Хуссар Ирыстоны радиойыл сæххæст 85 азы

Хуссар Ирыстоны паддзахадон радиойыл ацы аз 85 азы кæй сæххæст ис, уый банысан кæныны тыххæй 3-æм июлы уагъд æрцыдис бæрæгбонон мадзал. Ардæм æрбацыдысты  нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, радиойы ивгъуыд азты къухдариуæггæнджытæ æмæ иннæ кусджытæ, нæ горæты æхсæнады минæвæрттæ: Бæрæгбонон мадзал уагъд цыд Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны залы.

Æрæмбырдуæвджыты раз бæрæгбонон зæрдæйы уагимæ раныхас кодтой РХИ-йы паддзахадон радиостанц «Ир»-ы директор Цхуырбаты Алан æмæ эфируадзæг Нинæ Кулиджанова. Уыдон, сæйраджыдæр, æрдзырдтой радиойы сырæзтыл æмæ йæ абоны куысты уавæртыл «1932 азы Хуссар Ирыстоны автономон областы арæзт æрцыд радиокомитет. Бынæттон техникты къордæн та бантыст саразын Хуссар Ирыстоны территорийыл радиоалæвæрд. Чысыл радиоалæвæрдты адæттæн аппаратурæ æвæрд æрцыдис посты бæстыхайы.

Радиоалæвæрдтæм хъуыстой куыд горæты æмæ районты центрты, афтæ дæрдтаг хъæуты цæрджытæ дæр. Бон æртæ хатты адæм хъуыстой ног ха-бæрттæм.

7-æм май та дунейы зонады æмæ техникæйы историйы нымад цæуы радиойы бонæй. Ацы бон 1895 азы Уырыссаг физикон-химикон æхсæнады рабадты уæрæсейаг физик Александр Попов докладимæ рацыд æмæ æрæмбырдуæвджытæн равдыста дунейы фыццаг цы радиоисæн æрхъуыды кодта, уый. Адæмæн фенын кодта, радио куыд кусы æмæ дзуры, уый. Уымæ гæсгæ ацы бон нымад æрцыд бастдзинады æппæт къабæзты кусджыты боныл», – дзырдтой мадзаламонджытæ.

Уыдон ма банысан кодтой сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ Хъодалаты Герсан, Козаты Исидор, Гæбулты Мелитон, Икъаты Владимир, Хъоцты Григори, Букуылты Алекси, Гугкаты Шамил, Абайты Созыр, Дзуццаты Верæ, Тедеты Авгар æмæ ноджы бирæ æндæрты хайбавæрд радиойы рæзтмæ. Уый фæстæ сценæмæ хуынд æрцыдысты радиойы ветерантæ се ‘ппæт дæр. Уыдонæн лæ-вæрд æрцыдысты радиостанцы къухдариуæгады номæй бузныджы фыстæджытæ æмæ дидинджытæ.

Зæронд кусджыты номæй йæ хъуыдытæ загъта Хъодалаты Герсан: «Æз радиойы кусын райдыдтон 1962 азы, бакуыстон дзы 3 азы бæрц. Куыстмæ мæ фæхуыдта Чилæхсаты Сослан. Æз фыццаг мæ ныфс нæ хастон, фæлæ цадæггай фæцайдагъ дæн. Фæстаг хабæрттæ кастæн Дзуццаты Верæимæ. Ног хабæрттæ уæлдай ма кастæн аивадон уацмыстæ дæр. Куыстмæ дæр мæ фæхуыдтой, институты литературон кружокы иу æмдзæвгæтæ куыд кастæн, уый сæ зæрдæмæ кæй фæцыдис, уымæ гæсгæ. Афтæ дзы фæкуыстон æртæ азы, фæлæ мын дзы уыдис чысыл мызд. Иу штат уыд дыууæ дихы, йе ‘рдæг уыд гуырдзиæгты. Махæн нæ алæвæрд гуырдзиæгтæй уыдис æртæ хатты фылдæр. Уый кæй зæгъын æй хъæуы, махмæ хъыг кастис мах уыдонæй фылдæр кæй куыстам æмæ мызд та æмхуызон кæй истам.

Иу кусæн хатæны бадтыстæм 17 адæймагæй. Кусгæ та кодтам ныртæккæйы Парламенты бæстыхайæн йæ цæгатварс. Хистæр редактор та нын уыдис Хуыбылты Никъала, редактор та Козаты Исидор, Букуылты Алекси – фæстаг хабæртты редактор, оператор – Дзигойты Вася. Æз уыцы азты кæимæ фæкуыстон, уыдонæн сæ фылдæр, кæй зæгъын æй хъæуы гас нал сты æмæ сæ куы æрæмысын, уæд мæ цæссыгтæ дæр фæкалын.

Æз ма зæгъдзынæн уый, æмæ мын æгæрыстæмæй ацы коллектив чысыл чындзæхсæв дæр скодтой. Букуылты Алыкси мын уыдис къухылхæцæг æмæ Гуккаты Шамил та – хистæр уазæг», – радзырдта йæ мысинæгты æрæмбырдуæвджытæн Хъодалаты Герсан.

Йæ мысинæгтæ ма ноджы радзырдта Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы информацион рауагъдад «Абон»-ы ныртæккæйы редактор Лохты Дзамболат. Уый дæр æрæмысыдис, куыстмæ йæ куыд айстой æмæ куыд куыст кодта, уыдон. Лохты Дзамболат ма йемæ æрбахаста, Советон Цæдисы рæстæджы адæм цахæм радиомæ хъуыстой, уый æмæ сын æй фенын кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын ацы радио нырмæ ауыгъдæй ис йæ къулыл, нымайы йæ зынаргъ дзаумайыл. «Нæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ фысджытæй бирæтæ рацыдысты радиойыл. Адæм уарзтой радио, хъуыстой йæм бон æртæ хатты, аргъ ын кодтой йæ кусджытæн дæр», – загъта ма йæ ныхасы Лохты Дзамболат.

Радиостанцы кусджытæн арфæйы ныхæстæ загъта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли:

– Арфæ кæнын радиостанцы æппæт кусджытæн дæр уæ юбилейы цытæн. Сымах цы уавæрты фæкуыстат, уымæй дæр бæрæг у, уæ куыст кæй уарзтат, уый.

Мæнæн мæ зæрдыл тынг хорз лæууы, чысылæй фæстæмæ-иу æрвылрайсом дæр Советон гимнмæ хъусгæйæ куыд райхъал дæн, уый. Нæ мæ рох кæны зарæг «Нана Иналы дзæбæх фæнайы», тынг хорз хъуыды кæнын Куымæридтаты Донарайы, уæздан хъæлæсæй ног хабæрттæ куыд касти, уый. Ныртæккæйы радиойы коллективы дæр кусы фæлтæрд æмæ курдиатджын кадртæ. Бæргæ хорз уаид, цæмæй абон дæр алы хæдзары хъуыса радиойæ ныхас, куыд æй зонæм, афтæмæй адæм ныртæккæ фылдæр хабæрттæм фехъусынц фæндагыл.

Куыд æй федтам абон, уымæ гæсгæ радиойы ныры коллектив дæр уарзынц сæ куыст, аргъ кæнынц сæ ветерантæн. Сæ бæрæгбонмæ сæ кæй æрбахуыдтой æмæ рæсугъд æмæ цымыдисон мадзал кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй сын зæгъын стыр бузныг.

Мæн ма бафæнддзæнис, цæмæй стыр Хуыцауæй арфæгонд уат æмæ уæ сомбоны куысты ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ цы схизат, уый амонд уæ уæд!

Нæ республикæйы къухдариуæггæнæг ма радиостанц «Ир»-ы коллективæн загъта, зæгъгæ, уын уæ юбилеймæ лæвары хуызы аппаратурæйæ кæй сифтонг кæндзæн, цæмæй дæрддаг хъæуты дæр нæ паддзахадон радиомæ хъусыны фадат уа.

Йæ арфæйы ныхæстæ ма радиойы коллективæн загъта Паддзахадон телеуынынады директор Зæгъойты Радæ:

– Нæ паддзахадон радио тынг мидисджын фæндагыл рацыдис. 1932 азы йын цы бындур æвæрд онг æрцыд, уый радиойы  кусджыты цалдæр фæлтæр стыр кад æмæ цытимæ абоны фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрдтой.

Абон æз зæрдæбынæй арфæ кæнын куыд радиойы раздæры кусджытæн, афтæ ныртæккæйы коллективæн дæр. Ахæм амонд уæд нæ радиойы æмæ ветерантæ бындур цы хорз хъуыддæгтæн æмæ традицитæн æрæвæрдтой, уыдон абоны кусджытæ æнтыстджынæй цы адарддæр кæной.

Мæн та бафæнддзæнис, цæмæй нæ радиойæ фылдæр хъуыса ирон дзырд, ирон зарæг, афтæ ма парахат кæна ирондзинад».

Бæрæгбонон изæры ма раныхас кодтой радиостанц «Нæ уылæн» æмæ «Айзæлд»-ы директортæ Коцты Руслан æмæ Гасситы Динæ. Уыдон ма æрдзырдтой сæ куысты фæдыл дæр.

Паддзахадон радиойы эфирамонджытæ Гуыцмæзты Иннæ, Габайты Залинæ, Дыгъуызты Сабинæ, Гасситы Аннæ та æрдзырдтой сæ цымыдисон алæвæрдты æмæ рубрикæты тыххæй.

Бæрæгбоны цытæн радиостанцы цалдæр техникон кусæджы хорзæхджын æрцыдысты æхцайы премитæй.

Радиойы коллективæн сæ бæрæгбоны цытæн музыкалон номыртæ балæвар кодтой зынгæ зарæггæнджытæ Харебаты Вадим, Тасойты Игорь, Гуыцмæзты Георги, Куыдзеты Игорь, Сланты Ацæмæз æмæ «Стъалыты ферттывд»-ы хайадисджытæ.

Газет «Хурзæрин»-ы коллектив дæр зæрдæбын арфæ кæны радиостанц «Ир»-ы коллективæн. Стыр æнтыстытæ сын уæд сæ фидæны архайды æмæ кæддæриддæр фарны хабæрттæ хъусын кæнæд Ирыстоны адæмæн!

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.