Кæддæр Александр Македонскийы бафарстой: «Цæмæн уарзыс ды дæ ахуыргæнæджы дæ ныййарæг фыдæй  фылдæр?». Уый сдзуапп кодта: «Мæ фыд мын балæвар кодта зæххон цард, æмæ мæ ахуыргæнæг та – æнусон цард». 1994 азы ЮНЕСКО сфидар кодта ахуыргæнæджы дунеон бон æмæ уæдæй фæстæмæ æрвылаз дæр цытджын æгъдауæй нысан цæуы 5-æм октябры. Ахуыргæнæджы боны, æвæццæгæн, алы адæймаг дæр æрæмысы йæ скъолайон азты, йæ ахуыргæнджыты. Ахуыргæнæджы професси у хъæуæг æхсæнадон професситы ахсджиагдæртæй сæ иу. Иууыл ахсджиагдæр та уымæн у, æмæ фидæны кæцыфæнды профессийы иттæг хорз специалистæн дæр кæсын æмæ фыссын фыццаг хатт ахуыргæнæг баца-моны, зонындзинæдты дунемæ йын фæндаг уый байгом кæны.

Абон уын мæ уацы цы диссаджы уæздан сылгоймаджы кой ракæнынмæ хъавын, уый йе ‘ппæт æмбаргæ цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. Уый цыд æмæ цыд… Æмæ йæ фæдыл кодта рæзгæ фæлтæры, фидæны рæсугъд цардмæ сын фæндаг амонгæйæ. Чи  банымайдзæнис, 40  азы дæргъы йæ зонындзинæдтæ æнæвгъау цал адæймагæн бацамыдта, цал адæймаджы бафтыдта царды раст фæндагыл, уыдоны.

Дзабиты Зарæ райгуырд Дзауы районы Раройы хъæуы. 1960 азы каст фæцис Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты. 1966 азы  уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультет æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æрвыст æцыд Ленингоры районмæ. Уым ахуыргæнæгæй куыста хæххон хъæутæ Нагомеу, Гду, Дореткар æмæ Гарубаны. Ацы хæххон скъолаты Зарæ фæкуыста авд азы, стæй хæххон хъæуты скъолатæ æхгæд куы æрцыдысты, уæд æй ракодтой Ленингоры поселочы скъола-интернаты ахуыргæнæгæй. Горæты хъомыл чызг нæ фæтарст хæххон зын уавæрты кусынæй, уымæн æмæ йæ чысылæй фæстæмæ йе стыр бæллиц  уыд ахуыргæнæг суæвын æмæ йæ радтæг адæмæн лæггад кæнын. Æдæппæтæй Зарæ Ленингоры районы бакуыста 13 азы. Уæды онг горæттаг æвзонг чызг никуы баззад æнæ йæ ныййарджытæй, фæлæ уæддæр уый фидарæй аскъуыддзаг кодта Ленингоры районмæ ацæуын æмæ хъæууон сывæллæттæн йæ зонындзинæдтæ бацамонын. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты хæххон хъæутæ, сæ цæр-джытæ. Уайтагъд ссардта фæндаг йæ хъомылгæнинæгты зæрдæмæ, бауарзтой æмæ йын кад кодтой ныййарджытæ æмæ йæ коллегæтæ дæр.

Æвзонг ахуыргæнæг фæллад цы уыд, уый нæ зыдта æмæ урокты фæстæ дæр никуы базивæг кодта уæлæмхас уроктæ ауадзынмæ, цин кодта йæ ахуырдзауты æнтыстытыл. Йæ куысты афтæ арф аныгъуылгæйæ бонæй-бонмæ йæ къухты æфтыдысты æнтыстытæ æмæ йæ хорзы кой айхъуыст æнæхъæн районы. Уыцы рæстæджы Ленингоры районы фыццаг хатт байгом скъола-интернат æмæ дзы æрæмбырд бирæ сывæллæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис дзы зынхъомылгæнæн сывæллæттæ дæр, фæлæ уыдоны зæрдæтæм дæр фæндаг ссардта æмæ дзы бирæты бафтыдта царды раст фæндагыл. Зарæ абоны онг дæр хъуыды кæны: «Йæ къласы цы дыууæ зынхъомылгæнæн лæппуйы уыд, уыдоны – Церцвадзе Гела æмæ Плотников Юра. Зарæ сфæнд кодта уыдоны «æртасын» кæнын… Райдыдта семæ кусын, узæлыд сыл хи мадау, фæсурокты сын уагъта уæлæмхас уроктæ, семæ уагъта беседæтæ, изæрыгон дæр-иу сæ абæрæг кодта, сæхи куыд дарынц, уый базоныны тыххæй. Лæппутимæ дзæвгар рæстæг бакусыны фæстæ рараст сты. Йæ ацы арфæйаг хъуыддаджы тыххæй дзы райгонд уыдысты лæппутæ сæхæдæг æмæ сæ ныййарджытæ дæр. Бирæ рæстæджы дæргъы сæ иста арфæйы фыстæджытæ. Йæ хорз æвæллайгæ куысты тыххæй йыл арæх фыстой куыд районон, афтæ областон газетты фæрстыл дæр.

1979 азы Дзабиты Зарæ кусын райдыдта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы астæук-каг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Ам дæр уайтагъд ссардта иумиаг æвзаг куыд йæ коллегæтæимæ, афтæ йæ ахуырдзаутимæ дæр. Ацы скъолайы кусгæйæ дæр уайтагъд айхъуыст йæ хорзы кой æмæ йын кад кодтой иууылдæр, куыд йæ коллегæтæ, йæ хъомылгæнинæгтæ, афтæ хъæубæсты цæрджытæ дæр.  Бахъуыды йæ кодтой хæдæфсарм уæздан æмæ æцæг ирон сылгоймагæй. 1987 азы Дзабиты чызг йæ хорз куысты тыххæй ссис Н.К.Крупскаяйы номыл премийы лауреат. Уыцы рæстæджы ахæм хорзæх стыр æнтыст уыд, æрмæстдæр æй аккаг кодтой иууыл хуыздæр ахуыргæнджытæн. Ацы преми лæвæрд кæмæн æрцыд, уыцы ахуыргæнджыты номхыгъд мыхуыр æрцыд «Учительская газета»-йы  1987 азы 3-æм октярбы номыры. Уыдон ‘хсæн ирон сылгоймаджы ном дæр кæй уыд, уымæй скад кодта куыд йæхицæн, афтæ йæ радтæг Ирыстонæн дæр. Ирон сылгоймаджы ном бæрзонд систа. Советон Гуырдзыстонæй ацы премийы аккг систы æртæ ахуыргæнæджы, уыдонæй сæ иу уыд Зарæ. Н.К.Крупскаяйы преми куы райста, уый фæстæ йæм арфæйы фыстæджытæ æрвыстой Советон Цæдисы алы рæттæй скъолаты ахуыргæнджытæ сæ хъомылгæнинæгтимæ. Уыдон сæйраджыдæр сæ фыстæджыты домдтой, цæмæй сæм ныффыстаид ирон адæмы, йæ скъолайы, Хуссар Ирыстоны автономон областы тыххæй. Зарæ дæр-иу сын сæ домæн сæххæст кодта. Уæдæй кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр уыцы фыстæджыты  Зарæ абоны онг дæр æфснайдæй дары йæ фатеры, уымæн æмæ йын уыдон сты удæгас æвдисæны хуызæн йæ арфæйаг куыстæн.

Скъолайы кусгæйæ, алыхатт дæр активон хайад иста уагдоны æхсæнадон царды. Уагъта алыгъуызон кружоктæ, хайад иста ахуыргæнджыты конференциты, цыран-иу алыхатт дæр ралæууыд докладтимæ. Дзабиты чызджы кълæсты ахуырдзаутæ-иу уæлдай æвзыгъддæр уыдысты уырыссаг æвзаг æмæ литературæмæ. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы-иу æй бирæ хатт бахъуыд Дменисы скъоламæ БТР-тыл бацæуыны сæр.

Уал азы дæргъы ахуыргæнæджы арфæйаг куыст æххæст кæнгæйæ, Зарæ хорзæхджын æрцыд бирæнымæц Кады грамотæтæ æмæ майдантæй. Уыцы хорзæхтæ-иу ын саккаг кодтой областы ахуыры хайад, Советон Гуырдзыстоны ахуырады министрад. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы ахуырады отличникы ном. У ахуыргæнæг-методист, уæлдæр категорийы ахуыргæнæг. Афтæ ма у фæллойы ветеран. Ахæм æнтыстытæ йæ къухты æфтыдысты, йæ професси æмæ йæ хъомылгæнинæгты кæй уарзта, уый руаджы. Стыр æхцондзинад ын хаста, йæ ахуырдзаутæ йæ цæстыты раз кæй рæзтысты, уый дæр. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ Зарæ йæ зæрдæ æххæстæй дæр кæй дæтта скъолайы куыстæн. Абоны онг дæр æй абæрæг кæнынц йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ, нæ рох кæнынц сæ уарзон ахуыргæнæджы æмæ уый та стыр æхсызгон у йæ зæрдæйæн.

Ныр Зарæ  ис пенсийы, фæлæ уæддæр йæ уарзон куыст нæ уадзы. Йæ  зонгæтæ, йæ сыхæгтæ йæм бахатынц, цæмæй сын сæ сывæллæттимæ бакуса æмæ уый дæр æнæзивæгæй сразы вæййы. Уымæн æмæ æнæ йæ уарзон хъомылгæнинæгтæ æмæ професси йæ бон цæрын нæу.

Зарæ у рыстзæрдæ ныййарæг, йæ хъæбул Чермен бынтон цæрынхъуагæй аивгъуыдта йе ‘нусон бæстæм æмæ йын ацы трагеди тынг бандæвта йе ‘нæниздзинадыл. Цæры йæ хъæбул Людæ, уый хъæбултæ Сослан, Алинæ æмæ йе ‘дзард хъæбулы чызг Элинæйы цæрайæ. Йæ мады дæсныйад райста йæ чызг Гæбæраты Людæ дæр æмæ абон ахуыргæнæгæй кусы Дзæуджыхъæуы скъолатæй сæ иуы. Йæ хъæбулы хъæбул Сослан тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академи, райста травмотологы дæсныйад æмæ ныртæккæ кусы Мæскуыйы рынчындæттæй сæ иуы, йæ чызджы иннæ хъæбул Алинæ дæр ацы аз сырх дипломыл каст фæцис Дзæуджыхъæуы медицинон академи æмæ ныртæккæ ахуыр кæны ординатурæйы, равзæрста терапевты дæсныйад, Элинæ  та каст фæцис Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндон æмæ ХИПУ. Ацы аз ма Зарæ ссис хъæбулы хъæбулы хъæбулы хицау дæр.

Зарæ Бибойы чызг, ды стыр лæггæдтæ бакодтай рæзгæ фæлтæры хъомылады хъуыддаджы æмæ дын арфæ кæнæм ахуыргæнæджы боны цытæн. Нæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон. Дæ хъæбулты хурæй æфсæст у!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.