Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы арфæ Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны сæраппонд

 

Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут мæ иууыл зæрдиагдæр æмæ хуыздæр арфæтæ Сабиты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн!

Сабитæ сты, нæ царды зынаргъдæр цы ис, уый. Æмæ ацы бæрæгбон махæн нæ зæрдыл лæууын кæны, сæ бартæ сын тыхмийæ хахъхъæныны æнæмæнгдзинад. Уымæн æмæ махæй аразгæ у уыдоны фидæн, æмæ уый та хъуамæ уа, куыд æмбæлы, ахæм. Сывæллæттæ се ‘ппæтдæр хъуамæ рæзой амондджынæй, райсой хорз ахуырдзинад, архайой сæ уарзон хъуыддагыл æмæ фидæны суой хорз ныййарджытæ æмæ нæ бæстæйы æмбæстæгтæ.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ ацы сæрдыгон бæрæгбон мæн фæнды зæгъын, бирæсывæллонджын бинонтæн, æппæт ныййарджытæн æмæ не ‘мбæстæгтæй сæ зæрдæты хъармæй, фыды уарзондзинадæй æмæ аудындзинадæй кæнгæ сывæллæтты чи батавта, уыдонæн. Нæ адæм кæддæриддæр аргъ кодтой, рагбонтæй фæстæмæ йæ сывæллæтты ахуырыл, куыстыл, æввахс адæммæ хъус дарыныл, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн аргъ кæныныл чи цайдагъ кæны, уыдонæн. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бузныджы ныхæстæ зæгъæм нæ нанатæ æмæ дадатæн. Уыдон активон хайад исынц сæ цоты цоты хъомылады, хъусдардæй сæ цух нæ уадзынц.

Амондджын ут, мæ зынæргътæ, фидар æнæниздзинад, фарн æмæ хæрзиуджытæй хайджын! Уадз æмæ уæ хæдзæртты кæддæриддæр паддзахиуæг кæна æмбарындзинад æмæ нæ фæрнджын зæххыл уæ сабибонтæ уой цинæйдзаг æмæ æвæлмас!

 

Пухаты Эрикы арфæ Сабиты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ!

Арфæ уын кæнын æппæты ирддæр æмæ цинæйдзагдæр сæрдыгон бæрæгбон – Сабиты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн!

Ацы хæрзиуæгджын æмæ рухс бæрæгбон махæн, хъомыл адæмæн, нæ зæрдыл лæууын кæны, не ‘нахъом фæлтæры тыххæй цы бæрндзинад хæссæм, уый. Мах хæсджын стæм, цæмæй саразæм æппæтдæр, цæмæй нæ сабитæ рæзой уарзондзинады, аудындзинады æмæ æмбарындзинады уавæрты, цæмæй уыдонæн уа размæ цæуыны, уавæртæ, цæмæй уыдон суой бæрнæнкъарæг, ахуыр, рæстаг гоймæгтæ.

Уымæ гæсгæ, бинонтæ æмæ сабитæн ахъаз кæныны, гъæдджын æмæ къухы æфтгæ ахуыры æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстытæ, кæддæриддæр сты республикæйы хицауады ахсджиагдæр хæстæ.

Мах сæрыстыр стæм, нæ республикæйы кæй цæры бирæ курдиатджын æмæ куыст-уарзаг, размæ тырнæг сабитæ, Хуссар Ирыстонæн алыгъуызон ерысты, фестивалты æмæ олимпиадæты ном чи кæны, уыдон.

Фидарæй мæ уырны, фидæны нæ сабиты æнтыстытæ кæй рахиздзысты стыр хорз хъуыддæгтæм æмæ кæй скад кæндзысты нæ республикæйæн.

Ацы диссаджы бон мæ цæст уарзы Хуссар Ирыстоны æрыгон цæрджытæн фидар æнæ-низдзинад, цæмæй сæ сæрдыгон улæфт уа цымыдисон, цæмæй цух ма уой зæрдылдарæн цаутæ, ног зонындзинæдтæ æмæ тæлмæнтæй.

Амонд, циндзинад æмæ фарнæй хайджын ут сымах æмæ уæ ныййарджытæ дæр!

 

 

Мамиты Иналы арфæ Сабиты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн

Цытджын æмбæстæгтæ!

Зынаргъ æмбæлттæ!

Сабитæ сты нæ Республикæйы сæйраг хъæздыгад, йæ фидæн. Мах æмбарæм, цæйбæрц бæрн æвæрд ныл ис  сабитæн хорз уавæртæ саразыны æмæ сын амондджын сабидуг сифтонг кæныны сæраппонд. Растдæр махæй, хистæртæй аразгæ у, цавæр уыдзысты нæ сабитæ райсом. Сабитæн цард раттæг, æхсæвæй бонæй сын сæ æгæрон уарзаг зæрдæйы хъарм лæваргæнæг, уыдоны алыварсон хæрзиуæгыл аудæг ныййарджытимæ иумæ, рæзгæ фæлтæры царды стыр нысаниуæг ис ахуырадон уагдæттæн. Растдæр уым æвæрдæуы, сæ хъомыл цардмæ æнтысгæйæ кæуыл хъуамæ ацæуой, уыцы фæндаджы райдиан, рагацау сын сæ фидæны уæлахизтæ æмæ æнтыстыты бындур æвæргæйæ. Тынг ахсджиаг у, цæмæй нæ сабитæ рæзой аккагæй, суой æмбæстагон бæрндзинадæй хайджын адæймæгтæ, нæ националон монон традицитæн аргъ чи кæны, райгуырæн бæстæйы ахæм патриоттæ.

Æнæмæнг хъæуы сæрмагонд хъусдард здахын сидзæр сывæллæттæм, сæ ныййар-джыты æркастæй æнæхай чи у, æппæт уыдонмæ, алыгъуызон зын уавæрты сын æххуыс кæнын. Тынг ахсджиаг у, цæмæй активонæй æххæст цæуой сабитæн алыварсон рæзты æмæ æххуысы программæтæ.

Æппæт зæрдæйæ нæ сабитæн мæ цæст уарзы æнæниздзинад, амонд æмæ сабыр цард.

Уадз æмæ сабиты цæсгæмттæ кæддæриддæр рухс уой сæ мидбылхудт æмæ циндзи-надæй!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.