нæ кодта, 19 азы йедтæмæ йыл кæй нæма цæуы, уый. Уый нырма рахæцыд профцæдисты чемпион Никъоладзе Валоимæ æмæ йæ æнцонтæй рамбылдта. Дыккаг фембæлд та йын уыд Гуырдзыстоны чемпионимæ æмæ ууыл дæр фæуæлахиз. Ерысты дыккаг бон ма рамбылдта рустауаг богалы дæр æмæ цæмæй æрдæгфиналмæ ахызтаид, уый тыххæй та рахæцыд батумаг спортсмен Меланашвилиимæ. Се ‘хсæн рауад карз тох, фæлæ нæ «хорз» сыхæгтæ рагæй фæс-тæмæ ирон адæммæ цы зæрдæ дарынц, уый уым дæр равдыстой, æвзонг лæппуйы фембылды кæнын кодтой. Ахæм егъау ерысты 5-æм бынат кæй бацахста, уый хъæууон лæппуйæн кæд  стыр æнтыст уыдис, уæддæр йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæ цæссыгтæ æркалдысты. Цхуырбаты Андрей та йæ фырцинæй цъыкк ракодта, ома, ахæм фæлтæрдджын хъæбысæйхæцæгæн ницы ауагътай. Руфин арæх æрымысы, сæрды-иу хосгæрдæнтæй фæстæмæ куы здæхтысты, уæд-иу алы хатт дæр сæ фæллад суагътой, сæ хъæумæ æввахс цы ихджын суадон ис, уый цур. Къæбæр дæр-иу фылдæр уым бахордтой. Ныр дæр йæ райгуырæн хъæумæ куы бацæуы, уæд алы хатт дæр абады уыцы суадоны цур æмæ та йе ‘взонджы бонтæ йæ цæстытыл ауайынц. Цъоны ма цы цæрджытæ баззад, уыдонæн та Руфин  алы хатт дæр вæййы бæллиццаг уазæг. Тынг бирæ балæггад кодта, кæм схъомыл, уыцы хъæуæн. Йæхи тыхтæй сывæллæттæн хъæууон клубы сарæзта спортивон зал, сифтонг æй кодта хъæуæг инвентарæй æмæ дзы хъæуы цæрджытæ  уыдысты райгонд.

Чи сæ фæнымайдзæнис цал æмæ цал æвзонг лæппуйы рацыд йæ къухтæй, цал æмæ цал æвзонг адæймаджы раздæхта рæдыд фæндагæй æмæ бафтыдта царды раст фæндагыл, уыдон. Уый канд тренеры куыст нæ кодта, фæлæ ма хъомыладон куыст дæр, уыдис æм ахæм сывæллæттæ, кæцытæ ныййарджыты ‘рдыгæй æппындæр ницы хъомылад истой, æмæ-иу ахæмтимæ та уæлдай куыст кодта. 1989-91 азты гуырдзыйы агрессийы фæстæ фæсивæдæн кæм тренировкæ кодтаиккой, ахæм бынат кæй нал уыд, уымæ гæсгæ  Джиоты Руфин бавдæлд æмæ йæ гаражы сæвæрдта гауыз, æнæмæнгхъæуæг  гæрзтæ æмæ уым тренировкæ кодтой.

Хæсты фæстæ  республикæ уæззау фи-нансон уавæры куы бахауд, уæд стыр хъусдард здæхт нал цыд спортмæ, уымæ гæсгæ  уагъд нал цыдысты ерыстæ. Фæлæ Руфин арæх йæхи финансон фæрæзтæй организаци кодта ерыстæ. Уый  æппæт дæр сарæзта, цæмæй æвзонг фæсивæд спорты фæстейæ ма баззадаиккой. Тренировкæ кодтой спортивон скъолайы хæрз чысыл залы уæззау уавæрты. Фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, уæддæр схъомыл кодта бирæ æвзыгъд спортсментæ. 1984 азы йæ хъомылгæнинаг Куымæридтаты Вадим ссис Гуырдзыстоны чемпион, уый фæстæ ацыд Уæрæсемæ æмæ ныртæккæ у грекъаг-римаг хъæбысхæстæй бæстæйы æмбырдгонд командæйы хистæр. Лæвæрд ын æрцыд УФ-йы сгуыхт тренеры кадджын ном. «Æз тынг райгонд дæн Руфин Бурдымы фыртæй, кæцы мыл хорзæрдæм тынг бандæвта. Чысылæй фæстæмæ æз федтон, цахæм бæрнон ахаст дардта йæ куыстмæ, йæ ахуыргæнинæгтæм цахæм лæмбынæг хъусдард здæхта, уый. Æмæ мын ссис цæрæнбонтæм цæвиттойнаг. Ахуыр нæ кодта, цæмæй уыдаиккам коммæгæс æмæ куыстуарзаг. Руфин Бурдымы фырт мæ æрбакодта хъæбысхæстмæ æмæ мын бауарзын кодта спорт. Мæ фидæны царды фæндаг равзарыны хъуыддаджы йын ис стыр хайбавæрд. Æмæ дæн амондджын, ахæм фæндаг кæй равзæрстон, уый тыххæй», – банысан кодта зынгæ тренер.

2000-æм азы Руфин, Тедеты Мурат æмæ Бестауты Мурат сæ хъомылгæнинæгтæй равзæрстой дæс хуыздæр спортсмены æмæ сæ акодтой Мæскуымæ хъæбысхæсты скъоламæ. Уыцы аз уагъд цыдис скъоладзауты ‘хсæн Мæскуыйы чемпионат, цыран хайад райстой цхинвайлаг спортсментæ æмæ сæ хорз хъæбысхæстæй диссагæн баззадысты. Уыдонæй сæ уæзты категоритæм гæсгæ Мæскуыйы чемпионтæ систы Букуылты Илья, Дзеранты Артур, Кокойты Инал, Æлборты Людвиг, Лохты Алан, Гаглойты Сослан, Битеты Сæрмæт. Богъиты Вадим та уый размæ азты ссис Олимпион хъæзтыты чемпион. Ахæм æнтыст сæ къухты бафтыд Руфин æмæ дыууæ Мураты иузæрдион куысты фæрцы. Руфин Фæсивæд, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл министрæй куы куыста, уæд дæр ын бирæ бантыст саразын. Йæ къухдариуæгады бын нырыккон домæнтæм гæсгæ, цалцæггонд æрцыд Коцты Грийы номыл спортивон скъола, кæцымæ-иу батæхуды кодтой республикæмæ æрцæуæг уазджытæ. Хъыгагæн, ацы скъола 2008 азы хæсты рæстæджы гуырдзыйы амæттаг бацис…

«2006-æм азы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хицауадты иумæйаг æмбырды цæвиттонæн æрхастой РХИ-йы Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл, спорт æмæ туризмы министр Джиоты Руфины удуæлдай куыст æмæ РЦИ-Аланийы Фæсивæды æмæ спорты министр Чилæхсаты Рустемимæ æмгуыстад. Уæд цæгатирыстойнаг масштабы уагъдцæуæг мадзæлтты алы хатт дæр хайад истой Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, афтæ ма-иу цæгатирыстойнаг спортсментæ та  æрцыдысты Цхинвалмæ.  Тынг æнгом æмгуыстад сын уыд иумæ.

Джиоты Руфины эффективон куысты фæрцы фыццаг хатт нæ республикæйы минæвæрттæ хайад райстой Æппæтуæрæсейон студентон уалдзæджы. Уæд фыццаг хатт нæ республикæйы минæвæрттæ сæйраг приз рамбылдтой номинаци «Национ кафт»-ы. Уыцы рæстæджы ма фыццаг хатт нæ республикæйы сывæллæтты футболон командæ хайад райста «Сæракын пурти»-йы призтæ рамбулыны сæраппонд Хуссар Федералон зылды турниры.  Руфин Бурдымы фырт спорт æмæ спортивон историйы алцы дæр зоны. Цыфæнды фарст дæр æм ма радтаин, алыхатт дæр-иу мын сдзуапп кодта. Схонæн æй ис «спорты энциклопеди»», – загъта спортивон афæлгæсæг Хуриты Батрадз.

Спорты къабазы йе стыр лæггæдты тыххæй Джиойы фыртæн лæвæрд æрцыд «РХИ-йы физикон хъомылад æмæ спорты сгуыхт тренеры» кадджын ном. 2006 азы та йын УФ-йы уæды Президент Дмитри Медведевы Барамындæй лæвæрд æрцыд «УФ-йы сгуыхт тренер»-ы кадджын ном. 2016 азы та  РХИ-йы Президенты барамындæй хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй. Ивгъуыд аз та йын саккаг кодтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майдан.

1974 азы Джиоты лæппу йæ цард баиу кодта къуайсайаг хæрзæгъдау сылгоймаг Хуыгаты Дусяимæ æмæ абоны онг дæр цæрынц кæрæдзи æмбаргæйæ. Рацыд сын хорз зæнæг, дыууæ чызджы æмæ иу лæппу. Уыдон дæр сæ амæндтæ ссардтой, цæрынц æмæ фæллой кæнынц нæ горæты.

Къæсхуыртæ, уæздан нæлгоймагæй уы-йас хъармдзинад цæуы æмæ адæймаг йемæ ныхас кæнынæй æхцондзинад фæисы, йæ иу уындæй дæр адæймаджы зæрдæйы цахæмдæр ныфсы æнкъарæнтæ сæвзæрын кæны. Уæдæ знон, 6 октябры, арфæйаг адæймаг банысан кодта йæ юбилейон райгуырæн бон æмæ йын йæ бинонтæ, йе ‘ввахс хиуæттæ æмæ йæ бирæ хæлæрттæ цы арфæтæ ракодтой, уыдон ыл иууылдæр æрцæуæд. Мах дæр дын арфæ кæнæм дæ юбилейы тыххæй. Нæ цæст дын бауарздзæн фидар æнæниздзинад æмæ амондджын цард.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.