РЕСПУБЛИКÆ АБХАЗЫ ПРЕЗИДЕНТ РАУЛЬ ХАДЖИМБАЙÆН

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады, йæ адæмы æмæ мæхи номæй дæуæн æмæ æппæт Абхазы адæмæн æрвитын иууыл зæрдиагдæр æмæ хуыздæр арфæтæ нысаниуæгджын бæрæгбон – Уæлахизы боны цытæн.

1993-æм азы 30-æм сентябрь у, тугкалæн хæсты йæ бирæнымæц номдзыд фырттæ æмæ чызджыты царды аргъæй йæ райгуырæн зæхх знагæй чи ссæрибар кодта, йæ сæрибар æмæ сабыр царды, аккаг æмæ рухс фидæны бар чи бахъахъхъæдта, Абхазы уыцы адæмы хъæбатырдзинад, фидардзинад æмæ иудзинады æвдисæн.

Абон хæдбар Абхазы Республикæ аккагæй цæуы паддзахадон арæзтады, социалон-экономикон рæзты фæндагыл æмæ ныфсджынæй кæсы йæ фидæнмæ.

Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æфсымæрон адæмтæ баст сты бирææнусон хæ-лардзинад æмæ сæ историон хъысмæты æнгæсдзинадæй. Фидарæй мæ уырны, абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг адæмты æхсæн рагон хъарм ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты нæ республикæты хæрзиуæгæн.

Ацы бæрæгбоны дæуæн, цытджын Рауль Джумкы фырт, æмæ æфсымæрон Апсныйы æппæт адæмæн мæ цæст уарзы сабыр цард, хæрзиуджытæ æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

РЕСПУБЛИКÆ АБХАЗЫ АДÆМОН ÆМБЫРДЫ – ПАРЛАМЕНТЫ СÆРДАР ВАЛЕРИ КВАРЧИЯЙÆН

Цытджын Валери Еремейы фырт!

Стыр цытимæ Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддахад Аланийы Парламенты æмæ мæхи номæй дæуæн æмæ Абхазы æппæт адæмæн зæрдиаг арфæ кæнын уæ паддзахадон æппæтадæмон бæрæгбон – Хæдбардзинады боны цытæн. 30-æм сентябрь абхазаг адæмы историйы у ахсджиаг бон æмæ йемæ æрхаста 1992-1993 азты Абхазаг Фыдыбæстæйон хæсты адæмы национ-сæрибаргæнæн тохы кæрон. Уæлахизы бон зынаргъ у уæ республикæйы алкæцы цæрæгæн дæр, уымæн æмæ йыл бафыстæуыд æгæрон стыр аргъ. Хæсты судзгæ артыл рахизгæйæ, аккагæй æппæт фыдæвзарæнтæн дæр бафæразгæйæ, Абхазы адæм абон, паддзахадон арæзта-ды гуырахстджын хæстæ æххæст кæнгæйæ, ныфсджынæй кæсынц сæ фидæнмæ.

Зæрдæбынæй дын, цытджын Валери Еремейы фырт, мæ цæст уарзы æнæниздзинад, хæрзиуджытæ, æвидийгæ хъарутæ æмæ ног æнтыстытæ уæ куысты, æппæт абхазаг адæмæн та – фарн æмæ дидинæфтыд!

Республикæ Хуссар Ирыстон  Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.