Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы арфæ Фæсивæды боны цытæн

Зынаргъ хæлæрттæ!

Æппæт зæрдæйæ арфæ кæнын сымахæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты æрыгон фæлтæрæн Фæсивæды боны цытæн. Уый æнæхъуаджы нæу нымад Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонтæ æмæ зæрдылдарæн бонзонæны иууыл нысаниуæгджындæр бонтæй сæ иуыл.

Символикон у уый, æмæ ацы нысаниуæгджын бон нæ республикæйы нысангонд цæуы 27 июны Уæрæсейы Фæсивæды бонимæ иумæ, æмæ уый та у нæ бæстæты æфсымæрон адæмты æнæфехæлгæ æфсымæрдзинад  æвдисæн. Хъысмæты фæндæй, Хуссар Ирыстоны фæсивæды раздæры фæлтæры бахъуыд æд хæцæнгæрзтæ сæ фыдæлты зæхх хъахъхъæныны сæр. Фидарæй мæ уырны, сымах æдзухдæр уæ зæрдыл кæй дарут, нæ уарзон Фыдыбæстæйы сæрибар æмæ хæдбардзинад йæ уды аргъæй чи хъахъхъæдта, уæ уыцы æмгæртты. Фыдыбæстæйы æрыгон хъахъхъæнджыты нæмттæ сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны хъайтарон историйы.

Нæ намысджын æмæ сæрибаруарз фæсивæд абон скъуыддзаг кæнынц æндæргъуызон хæстæ, сымахыл баст у Республикæ Хуссар Ирыстоны фидæн, æмæ сымах ныридæгæн æнтысгæйæ хайад исут не ‘хсæнады разылæууæг политикон æмæ социалон-экономикон хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Нæ адæм сæрыстыр сты материалон кондады, зонады, культурæйы, аивады, спорты, æфсæддон æмæ паддзахадон службæйы уæ къухты цы    æнтыстытæ æфты, уыдонæй. Сымах стут нæ уды змæлд, нæ цардаразæг тых æмæ æрхуынд стут нæ бæстæйы размæцыд æмæ дарддæры æнтыстытæ сцæрæццаг кæнынмæ.

Фидарæй мæ уырны, уæ хъару цардаразæн къабазмæ куы аздахат, уæд уæ къухы бафтдзæн æппæты æгæнондæр, паддзахадон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хæстæ сæххæст кæнын. Фæлварут, ут ныфсхаст! Республикæйы къухдариуæгад кæддæриддæр сымахæн уыдзæн æххуысмæ æмæ зонд амонынмæ цæттæ. Мах Фæсивæдон политикæ нымайæм нæ куысты ахсджиагдæр фæдыздæхтыл æмæ уымæн йæ барадон бындур у «РХИ-йы Фæсивæдон политикæйы закъон». Нæ чызджыты æмæ лæппуты хъуагдзинæдтæ æмæ домæнтыл аудыны хъуыддаг Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауады, алы æмвæзадыл дæр ис сæ хъусдарды бын.

Фарн, амонд æмæ æнтыстытæй хайджын ут!

Фыдыбæстæйы сæраппонд цы хъарутæ бахардз кæнат, уыдон уæм сæдæ хатты фылдæрæй раздæхæнт!

 

 

 

***

Зынаргъ æмбæлттæ!

Хицауады æмæ мæхи номæй уын арфæ кæнын зæрдæйы ныфс æмæ æвзонгады бæрæгбоны цытæн!

Æрыгон æмæ активон уай, уый нысан кæны, цæмæй дæ зæрдæ гом уа æппæт ног цы у, уымæн, тырнай зонындзинæдтæм æмæ æдзухдæр уай сфæлдыстадон агурæнты.

Махæн нæ бон у æмæ сæрыстыр уæм нæ фæсивæдæй. Уыдон активон хайад исынц нæ республикæйы æхсæнадон царды, æвдисынц хорз фæстиу-джытæ ахуыры, ныфсджынæй уæлахиз кæнынц, дунеон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм нысаниуæгджын ерысты, фестивальты, конкурсты.

Дызæрдыг нæ кæнын, дарддæр дæр сымах кад кæй кæндзыстут нæ Фыдыбæстæйæн фæсарæнты дæр. Уыимæ иумæ, ме ‘рыгон хæлæрттæ, сымахыл æвæрдæуы стыр бæрндзинад нæ фыдæлты æгъ-дæуттæ, истори, культурæ бахъахъхъæныны сæраппонд. Уымæн æмæ растдæр сымахыл баст у нæ сомбон æмæ сымахмæ хауы нæ бæстæйы дарддæры рæзты фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаг.

Мæ цæст уын уарзы, цæмæй тырнат уæ бæллицмæ, ма уæ басæттой зындзинæдтæ, уат фæразон æмæ размæ тырнæг! Æнæиздзинад, амонд, æнтыстытæ æмæ æфтиæгтæй хайджын ут уæ алы хорз æмæ пайдаджын аразинæгты!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

 

***

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиаг арфæтæ уын кæнын æвзонгад, рæсугъддзинад æмæ циндзинады бæрæгбон –  Фæсивæды боны цытæн!

Алы адæймаг дæр уæлдай ирд æнъкарæнтимæ æрымысы йе ‘взонгад. Æвзонджы бонтæ сты хъысмæты диссаджы лæвар. Уый у агурæнты æмæ æргомдзинæдты дуг, адæймаг йæ царды фæндаг агурын куы райдайы, æппæты ныфсджындæр къахдзæфтæ куы акæны æмæ æгæнон бæллицтæ йæ зæрдæйы куы райгуыры. Сымах активон æмбæстагон позици æмæ принципиалондзинадæй, цас хъæппæрисджын, ахуыргонд æмæ бæрн æнкъарæг стут, ууыл баст у нæ республикæйы социалон-экономикон æмæ политикон размæцыд, нæ адæмы æгъдæуттæ, традицитæ æмæ культурæ куыд хъахъхъæд æрцæудзысты, уый. Æрыгон фæлтæры фидæныл аудын – уый у бæстæйы социалон политикæйы сæйраг фæдыздæхт, куыст цæуы ахуырадон процесс фæхуыздæр кæныныл, республикæйы фæсивæдон политикæйы тыххæй закъæттæ фæхуыздæр кæныныл.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ноджыдæр уын  арфæ кæнын уæ диссаджы бæрæгбоны цытæн. Мæ цæст уарзы нæ чызджытæ æмæ лæппутæн амонд æмæ æнæниз-дзинад, удыхъару æмæ зæрдæйы ныфс, уарзт æмæ хæлардзинад, цæмæй сæххæст уой уæ иууыл стырдæр бæллицтæ æмæ фæндтæ.

 

Республикæ Хуссар  Ирыстоны  Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.