2019 азы 21 марты Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знаур РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы номæй арфæйы ныхæстимæ ралæууыд æхсæнадæмон конференци «Крым в современной геополитике – 5 лет Крымской весне»-йы.

Конференцийы, кæцы уагъд æрцыд УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, хайад райстой Паддзахадон Думæйы депутаттæ æмæ УФ-йы Федералон æмбырды Федерацийы Советы уæнгтæ, Паддзахадон Советы æмæ Республикæ Хъырымы Министрты советы минæвæрттæ, дипломатон мисситы сæргълæуджытæ.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номæй Гасситы Знауыр раарфæ кодта конференцийы хайадисджытæн ахæм нысаниуæгджын бон  Хъырым æмæ Севастополь Уæрæсеимæ баиу кæныныл фондз азы сæххæсты цытæн.

«Фондз азы размæ цы хабæрттæ æрцыдысты, уыдон æркодтой æрмæст патриотизм сытынг кæнынмæ нæ, фæлæ ма æппæт дунейæн фенын кодтой Уæрæсейы стырдзинад æмæ уырыссаг удысконды тых æмæ, зындзинæдтæн æмæ ныгуылæн бæстæты фарсæрдыгæй ныхмæархайдмæ нæ кæсгæйæ, дунеон æхсæнадон хъуыды тынгæй-тынгдæр хæцы фылдæр бæрцæй разы у хъырый-мæгты равзæрсты растдзинады æвварс.

Уæрæсе йæ адæмы кæй никуы уадзы, уый Хуссар Ирыстон банкъардта йæхиуыл 20 азы дæргъы сæрибардзинады сæрыл тох кæныны райдианæй фæстæмæ, æмæ 2008 азы августы дæр Уæрæсе равдыста, агрессион национализмæн бынат кæй ма хъуамæ уа нырыккон дунейы», – загъта хуссарирыстойнаг миссийы сæргълæууæг.

Гасситы Знауыр куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон цæттæ у æппæтварсонæй Хъырымимæ бастдзинæдтæ аразынмæ, кæцытæн ис рæзты позитивон динамикæ, ууыл дзурæг сты дыууæварсон барадон документты бындурыл алыгъуызон æмвæзадтыл регулярон бастдзинадтæ æмæ хæстæ.

УФ-йы Президенты цур Республикæ Хъырымы Æдзухон минæвар Георгий Мурадов Хъырымы Сæргълæууæг Сергей Аксеновы номæй Гасситы Знауырмæ радта РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн хонæн гæххæтт V юбилейон Ялтайаг дунеон экономикон форуммæ, кæцы уагъд цæудзæн Хъырымы 17-20 апрелы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.