Хицауады радон рабадты нæ Президент Бибылты Анатоли уæлдай хатт æрсидт Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй максималон æгъдауæй бæрнон ахаст дарой коронавирусон инфекци ма парахат кæныны уавæрмæ, æххæст кæной дохтырты рекомендацитæ æмæ райсой æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй сыл низ ма бахæца.

«Иу адæймаг дæр, кæцыйы хъæуы дохтыры æххуыс, ма хъуамæ баззайа æнæ медицинон кусджыты хъусдардæй. Куыст, кæй зæгъын æй хъæуы, зын у, фæлæ махæн нæй, цы хæстæ ныл ис, уыдоныл ма фæтых уæвыны бар», – загъта кæронбæттæны Президент.

Ацы принциптæм гæсгæ сæ куыст рацарæзтой инфекцион рынчындоны пульмонологийы хайад дæр – йæ сæргълæууæг Къæбулты Феликсы чызг Иринæ.

Æппындæр макуы мачи фæрынчын уæд æмæ дохтыры сæр макуы макæй бахъæуа, фæлæ, Хуыцау зæгъæд æмæ алы рынчын дæр бахауа Къæбулты Иринæйы хуызæн дохтыры къухмæ.

Мах хос кодтам ацы хайады æмæ лæмбынæг нæ хъус дардтам ацы медицинон кусджыты архайдмæ. Къæбулон у æрдзæй, Хуыцауæй лæвæрд дохтыр. Уæдæ йæ лæмбынæг ахаст, йæ уæзон аудæн ныхас, уæдæ йæ хъусдард.

Къæбулонæн йæ хайады кусджытæ иууылдæр сты йæхийау цæсгомджын цымæ сæ йæхицæн æвзаргæ ракодта. Алцыдæр нын уыд йæ рæстæгыл. Ницы цух уыдыстæм. Афтæ зæрдиагæй нæм зылдысты æмæ, æвæццæгæн, улæфгæ дæр никуы бакодтой. Нæ дохтыр улæфт бонты дæр нæ уæлхъус лæууыд.

Къæбулон, уæззау рынчынтæй хызт у, фæлæ дæм цы рынчынтæ бахауа, уыдонæн та дæ хостæ æмæ дæ уæздан ныфсæвæрæн ныхас æвдадзы хос цы фæуой, ахæм амонд дæ уæд!

Мах та дын нæ сæрæй ныллæг кувæм æмæ дын зæрдæ­бынæй зæгъæм бузныг! Бузныг дохтыр! Арфæйаг у!

Цыппæрæм палатæйæ:

Быценты Нугзар,

Хъуылымбегты Маир

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.