Æцæг ирон лæджы миниуджытæ арф кæй зæрдæйы æвæрд сты, æнæхин æмæ рæстæй адæмы ‘хсæн чи цæры, уыцы куырыхон хистæрты номхыгъды ис Республикæ Хуссар Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг, фæллойы ветеран Гаглойты Альберт Уасилы фырт. Уый райгуырд 1941 азы Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы. Æмæ кæд лæппуйы райгуырд алы ирон хæдзары бинонтæн дæр циндзинад хаста, уæддæр ыл ныр уæлдай тынг бацингæнæг нæ уыд. Уымæн æмæ уæд Стыр Фыдыбæстæйон хæст уыд йæ тæмæны æмæ Тъбеты хъæуы хæстхъом фæсивæд дæр аивылдысты тугкалæн хæстмæ…

Альберт рæзт коммæгæс æмæ æгъдауджын лæппуйæ. Йæ афон куы æрцыд, уæд бацыд сæ хъæуы астазон скъоламæ. Зæрдиагæй æмæ бонзонгæйæ ахуыр кодта, стæй астæуккаг ахуырад та райста горæт Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы. Сæрдыгон бонты иу йе ‘мгæрттимæ куыд куыста кол-хозы, уый дзы абон дæр нæ рох кæны, мысы сæ æхсызгонæй. Канд йæ ныййарджытæн нæ уыд коммæгæс, фæлæ æгас хъæубæстæн дæр. Цума йын загътаис – зивæг нæ зыдта æмæ йæ уыдон дæр хуыдтой сæ иумæйаг хъæбул. Иууыл диссаг та спортмæ уыд йе ‘взыгъддзинад. Йæхи фæлвæрдта рог атлетикæйæ, волейболæй æмæ футболæй. Алы ран дæр æвдыста хорз арæхстдзинад. Фæлæ йын уæддæр хуыздæр æнтыстытæ уыд хъæбысхæстæй. Йæ курдиат тынгдæр ацы спорты хуызы райхæлд. Йе ‘мцахъхъæнтæй йын аккаг ныхмæлæууæг стæм разындаид. Æмæ уый æмбæрстгонд у. Ирон лæгæн фыдæлтæй фæстæмæ йæ туджы ис хъæбысхæстмæ æвзыгъддзинад. Æмæ уый æнæхъуаджы нæу. Уымæн æмæ къухæй уыдысты тыхджын, къахæй – фидар. Уыдис нæм ахæм фæйнæгфарс домбай гуырдтæ, кæцытæн сæ нæмттæ сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты спорты дунеон азфысты. Абон та сыл дзурынц легендæтæ. Уæдæ чи нæ фехъуыста Хъаныхъуаты Болайы диссагæн дзуринаг хабæрттæ, æнæхъæн дунейы æмсæр тохгæнæг кæмæн нæ разынд, кæнæ Андиаты Сосланы, афтæ Хæдæрцаты æфсымæртæ, Фадзайты Арсе-ны, кæддæр æй газет «Советский спорт»-ы хъæбысхæсты академик схуыдтой. Æмæ цал æмæ цал цæвиттон ис æрхæссæн. Уыдоны сгуыхтдзинад цæуы фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Сæ  арæхстдзинад сын ахуыр кæнынц æмæ сæ фæзмынц нæ кæстæр фæсивæд. Алкæй дæр сæ фæнды, цæмæй уыдонау скад кæна йæ радтæг адæмæн…

Кæддæр ахæм хъуыдытимæ Гаглойты Альберт дæр йæ къах бавæрдта Цхинвалы сывæллæтты спортивон скъолайы хъæбысхæсты секцимæ. Æвзонг лæппу уæвгæйæ райдианы æфсæрмы кодта, фæлæ йæ тынг фæндыд, уый дæр куы фæцайдагъ уаид æмæ йæ тыхтæ куы бафæлвæрдтаид йе ‘мцахъхъæн лæппутимæ. Йæ хъуыды йын цыма бамбæрста йæ тренер Къораты Харитон, уыйау æм хæстæг бацыд, бацин ыл кодта æмæ йæ рæвдаугæ хъæлæсы уагæй афарста:

– Куыд у, дæ зæрдæмæ цæуы хъæбысхæст, цæудзынæ нæм?

 Альберт йæ сæр разыйы тылд бакодта.

Уыцы бонæй Альберт аныгъуылд хъæбысхæсты дунейы. Æдзух уыдис спортзалы. Йæ тренер ын цы амыдта, уый æххæст кодта…

Цард иу ран никуы лæууы, размæ цæуы. Альберт дæр иу ран кæм лæууыдаид, уый дæр рæзт, æмæ йемæ рæзт йæ курдиат дæр.

Мæнæ, гъе, йæ тыхтæ æвзарын райдыдта гауызыл. Хайад иста скъоладзауты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты. Æмæ цалдæр хатты ссис куыд горæты, афтæ уæды областы чемпион дæр. Уыцы æнтыстытæ та йæ къухты æфтыдысты йæ тренеры хъæппæрисон архайды руаджы. Нæ йын рох кæны абон дæр Альберт йæ рухс ном.

«Уæвгæ, цал æмæ цал номдзыд богалы схъомыл кодта! Уыдон æнтысгæйæ архайдтой куыд цæдисон, афтæ дунеон ерысты дæр. Мæнæн дæр кæд исты æнтыст уыд, уæд уый фæрцы. Абон дæр мæ цæстытыл уайы йæ рухс фæлгонц, йæ стыр адæймагон миниуджытæ. Мæрдты цы хуыздæр ис, уый йæ хай», – загъта Альберт.

 Базырджын маргъау атахтысты йе скъолайон азтæ Альбертæн. Райста астæуккаг ахуырад. Цардмæ йæ бирæ фæндæгтæ хуыдтой, фæлæ уал æм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Челябинскы областы. Куыстуарзаг, коммæгæс лæппу ам дæр уыдис цæвиттойнаг салдат. Стæй йын спортмæ йæ арæхстдзинад дæр æнæфæхатгæ нæ фесты æмæ йæ бакодтой Уралы æфсæддон окруджы æмбырдгонд командæйы скондмæ хъæбысхæсты хуызтæй сæ иу – самбомæ. Йæ тренер уыдис Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер Алексей Букин. Зæрдæргъæвд лæппу та ам дæр зæрдæбынæй æххæст кодта йæ тренеры амындтытæ æмæ цыбыр рæстæгмæ ссис Уралы æфсæддон окруджы чемпион. Уыцы цытджын ном Альберт бахъахъхъæд-та, цалынмæ службæ кодта, уæдмæ.

Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд ахуыр кæнынмæ бацыдис Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникуммæ æмæ йæ каст фæцис æнтысгæйæ. Йæ архайд нæ уагъта хъæбысхæстæй дæр, хайад иста уæды областы спорты ацы хуызы ерысты.

1964 азы Тбилисы  уагъд  цыдис  «Спартак»-ы Централон Советы республикон чемпионат. Ацы ерысты дæр та Альбертæн æмсæр тохгæнæг нæ разынд æмæ бацахста фыццаг бынат æмæ йын лæвæрд æрцыд ССР Цæдисы спорты мастеры кадджын ном. Ацы хъуыддаг æвзонг лæппуйыл базыртæ асагъта æмæ уыцы аз  Хуссар Ирыстоны уый æрбакодта уæгъдибар хъæбысхæстæй секци.

1965 азы  та ногæй Тбилисы уагъд цыдис «Спартак»-ы Централон Советы республикон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр Альберт йæ ныхмæлæуджытæй алкæмæй дæр уыдис тыхджындæр æмæ та бацахста фыццаг бынат. Афтæ суанг 1968 азмæ Альберт уыдис Хуссар Ирыстоны хъæбысхæстæй æмæ Гуырдзыстоны сæрибар хъæбысхæстæй чемпион.

Техникумы ма куы ахуыр кодта, уæд дæр  ын æнцойад нæ лæвæрдта иу хъуыддаг – уæлдæр ахуырад райсын. Æмæ 1968 азы Альберт æнтысгæйæ фæлварæнтæ радта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ физикон хъомылады факультетмæ æмæ йæ каст фæцис 1979 азы. Студент уæвгæйæ дæр уый хайад иста Гуырдзыстоны студентты ‘хсæн уæгъдибар хъæ-бысхæстæй æмæ та уырдыгæй дæр æрыздæхт чемпионы номимæ.

Куыд раззагон студент, куыстуарзаг адæймаг, афтæ йæ институты разамынад ныууагъта физикон хъомылады кафедрæйы лаборантæй. Уый фæстæ та йæ раразмæ кодтой ацы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæй. Æмæ уæдæй абонмæ цæстуарзонæй лæггад кæны рæзгæ фæлтæрæн.

Бирæ сты йæ лæггæдтæ Альбертæн спорты къабазы дæр. Уымæн æвдисæн – не спортуарзджытæ. Цал æмæ сын цал хатты барухс кодта сæ зæрдæ. Цал æмæ сæм цал хатты æрбаздæхт уæлахиздзауæй…

Гаглойты Альберты æнтыстытыл дзурæг ма сты йæ бирæнымæц майдантæ, грамотæтæ, дипломтæ.

Фæсивæды хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрды æмæ йæ бирæазон педагогон архайды тыххæй хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй. Афтæ ма хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоныл дæс азы сæххæсты цытæн майданæй. Хуссар Ирыстоны университеты 75 азы сæххæсты цытæн та хорзæхджын æрцыд юбилейон нысанæй дæр. Ацы æппæт хорзæхтæ Альбертæн сты йæ иузæрдион æмæ æнæхин куысты арфæйаг фæстиуджытыл дзурæг. Æмæ сæ йæхæдæг дæр  сæрыстыр у.

28 январы Гаглойты Альбертыл сæххæст 80 азы. Фæлæ æнцад бада, уый йæ сæрмæ нæ хæссы. Кæд ыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр у уæнгрог æмæ студентты æхсæн дарддæр кæны ахуыр-хъомыладон куыст. Мыггагæн, хиуæттæн æмæ сыхбæстæн та у зынаргъ æмæ уарзон адæймаг. Кæстæртæн – фæлмæн, уарзæгой æмæ цæстуарзон нæртон хистæр. Йæ алы фезмæлды дæр зыны рæсугъд æгъдау. Йе ‘ххуыс кæй бахъæуы, уыдоны фарсмæ балæууын, сæ хъуыддаг сын саразынæй исы удæхцондзинад. Альберты удыхъæды арф бынат æркодтой фыдæлты фарн, намыс æмæ кад. Æмæ сæ хъахъхъæны цæстыгагуыйау, къæм абадын сыл нæ уадзы.

Амондджын у Альберт йæхи сæрмагонд царды дæр. Уый йæ цард баиу кодта йæхиау уæздан, зæрдæхæлар Хъæцмæзты фæрнæйдзаг чызг Зояимæ. Диссаг сты ирон æмбисæндтæ. Лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барст сты. Ацы æмбисонд Альберт æмæ Зояйыл дæр æрцыд. Уымæн æмæ сæ дыууæ дæр кæрæдзийæн разындысты удæнцой æмæ ныфсы рухс. Иу бакастæй дæр кæрæдзи æмбарынц.

Уæдæ хъæбултæй дæр амондджын фесты. Хуыцау сын балæвар кодта дыууæ чызджы. Уыдон дæр сæ ныййарджытау сæ удæй арт цæгъдынц, абоны уæззау царды æнцон фæндæгтæ нæ агурынц, бырсынц æмæ архайынц цыфæнды зындзинæдтæ дæр ныссæттынмæ…

Зæрдæхæлар, фæрнджын, цæстуарзон хистæр Гаглойты Альбертæн ис йæхи фæллойадон арфæйаг цардвæндаг. Æмæ йын мах цæст дæр уарзы фидар æнæниздзинад, йе ‘ввахс адæмы, йæ зонгæты зæрдæтæ ма бирæ азты дæргъы йæ куырыхон зонд æмæ йæ рæсугъд æгъдауæй куыд рухс кæна, ахæм амонд æй уæд!

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.